Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Нӕ хӕстӕй куыд фервӕзӕм?
Яннис a: «Грецийы экономикон кризис куы райдыдта, уӕд мӕ фирмӕйы куыст ныллӕууыд, ӕмӕ нӕ бон нӕ хӕстӕ фидын нал уыд. Афтӕ тынг маст кодтон, ӕмӕ ӕхсӕв фынӕй нал кодтон».
Катеринӕ: «Нӕ хӕдзар тынг уарзтам, куы йӕ арӕзтам, уӕд архайдтам, цӕмӕй дзы алы къуым дӕр рӕсугъд уыдаид. Ӕмӕ-иу куы ахъуыды кодтон, ныр нӕ нӕ хӕдзарӕй сыстын бахъӕудзӕн, уӕд-иу мӕ сӕрра кӕнынмӕ бир ӕ нал хъуыд. Нӕ хӕстӕ куыд бафиддзыстӕм, ууыл-иу Яннисимӕ куы ныхас кодтам, уӕд-иу бирӕ хатт нӕ ныхас хылмӕ асайдта».
ЛӔГ ӕмӕ ус хӕстӕ куы фӕдарынц, уӕд арӕх кӕрӕдзи ныхмӕ свӕййынц ӕмӕ суанг хицӕн дӕр авӕййынц. Иу иртасӕг, Джеффри Дью, загъта, зӕгъгӕ, хӕстӕ кӕмӕн вӕййы, ахӕм ус ӕмӕ лӕг къаддӕр рӕстӕг фервитынц иумӕ, арӕх фӕхыл вӕййынц, стӕй афтӕ амондджын нӕ вӕййынц. Ӕхца кӕнӕ хӕсты тыххӕй цы хылтӕ рауайы, уыдон иннӕ хылтимӕ абаргӕйӕ фылдӕр рӕстӕг ахӕссынц, арӕхдӕр дзы вӕййы хъӕртӕ ӕмӕ над, стӕй ма ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр кӕрӕдзийы цӕстмӕ дарын райдайынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, лӕг ӕмӕ ус бирӕ хатт ӕхцайы тыххӕй кӕй ахицӕн вӕййынц.
Адӕймаг стыр хӕстӕ куы фӕдары, уӕд ӕм фӕзыны алыхуызон низтӕ дӕр, зӕгъӕм, нал фӕфынӕй кӕны, йӕ сӕр, йӕ ахсӕн, йӕ зӕрдӕ риссын райдайынц, фӕзыны йӕм депресси. Иу сылгоймаг, Мартӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ сӕрыхицау Луис нӕ хӕсты тыххӕй афтӕ тынг мӕт кодта, ӕмӕ йӕ бон ницыуал уыд, бон изӕрмӕ кодта фынӕй. Ӕдзух мӕ ныфс кӕуыл дардтон, уыцы адӕймаг ӕнахъом сывӕллонӕй уӕлдай нал уыд». Иуӕй-иутӕ сӕхимӕ бынтондӕр нал ӕрцӕуынц. Зӕгъӕм, иухатт «Би-би-си-ньюс» фехъусын кодта, хуссар-скӕсӕн Индийы иу сылгоймаг йӕхи кӕй амардта, йӕ хӕс йӕ бон афоныл бафидын кӕй нӕ баци, уый тыххӕй. Хӕс та райста 840 доллӕры ӕмӕ йӕ хъуыдысты йӕ сывӕллӕтты сдзӕбӕх кӕнынӕн.
Мыййаг сымах дӕр хӕс дарут? Ӕркӕсӕм-ма, иуӕй-иу бинонтӕ хӕсты тыххӕй цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уымӕ.
1. Кӕрӕдзи фӕаххосджын кӕнӕм.
Лукӕш загъта: «Мӕ бинойнаджы ӕдзух ӕфхӕрдтон, фӕстауӕрц кӕнын ӕппындӕр нӕ зоныс, зӕгъгӕ. Уый та-иу мыл бустӕ кодта, хорз куыст дын куы уаид, уӕд нын ӕхца фаг кӕнид, зӕгъгӕ». Цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй хӕсты аххосӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ ма адард уой?
