Ссардтон ӕцӕг сӕрибардзинад
Радзырдта йӕ Марийӕ Килин
«Никӕй хъӕут,– мӕстӕймарӕгау нын загъта афицер.– Ам баззайдзыстут». Цымӕ афтӕ куыд рауад, ӕмӕ мах, кусаг, фарнуарзаг уырыссаг бинонты, 1950 азы – Дыккаг дунеон хӕстӕй фондз азы куы рацыд, уӕд – Цӕгат Корейӕйы ӕфсӕддонтӕ ӕрцахстой?
МӔ ГӔХХӔТТЫТЫ куыд фыст уыд, афтӕмӕй райгуырдтӕн 1924 азы, Дард Скӕсӕны, хъӕу Шмаковкӕйы, Китайы арӕнмӕ ’ввахс.
Иухатт фыдгӕнджытӕ мӕ фыды ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕрты акодтой, ӕмӕ сӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ мад никуыуал федта. Нӕ мад иунӕгӕй хӕдзары дзаг сывӕллӕттимӕ баззад, ӕмӕ нын хӕринагыл дӕр не ’ххӕссыд. Нӕ сыхаг нӕлгоймаг нӕ мадӕн загъта, йӕ бон нӕ кӕй у, православон аргъуаны цы сидзӕрдон уыд, уырдӕм акӕнын ӕмӕ зӕгъын, сӕ мад сӕ ныууагъта, зӕгъгӕ.
Мӕ мад сразы, уымӕн ӕмӕ куы нӕ сразы уыдаид, уӕд мах, йӕ кӕстӕр сывӕллӕттӕ, чи зоны, сыдӕй амардаиккам. Ныр мыл 80 азӕй фылдӕр цӕуы ӕмӕ ӕмбарын, уый фӕрцы кӕй фервӕзтыстӕм. Мӕ мадӕй тынг бузныг дӕн, фӕлӕ уӕддӕр, афтӕ кӕй бакодта, уый мын зын у.
1941 азы ӕз ацыдтӕн Корейӕмӕ. Уым смой кодтон иу зӕрдӕхӕлар уырыссаг лӕппу Иванмӕ. Нӕ чызг Оля райгуырд Корейӕйы, Сеулы, 1942 азы. Нӕ дыууӕ фырты дӕр уым райгуырдысты – Коля 1945 азы, Жорӕ та 1948 азы. Махӕн уыд дукани, ӕмӕ Иван кодта уый куыст, ӕз та хуыйгӕ кодтон. Сеул япойнӕгты дӕлбар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ цот дзырдтой япойнаг ӕвзагыл, кӕд хӕдзары уырыссагау дзырдтам, уӕддӕр. Советон Цӕдисӕй чи уыд, уыдон, стӕй америкӕгтӕ ӕмӕ корейӕгтӕ 1950 азы онг иумӕ фӕрнӕй цардысты. Се ’ппӕт дӕр цыдысты нӕ дуканимӕ.
Ӕрцахстой нӕ
Фӕлӕ 1950 азы уавӕр цӕхгӕр фӕивта. Цӕгат Корейӕ Сеул бацахста. Нӕ бон алидзын нӕ баци, ӕмӕ нӕ иннӕ фӕсарӕйнӕгтимӕ ӕрцахстой, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг бритайнӕгтимӕ, уырыссӕгтимӕ, америкӕгтимӕ ӕмӕ французӕгтимӕ Цӕгат Корейӕйы алы къуымты рахау-бахау кодтам. Хи бааууон кӕнӕн-иу кӕм уыди, уым-иу цардыстӕм ӕмӕ-иу ӕдзух бомбӕтӕй ӕмбӕхстыстӕм.
