Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ивгъуыд рӕстӕг – стыр зонды скъола

Ивгъуыд рӕстӕг – стыр зонды скъола

2007 азы, 14 июны, Эстонийы Паддзахадон пост рауагъта, рахизырдыгӕй кӕй уынӕм, уыцы зӕрдылдарӕн маркӕ. Куы йӕ рауагътой, уӕд скодтой ахӕм хъусинаг: «Ацы маркӕ рауагътам, Сталины рӕстӕджы Эстонийӕ Сыбырмӕ кӕй ахастой, уыдоны ном ӕрымысыны тыххӕй». 1941 азӕй 1951 азы онг эстойнӕгтӕй дӕсгай минты сӕ бӕстӕйӕ ӕндӕр рӕттӕм ахастой.

ИВГЪУЫД рӕстӕг – стыр зонды скъола, зӕгъгӕ, афтӕ у йӕ хъуыды иу зындгонд эстойнаг ӕмбисондӕн. Ахӕм ӕмбисӕндтӕ ис ӕндӕр адӕмтӕм дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раздӕр цы уыд, уый аивӕн нал ис, фӕлӕ дзы зондӕн бирӕ цыдӕртӕ ис райсӕн. Зондджын паддзах Соломон загъта: «Ӕз федтон ӕппӕт адӕттӕ, мӕ хъус лӕмбынӕг дардтон, хуры бын цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдонмӕ. Алкӕддӕр уыд афтӕ: адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).

Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый бӕрӕг у, цалдӕр дӕсазы размӕ Эстонийы ӕмӕ Скӕсӕн Европӕйы иннӕ бӕстӕты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй. Уӕд, «адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у», уый тыххӕй тынг бирӕ ӕнаххос адӕмы цард фехӕлд. Уыдон уыдысты, дард рӕттӕм цӕрынмӕ кӕнӕ, ахст адӕмы тыхкуыст кӕнын кӕм фӕкӕнынц, ахӕм лагерьтӕм кӕй арвыстой, уыцы адӕм.

Эстойнаг историктӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, 1941 азӕй 1951 азмӕ ацы гыццыл бӕстӕйӕ ӕндӕр рӕттӕм арвыстой 46 мин адӕймагӕй фылдӕр. Сӕ фылдӕры арвыстой, цы политикон хъуыдытыл хӕст уыдысты, уый тыххӕй, иннӕты та – цавӕр адӕмыхаттӕй уыдысты кӕнӕ ӕхсӕнады цавӕр бынат ахстой, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты та ӕфхӕрдтой сӕ дины тыххӕй.

Хуыцауы адӕмы фӕдыл зилынц

2004 азы Тартуйы университет мыхуыры рауагъта историк Айги Рахи-Таммы иртасӕн куыст. Уым фыст уыди: «1948 азӕй 1951 азмӕ ӕрцахстой 72 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны, се ’хсӕн уыд, ӕнӕуи-иу семӕ чи ныхас кодта, ахӕмтӕ дӕр. Фӕлӕ 1951 азы 1 апрелы, ӕрмӕст Балтикӕйы бӕстӕты нӕ, фӕлӕ ма Молдавийы, Ныгуылӕн Украинӕйы ӕмӕ Белоруссийы тынг бирӕты сӕ цӕрӕнбынӕттӕй сыстын кодтой».

1951 азы онг Эстонийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахстой, алыхуызон хин мадзӕлттӕй пайда кодтой, цӕмӕй сын исты хуызы сӕ дин ныууадзын кодтаиккой, милицӕйы-иу сӕ рафӕрс-бафӕрс кодтой ӕмӕ-иу сӕ къахтой, цӕмӕй сӕ исты сусӕг информаци базыдтаиккой ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Ногӕй та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй рацыдысты, цӕмӕй Эстонийы сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр мауал уыдаид.

Уӕлдӕр цы маркӕйы кой кодтам, ууыл ис датӕ – 1951 азы 1 апрель. Нымӕц 382 та амоны, уыцы бон йӕ бӕстӕйӕ кӕй ахастой, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ цас уыдысты, уымӕ. Уыцы 382 адӕймагӕй чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ уыдысты сӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕ сыхӕгтӕ. Уӕд ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр ӕрцахстой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты. Ӕхсӕвы, кӕй ӕрцахстой, уыдоны – ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ ацӕргӕты дӕр – фосласӕн вагӕттӕм батардтой ӕмӕ сӕ Сыбырмӕ аластой.