Цы ис саразӕн? Иумӕ архайут.
Хӕстӕ уыл кӕй ис, уый кӕд дӕу аххос нӕу, уӕддӕр дӕ цардӕмбалыл дӕ пырх куы калай, уӕд уӕ уавӕр нӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ахӕм уавӕры уын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, Ефесӕгтӕм 4:31 стихы цы уынаффӕ ис, уый: «Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый».
Кӕрӕдзиимӕ ма тох кӕнут, фӕлӕ уӕ хӕстӕ бафидыныл архайут. Стефанос, йӕ бинойнагимӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй загъта: «Цӕмӕй нӕ хӕстӕ бафыстаиккам, уый тыххӕй нӕ тыхтӕ баиу кодтам». Ахӕм уавӕры уый ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй Ӕмбисӕндты 13:10 стихы фыст ис: «Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ... ис зонд». Уӕ хӕсты тыххӕй ӕргом аныхас кӕнут ӕмӕ стӕй иумӕ архайут.
Сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у ахӕм уавӕры сӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнын. Эдгардо, Аргентинӕйӕ, афтӕ зӕгъы: «Мӕ кӕстӕр фырт мын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ног велосипед балхӕдтаиккам, фӕлӕ йын бамбарын кодтам, ныртӕккӕ йын цӕуылнӕ ӕлхӕнӕм, уый. Ног велосипед ӕлхӕныны бӕсты йын мӕ фыды зӕронд велосипед радтон. Йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ дзы хизгӕ дӕр нал кодта. Бамбӕрстон ӕй, куыд хорз у, бинонтӕ иумӕ куы архайой, уый».
УЫНАФФӔ. Рӕстӕг ссарут, цӕмӕй ӕргом ӕмӕ сабырӕй уӕ хӕсты тыххӕй аныхас кӕнат. Уӕ рӕдыдтытыл-иу басӕттут. Раздӕры хабӕрттӕ мысыны бӕсты ахъуыды кӕнут, цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайдзыстут, цӕмӕй ахӕм уавӕры макуыуал бахауат (Псалом 37:21; Лукайы 12:15).
2. Афтӕ нӕм кӕсы, ӕмӕ нӕ хӕстӕй никуы фервӕздзыстӕм.
Иу нӕлгоймаг Аргентинӕйӕ, Энрике, зӕгъгӕ, радзырдта: «Цӕмӕй мӕ фирмӕйы куыст ма ныллӕууыдаид, уый тыххӕй цы бирӕ хӕстӕ скодтон, уыдон мын экономикон кризисы рӕстӕг ноджы фылдӕр фесты. Стӕй та мӕ ус фӕрынчын ӕмӕ йын операци кӕнын бахъуыд. Бындз хӕлуарӕджы тыны куыд бахауы, ӕмӕ йӕ бон фервӕзын куыд нал вӕййы, раст афтӕ мӕнӕн та мӕ хӕстӕй мӕ бон нал уыд фервӕзын». Бразилийы цӕрӕг нӕлгоймаг Робертойӕн цавӕрдӕр дызӕрдыггаг куысты аххосӕй йе ’хца иууылдӕр фесӕфтысты, стӕй ма 12 банкӕй дӕр хӕсджын фӕци. Роберто загъта: «Ме ’мбӕлттӕм комкоммӕ бакӕсын мӕ цӕсгом нал хъӕцыд. Мӕхимӕ ахӕм ницӕйаг кастӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй».
Цы у дӕ бон бакӕнын, дӕ хӕсты тыххӕй дӕ ныфс куы асӕтта, дӕхимӕ исты азым куы хӕссай ӕмӕ иннӕтӕй куы ’фсӕрмы кӕнай, уӕд?
Цы ис саразӕн? Уе ’хца хардз кӕнын зонут b.