Ӕрмӕстдӕр иу хатт цардыстӕм хъарм хӕдзӕртты, стӕй нын уӕд хӕринаг дӕр фаг лӕвӕрдтой. Фӕлӕ-иу нын арӕхдӕр бахӕрынӕн еуу (просо) йеддӕмӕ ницы уыд, фынӕй та-иу кодтам, кӕм ничи цард, ахӕм уазал хӕдзӕртты. Бирӕтӕ амардысты хӕринагхъуаг ӕмӕ фӕкӕсынхъуагӕй. Мӕ сывӕллӕтты хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ-иу мӕ сӕррӕ кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд. Уыцы аз зымӕг Цӕгат Корейӕйы раджы ралӕууыд. Хъуыды ма кӕнын, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв-иу арты дуртӕ куыд тӕвд кодтон, ӕмӕ-иу сӕ мӕ сывӕллӕтты бын куыд ӕвӕрдтон, уый.
Куы фӕхъармдӕр, уӕд нын корейаг зӕхкусджытӕй чидӕртӕ бацамыдтой, хӕрынӕн чи бӕззы, ахӕм зайӕгойтӕ, зӕгъӕм, хъӕддаг хъӕдындзтӕ, цавӕрдӕр кӕрдӕджытӕ, мӕнӕргъы, сӕнӕфсир ӕмӕ зокъотӕ, ӕмӕ уыдӕттӕй цардыстӕм. Уыцы зӕхкусджытӕ нӕм хорз цӕстӕй кастысты ӕмӕ, ахӕм фыдцӕрдтытӕ кӕй кодтам, уый тыххӕй нын тӕригъӕд кодтой. Сахуыр ма дӕн хӕфсытӕ ахсын дӕр, цӕмӕй ма кӕрдӕджытӕй уӕлдай исты хордтаиккам. Мӕ сывӕллӕттӕ-иу мӕ хӕринагӕн хӕфсытӕ куы агуырдтой, уӕд-иу мӕ зӕрдӕ фӕцӕйтыдта.
Иухатт нӕ октябры хъуамӕ акодтаиккой Манпхомӕ. Загътой нын, рынчынты ӕмӕ гыццыл
сывӕллӕтты галуӕрдӕттыл кӕй аласдзысты. Оля ӕмӕ Иван ацыдысты, фистӕгӕй чи цыд, уыдонимӕ. Ӕз та мӕ дыууӕ гыццыл лӕппуимӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн, галуӕрдӕттӕ нӕм кӕд ӕрбарвитдзысты, уымӕ. Цалдӕр боны фӕстӕ уӕрдӕттӕ фӕзындысты.Рынчынты-иу уӕрдонмӕ хосы мӕкъуылтау сӕппӕрстой. Уым цытӕ цыд, уыдӕттӕ фенын хъуыд! Жорӕ ме ’ккой, афтӕмӕй Коляйы уӕрдоны къуымы сбадын кӕнынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ сывӕллон цъӕхахст кӕнын райдыдта: «Мамӕ, мамӕ, ӕз дӕр демӕ цӕуын! Ма мӕ ныууадз!»
Коля мын йӕ гыццыл къухӕй мӕ къабайы фӕдджийыл фидар ныххӕцыд, афтӕмӕй мӕ фӕстӕ згъордта. Цыдыстӕм цалдӕр боны, ахст адӕмӕй бирӕты фехстой, ӕмӕ-иу сын сӕ мӕрдтыл халӕттӕ ӕрӕмбырд сты. Ӕппынфӕстаг Иван ӕмӕ Оляйы баййӕфтам. Нӕ бинонтӕ та баиу сты! Кӕрӕдзийӕн хъӕбыстӕ кодтам ӕмӕ куыдтам. Уыцы ӕхсӕв нӕ бафынӕй дӕн, арты та дуртӕ тӕвд кодтон. Фӕлӕ мӕм ацы хатт мӕ фӕллад нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр мемӕ уыдысты.