Эллӕ Тоомыл *, Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл, уӕд цыд 25 азы. Милицӕйы-иу йемӕ куыд ныхас кодтой, уый тыххӕй Эллӕ загъта: «Иу афицер мӕ стӕрсын кӕнынмӕ хъавыд ӕмӕ мын карзӕй дзырдта, цӕмӕй мауал хъусын кодтаин. Иу хатт мӕ бафарста: „Цӕрын дӕ фӕнды? Ӕви дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ Хуыцауимӕ Сыбыры быдырты ныммӕлай?“» Фӕлӕ Эллӕ нӕ фӕтарст ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодта. Уый тыххӕй йӕ Сыбырмӕ арвыстой ӕмӕ йӕ 6 азы бӕрц иу лагерӕй иннӕмӕ ивтой.

Ӕнӕ тӕрхонӕй Сыбырмӕ цы сӕдӕгай адӕмы ахастой, уыдоны ’хсӕн ма уыд иу ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уыцы сылгоймаг хуыйны Хиизи Лембер. 1951 азы 1 апрелы йыл цы ’рцыд, уый тыххӕй Хиизи радзырдта: «Ӕппындӕр ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм, афтӕмӕй нӕм ӕхсӕвы цавӕрдӕр адӕм фӕмидӕг сты ӕмӕ нын загътой: „Сахатырдӕг уын ис. Уӕ дзаумӕттӕ амбырд кӕнут!“». Талынджы, куыд ничи сӕ федтаид, афтӕ, Хиизийы йе 6-аздзыд чызгимӕ ӕфсӕнвӕндаджы вокзалмӕ аластой. Хъыррыстгӕнаг вагон иу станцӕйӕ иннӕмӕ куыд цыди, афтӕ йӕ мидӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. «Баппӕрстой нӕ, раздӕр фос кӕм ластой, ахӕм вагонмӕ. Хорз, ӕмӕ фаджыс ныссалд, ӕндӕр цытӕ кодтаиккам. Вагоны нӕ фосау банадтой».

Сыбырмӕ сӕ цы дыууӕ къуырийы фӕластой, уыдон ӕрмӕст мысынӕй дӕр зӕрдӕ сриссы. Вагӕтты адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд ӕмӕ дзы уыд тынг чъизи. Ӕрыгӕттӕм дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕм дӕр ахӕм цӕстӕй кастысты, цыма адӕм дӕр нӕ уыдысты – хъӕртӕ сыл кодтой ӕмӕ сӕ ракъуыр-бакъуыр кодтой. Иуӕй-иутӕ дзы куыдтой ӕмӕ хӕрын нӕ куымдтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийы фидар кодтой, Хуыцауы кадӕн зарджытӕ зарыдысты ӕмӕ сӕм цы къӕбӕр уыд, уый кӕрӕдзиимӕ дих кодтой. Сыбырмӕ сӕ аластой, цӕмӕй цӕрӕнбонты уым цардаиккой ӕмӕ сын загътой, фӕстӕмӕ сын фӕндаг кӕй нал ис.

Уыцы зын рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй Хиизи радзырдта: «Иу станцӕйы нӕ поезд ӕрлӕууыд, Молдавийӕ цы поезд цыд, уый фарсмӕ. Иу нӕлгоймаг нӕ афарста, чи стут ӕмӕ уӕ кӕдӕм ласынц, зӕгъгӕ. Загътам ын, мах кӕй стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Эстонийӕ, фӕлӕ нӕ кӕдӕм ласынц, уый кӕй нӕ зонӕм. Нӕ ныхас нын айхъуыстой, Молдавийӕ чи уыд, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ нын рудзынгӕй иу стыр дзул ӕмӕ иу гыццыл хус чылауитӕ ӕрбаппӕрстой». Хиизи ма загъта: «Уӕд ӕй бамбӕрстам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрмӕст Эстонийы кӕй не ’рцахстой, фӕлӕ ӕнӕхъӕн Советон Цӕдисы дӕр».

Кориннӕ ӕмӕ йӕ хо Эне рӕзгӕ кары куы уыдысты, уӕд сӕ сӕ мадӕй фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ 6 азӕй фылдӕр кӕрӕдзи нӕ федтой. Чызджыты куы ’рцахстой, уымӕй гыццыл раздӕр та сын ӕрцахстой сӕ мады, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй уыд, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ арвыстой, адӕмы тыхкуыст кӕнын кӕм кодтой, ахӕм лагерьмӕ. Стӕй та 1 апрелы, ӕхсӕвы, дыууӕ чызджы сӕ хӕдзарӕй ракодтой ӕмӕ сӕ товарласӕн вагоны баппӕрстой. Кориннӕ абон дӕр тынг бузныг у, иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй. Кориннӕ радзырдта, уыцы сылгоймаг куыд бакодта: «Иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дыууӕ сывӕллонимӕ мах куы федта, уӕд нын загъта, амӕй фӕстӕмӕ иу бинонтӕ кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ иумӕ кӕй цӕрдзыстӕм».