1. Цас бакусут ӕмӕ цас бахардз кӕнут, уый банымайут. Дыууӕ къуырийы дӕргъы – кӕд хуыздӕр уыдзӕн, уӕд та иу мӕйы дӕргъы – фыссут, цас ӕхца бакусут ӕмӕ цас бахардз кӕнут, уый. Кӕд уӕм ӕхца ӕдзух не ’фты, стӕй хӕрдзтӕ дӕр алы бон нӕ кӕнут, уӕд та уын сӕ, ӕвӕццӕгӕн, фылдӕр рӕстӕг бахъӕудзӕн фыссын. Уӕ хӕрдзтӕм ма ноджыдӕр бафтаут, налогтыл, страховкӕйыл ӕмӕ уӕ алы мӕй ӕлхӕнын цы нӕ фӕхъӕуы, уыдӕттыл уын, зӕгъӕм, дзаумӕттыл, чи ацӕуы, уыцы ӕхца, ӕмӕ стӕй банымайут, алы мӕй дӕр цас ӕхца бахардз кӕнут, уый.
2. Бацархайут, цӕмӕй фылдӕр ӕхца кусат. Сменӕгай куысты ракурӕн вӕййы уӕлдай кусӕн бонтӕ, акусӕн ма вӕййы, афӕдз цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ кӕм нӕ фӕхъӕуы кусджытӕ, ахӕм куысты, кусӕн ма ис репетиторӕй, кӕнӕ та ис уӕй кӕнӕн, зӕгъӕм, металлолом, ӕвгтӕ, гӕххӕтт кӕнӕ ӕндӕр исты. Кӕд дӕхи аирхӕфсынӕн къухӕй истытӕ фӕаразыс, уӕд сӕ уӕй кӕнын райдай, ӕмӕ-иу афтӕмӕй дӕр иу гыццыл ӕхца бакусдзынӕ. Къӕрцхъус ут: уӕ куыст афтӕ пълан кӕнут, цӕмӕй уӕ ма хъыгдара, царды уын ахсджиагдӕр чи сты, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнын, зӕгъӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ.
3. Дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕнут. Дзаума-иу балхӕнут, ӕцӕгдӕр уӕ куы хъӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд, асламдӕрӕй ӕй кӕй уӕй кӕнынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Энрике загъта: «Адӕймаг исты балхӕныныл куы нӕ тагъд кӕна, уӕд уый хорз у, уымӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй рӕстӕг вӕййы ахъуыды кӕнынӕн, уыцы дзаума дӕ ӕцӕгдӕр хъӕуы, ӕви дӕ ӕнӕуи фӕнды йӕ балхӕнын». Дӕлдӕр ис цалдӕр хорз уынаффӕйы.
-
Хӕдзар. Зӕгъӕм, уӕ бон у, налогтыл уын къаддӕр ӕхца кӕм цӕудзӕн, ахӕм хӕдзар бацагурын. Рухс, дон ӕмӕ газ къаддӕр хардз кӕнут.
-
Хӕринаг. Кафетӕм ӕмӕ ресторантӕм цӕуыны бӕсты-иу хӕдзарӕй уемӕ хӕринаг ахӕссут. Исты уӕ куы хъӕуа, уӕд-иу ӕй ӕлхӕнут, асламдӕрӕй йӕ кӕм ис балхӕнӕн, ахӕм рӕтты. Иу сылгоймаг Бразилийӕ, Жоелмӕ, загъта: «Цӕмӕй къаддӕр ӕхца хардз кӕнон, уый тыххӕй дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ фелхӕнын изӕрӕрдӕм, базар сӕхгӕнынмӕ бирӕ куы нал фӕхъӕуы, уӕд».
-
Транспорт. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд, билет асламдӕр кӕм у, ахӕм транспортыл цӕут, иу мӕйы дӕргъы транспорты цӕуӕн кӕмӕй ис, ахӕм билет балхӕнут, дард искуыдӕм куы нӕ цӕуат, уӕд та фистӕгӕй цӕут.
Дзӕгъӕл хӕрдзтӕ куы нӕ кӕнат, уӕд-иу уӕм цы ӕхца баззайа, уыдон уӕ бон уыдзӕн хъӕугӕ истӕуылты бахардз кӕнын.
