Хуыцауы истӕмӕй фӕрсӕн ис?
КӔМӔДӔРТЫ афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцауы ницӕмӕй ис фӕрсӕн. Чи зоны, хъуыды кӕнынц, Хуыцауы куы бафӕрсой, афтӕ цӕмӕн бакодтай кӕнӕ цӕуылнӕ бакодтай, зӕгъгӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын нӕ аргъ кӕнынц. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс?
Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бадис кӕндзынӕ, бирӕ хорз адӕм Хуыцаумӕ алыхуызон фарстатӕ кӕй лӕвӕрдтой, уый куы базонай, уӕд. Ӕркӕсӕм уыцы фарстатӕй цалдӕрмӕ:
Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, уыцы адӕймаг, Иов, бафарста: «Цӕмӕн у афтӕ, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цӕрынц, зӕронды бонтӕм фӕцӕрынц ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕн ныккӕнӕнтӕ нӕ вӕййы?» (Иов 21:7).
Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар Аввакум загъта: «Цӕмӕн кӕсыс, иннӕтыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонмӕ? Фыдгӕнӕг, йӕхицӕй растдӕр чи у, уый куы аныхъуыры, уӕд ӕнцад цӕмӕн фӕлӕууыс?» (Аввакум 1:13).
Йесо Чырысти та дзынӕзта: «Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» (Матфейы 27:46).
Ацы стихтӕ цы скъуыддзӕгтӕй ист сты, уыдон куы бакӕсай, уӕд бамбардзынӕ, Йегъовӕ a ахӕм фарстаты тыххӕй кӕй никуы смӕсты. Ӕмӕ уый диссаг нӕу. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн хъыг нӕ вӕййы, цӕрынӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый тыххӕй йӕм куы фӕкувӕм, уӕд, фӕлӕ нын рӕдауӕй ратты, цыдӕриддӕр дзы фӕкурӕм, уый (Матфейы 6:11, 33). Стӕй нын амоны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ ма тыхсӕм (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты» (Матфейы 7:7). Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, ӕрмӕст уый кой нӕ кодта. Уымӕй ма бамбарын кодта, чи нӕ тыхсын кӕны, уыцы ахсджиаг фарстатӕн дӕр дзуапп кӕй ссардзыстӕм.
Ацы фарстатӕй Хуыцаумӕ кӕцы раттис?
Цӕмӕн цӕрын?
Мӕрдты исты ис?
Мӕ хъизӕмӕрттӕм мын ӕнцад цӕмӕн кӕсыс?
«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау ацы фарстатӕн цы дзуапп дӕтты, уый ссардзынӕ Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕркӕсӕм-ма, иуӕй-иутӕм ахӕм фарстатӕ цӕмӕн фӕзынд ӕмӕ сын Библийы цавӕр дзуапп ис, уымӕ.
a Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.