Цымӕ сӕм дард уазал Сыбыры цы ’нхъӕлмӕ каст? Куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд иннӕ бон райдыдта «базар» – ахст адӕм цыма цагъартӕ уыдысты, уыйау сӕ ӕвзӕрстой. Хӕстӕгдӕр колхозтӕй нӕлгоймӕгтӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕ колхозты кусынӕн адӕм равзӕрстаиккой. Кориннӕ загъта: «Мах хъуыстам, кӕрӕдзиимӕ куыд хыл кодтой: „Тракторыл чи кусы, ахӕм адӕймаг райстай, цыма дӕ хъӕуы? Ай та мӕн у!“. Кӕнӕ: „Ӕз дыууӕ ацӕргӕйы райстон. Ды дӕр дзы райс!“».

Кориннӕ ӕмӕ Эне хъӕбатыр чызджытӕ разындысты. Фӕстӕдӕр уыдон радзырдтой: «Нӕ мады тынг мысыдыстӕм. Ӕппӕты тынг бӕллыдыстӕм, нӕ мад нын куы ахъӕбыс кодтаид, уымӕ». Ӕмӕ кӕд ахӕм зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уӕддӕр сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕнын нӕ бауагътой ӕмӕ никуы ӕнкъард кодтой. Кориннӕ ма загъта: «Иуӕй хорз у, нӕ мад нӕ раз кӕй нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ уӕлӕ рӕстмӕ дзаума дӕр нӕ уыд, афтӕмӕй-иу ахӕм хъызт уазӕлтты куыстам, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй».

Эстонийы дӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр ӕнаххос адӕм, уыимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, карз ӕфхӕрд баййӕфтой. (Кӕс рамкӕ «Ӕвирхъау фыддзинад».) Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Эстонийы раздӕр бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уӕддӕр абон дӕр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ сты амондджын.

Диссаджы фидӕн

Библи зӕгъы, Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй йе сӕфт кӕй уыны. Дыккаг закъоны 25:16 стихы фыст ис: «Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, чидӕриддӕр сайы, уый ӕлгъаг у дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты». Кӕд Хуыцау цасдӕр рӕстӕг уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй зӕххыл ахӕм хъуыддӕгтӕ цӕуа, уӕддӕр тагъд ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. «Иу гыццыл ма,– загъта псаломзарӕггӕнӕг,– ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн! Ӕмӕ, кӕд раздӕр цы уыд, уый нӕ бон аивын нӕу, уӕддӕр нӕ фидӕн нӕхицӕй кӕнгӕ у. Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, адӕм фӕрнӕй кӕм цӕрдзысты, уыцы ног дуне (Исай 11:9).

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Эллӕ Тоомы биографи мыхуыргонд уыд 2006 азы апрелы «Пробудитесь!»-ы, 20–24 фӕрстӕ.

[Рамкӕ 28 фарсыл]

«Ӕвирхъау фыддзинад»

«Нӕ бӕстӕйы цы адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр цы ’фхӕрд баййӕфтой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй [...] ... Милуангай адӕмы цард фехӕлд. Адӕмы ӕнӕ тӕрхонӕй мардтой, сӕ хӕдзӕрттӕй сӕ стын кодтой ӕмӕ сӕ концлагерьтӕм ӕрвыстой, сӕ бартӕ сын истой, „чи не ’мбӕлд“, ахӕм хъуыддагыл хӕст кӕй уыдысты кӕнӕ, цы адӕмыхаттӕй уыдысты, уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй... Ахъуыды-ма кӕнӕм: кӕй ныццагътой кӕнӕ, кӕуылдӕр ӕвзаг кӕй бахастой, уый аххосӕй чи амард, уыдон сты милуантӕ» (УӔРӔСЕЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ДМИТРИЙ МЕДВЕДЕВ, 2009 АЗЫ 30 ОКТЯБРЬ).

[Ныв 29 фарсыл]

Эллӕ Тоом

[Ныв 29 фарсыл]

Хиизи Лембер ӕмӕ йӕ чызг Маайа

[Ныв 29 фарсыл]

Эне ӕмӕ йӕ хо Кориннӕ