4. Уӕ кредитты гӕххӕттытӕм ӕркӕсут ӕмӕ архайын райдайут. Фыццаг, ӕркӕсут, алы кредитӕн дӕр йӕ процент цас у ӕмӕ алы мӕй дӕр цас хъуамӕ фидат, уымӕ. Фенут, мыййаг уын, афоныл кӕй нӕ бафыстат, ахӕм фидинӕгтӕ ис. Лӕмбынӕг ӕркӕсут уӕ ссудӕты кӕнӕ уӕ кредитты гӕххӕттытӕм, уымӕн ӕмӕ, кредит чи фӕдӕтты, уыдон арӕх сайгӕ фӕкӕнынц. Зӕгъӕм, кредиттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ чи фӕдӕтты, иу ахӕм америкаг фирмӕ дзырдта, гӕххӕттытӕ аразынӕн 24 процентӕй фылдӕр кӕй нӕ исдзысты, афтӕмӕй та истой 400 проценты.
Дыккаг, аскъуыддзаг кӕнут, фыццаг кӕцы хӕстӕ бафиддзыстут, уый. Зӕгъӕм, фыццаг бафидӕн ис, йӕ проценттӕ ӕппӕты стырдӕр кӕмӕн сты, уыцы кредит. Кӕнӕ та уал бафидӕн вӕййы гыццыл хӕстӕ. Уӕд уӕм мӕйы кӕрон къаддӕр квитанцитӕ цӕудзӕн ӕмӕ уӕм уӕд афтӕ нал кӕсдзӕн, цыма, схизӕн кӕмӕй нӕй, ахӕм арф дзыхъхъы стут. Кӕд кредит стыр проценттимӕ райстат, уӕд, чи зоны, сфӕнд кӕнат, йӕ проценттӕ къаддӕр кӕмӕн сты, ахӕм кредит райсын ӕмӕ уӕ раздӕры кредит уыцы ӕхцайӕ бафидын.
Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, кӕд, кредит кӕмӕй райстат, уыимӕ куыд баныхас кодтат, афтӕ йын уӕ бон йе ’хца бафидын нӕу, уӕд ногӕй йемӕ аныхас кӕнут. Чи зоны, сразы уа иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕсын кӕнӕ уын уӕ процент фӕкъаддӕр кӕнын. Кредит чи фӕдӕтты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ адӕймагӕн йӕ хӕсӕн кӕцыдӕр хай нал бафидын кӕнынц, иннӕ ӕхца сын уыцы иу фыст куы бакӕны, уӕд. Уӕ уавӕр куыд у, уый сын уӕзданӕй бамбарын кӕнут ӕмӕ сӕ мацы басусӕг кӕнут (Колоссӕгтӕм 4:6; Дзуттӕгтӕм 13:18). Цӕуыл баныхас кодтат, уый фӕдыл-иу гӕххӕттытӕ скӕнут. Куы нӕ уын сразы уой, уӕддӕр-иу уӕ къухтӕ ма ӕруадзут ӕмӕ-иу сын ногӕй балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй уын уӕ кредит ӕндӕрхуызон бафидынӕн бар раттой (Ӕмбисӕндтӕ 6:1–5).
Рох кӕнын нӕ хъӕуы, алцы мах куыд фӕфӕнды, афтӕ кӕй нӕ рауайы. Цыфӕнды хорз пълӕнттӕ дӕр хатт цӕйдӕрты аххосӕй фехӕлынц, уымӕн ӕмӕ ӕхца арӕх «йӕхицӕн цӕргӕсы базыртӕ акӕны ӕмӕ арвы бӕрзӕндмӕ атӕхы» (Ӕмбисӕндтӕ 23:4, 5).
УЫНАФФӔ. Цӕуыл уын цас ӕхца ацӕуы, уый куы банымайат, уӕд аныхас кӕнут, уӕ бинонтӕй
алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй къаддӕр ӕхца хардз кӕнат ӕмӕ фылдӕр ӕхца кусат. Алчидӕр уӕ йӕхи цӕмӕйдӕр фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ куы уа, уӕд уын ӕнцондӕр уыдзӕн уӕ хӕстӕ бафидын.3. Нӕ хӕсты йеддӕмӕ ницӕуылуал хъуыды кӕнӕм.
Нӕ хӕстӕ куыд бафидӕм, нӕ хъуыдытӕ ӕдзух ууыл куы уой, уӕд нӕ нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ айрох уыдзысты. Иу нӕлгоймаг, Георгиос, зӕгъгӕ, загъта: «Нӕ бӕллӕх уый уыд, ӕмӕ нӕ нӕ хӕсты йеддӕмӕ ницыуал мӕт уыди. Ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ та-иу нын рохуаты аззадысты».
Цы ис саразӕн? Ӕхца сӕйраг не сты.
Кӕд тынг архайут, цӕмӕй уӕ хӕстӕй фервӕзат, уӕддӕр уын сӕ, чи зоны, бирӕ азты дӕргъы фидын бахъӕуа. Фӕлӕ уӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсдзыстут, уый уӕхицӕй кӕнгӕ у. Хуыздӕр уыдзӕн, ӕдзух уӕ хӕстыл куы нӕ хъуыды кӕнат, фӕлӕ куы архайат, Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тимофеймӕ 6:8).
Цы уӕм ис, уый фагыл куы нымайат, уӕд-иу уӕ бон бауыдзӕн, «ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнын» (Филиппӕгтӕм 1:10). Ахсджиагдӕр та сты Йегъовӕ ӕмӕ нӕ бинонтӕ. Уӕлдӕр цы Георгиосы кой кодтам, уый загъта: «Кӕд нӕ хӕстӕ иууылдӕр нӕма бафыстам, уӕддӕр сыл ӕдзух нал хъуыды кӕнӕм. Абон кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм, уымӕн ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм нӕ сывӕллӕттимӕ, арӕхдӕр фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгты иумӕ архайӕм».
УЫНАФФӔ. Гӕххӕттыл ныффыссут, ахсджиагдӕр уын чи у ӕмӕ ӕхцайӕ балхӕнӕн кӕй нӕй, уыцы хъуыддӕгтӕ. Стӕй ахъуыды кӕнут, цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй уын уыдонӕн фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ фылдӕр тыхтӕ зайа.
Хӕстӕ адӕймаджы стыр масты баппарынц ӕмӕ сӕ цӕмӕй бафида, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уа йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Иу нӕлгоймаг Польшӕйӕ, Анджей, зӕгъгӕ, радзырдта: «Мӕ бинойнаджы ӕмкусӕг стыр кредит куы иста, уӕд ын дзуапдӕттӕгӕй (поручитель) ныллӕууыд мӕ бинойнаг. Фӕлӕ фӕстӕдӕр куы базыдтон, уыцы сылгоймаг ӕд ӕхцатӕ кӕй ӕрбайсӕфт, уӕд мӕ бинойнагимӕ кӕрӕдзимӕ зул цӕстӕй кӕсын райдыдтам». Уыцы зын уавӕр куыд сфӕрӕзтой, уый тыххӕй Анджей загъта: «Кӕрӕдзи ноджы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам, фӕлӕ ахӕм зын уавӕры кӕй бахаудыстӕм, уый тыххӕй нӕ. Баххуыс нын кодта, нӕ уавӕр фӕрогдӕр кӕныныл иумӕ кӕй архайдтам, уый».
a Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
b Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр уынаффӕтӕ бакӕсӕн ис 2011 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, статья «Дӕ фадӕттӕ куыд амонынц, афтӕ цӕр». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
АХЪУЫДЫ КӔН...
-
Цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй мӕ бинонтӕ сӕ хӕстӕй фервӕзой?
-
Цы ис саразӕн, цӕмӕй нын нӕ хӕстӕ нӕ кӕрӕдзийӕ ахсджиагдӕр ма суой кӕнӕ ма нӕ суанг кӕрӕдзийӕ дӕр ма адард кӕной?