1953 азы нӕ цард гыццыл фенцондӕр. Уӕд уыдыстӕм, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Корейӕйы кӕрӕдзийӕ чи хицӕн кӕны, уыцы арӕнмӕ ’ввахс. Радтой нын сыгъдӕг дзаумӕттӕ, дзабыртӕ, хӕринаг ӕмӕ ма суанг адджинӕгтӕ дӕр. Гыццыл фӕстӕдӕр суӕгъд кодтой бритайнӕгты, уый фӕстӕ та французӕгты. Мах та иу бӕстӕ дӕр не ’рцагуырдта. Ахст адӕм се ’ппӕт дӕр ацыдысты, ӕрмӕст ма дзы мах баззадыстӕм. Нӕ фыртыхстӕй куыдтам ӕмӕ нӕм хӕрын дӕр нӕ цыд. Растдӕр нын уӕд загъта корейаг афицер, райдианы фыст чи ис, уыцы зӕрдӕхалӕн ныхӕстӕ.
Ног цард Америкӕйы
Диссаг, фӕлӕ нӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, хӕст кӕм нал цыди, ууылты акодтой Хуссар Корейӕмӕ. Америкӕйы ӕфсады хистӕртӕ нӕ куы ӕрфӕрстытӕ кодтой, уӕд нын сӕ бӕстӕмӕ ацӕуынӕн бар радтой. Науыл ацыдыстӕм Сан-Францискомӕ, штат Калифорнимӕ. Уым нӕм фӕкасти, мӕгуыртӕн чи ӕххуыс кодта, иу ахӕм организаци. Фӕстӕдӕр та ацыдыстӕм штат
Виргинийӕмӕ. Виргинийӕйы нын цы зонгӕтӕ уыд, уыдон нын баххуыс кодтой, цӕмӕй гыццыл нӕ къахыл слӕууыдаиккам. Ӕппынфӕстаг ацыдыстӕм штат Мэрилендмӕ, ӕмӕ уым райдыдта нӕ ног цард.Хуымӕтӕг дзауматӕ нӕм, зӕгъӕм, пылесос, стыр диссаг кастысты. Ӕцӕгӕлон бӕстӕйы кӕй цардыстӕм, уымӕ гӕсгӕ бон-изӕрмӕ фыргуыст кодтам. Фӕлӕ-иу ӕрцӕуӕггӕгтӕй йӕ къахыл чи слӕууыд, уыдон-иу ногты фыдӕбонӕй сӕхицӕн ӕхцатӕ куы кодтой, уӕд-иу мын тынг хъыг уыди. Куы ӕрцыдыстӕм, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ иу православон сауджыныл фембӕлдыстӕм ӕмӕ нын загъта: «Ныр сымах цӕрут арфӕгонд зӕххыл. Кӕд уӕ фӕнды, ӕмӕ уын исты бантыса, уӕд уӕ бӕстӕйы адӕмӕй уӕхи хизут». Йӕ ныхӕстӕй цавд дурау фӕдӕн. Мӕ бон бамбарын нӕ уыд, кӕрӕдзийӕн куыннӕ хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?
1970 азы нӕм иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Берни Беттлмен, ӕрбахоста, цӕмӕй немӕ Библийы тыххӕй аныхас кодтаид. Йӕ фидар ӕмӕ мӕм йе ’ргом ныхасӕй нӕхи хуызӕн фӕкаст. Цалдӕр сахаты иумӕ фӕныхас кодтам. Православон аргъуаны сидзӕрдоны кӕй схъомыл дӕн, уымӕ гӕсгӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ хорз зыдтон. Фӕлӕ Библи самал кӕныныл никуы ахъуыды кодтон. Берни нын Библи ӕрбахаста ӕмӕ нын загъта: «Ацы Библи сымахӕн ӕрбахастон, уымӕн ӕмӕ уӕ уарзын». Стӕй ма нӕ базонгӕ кодта Бенимӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуимӕ. Бен уыд Белорусийӕ ӕмӕ дзырдта уырыссагау.
Бен ӕмӕ-иу мын йӕ бинойнаг ме ’ппӕт фарстатӕн дӕр дзуапп радтой Библийӕ. Ӕз афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Ныхас сзыгъуыммӕ кодтой. Марийӕйӕн ма Чырыстийӕ уӕлдай сывӕллӕттӕ кӕй уыд, уый сын сӕ публикациты куы бакастӕн, уӕд тынг смӕсты дӕн, уымӕн ӕмӕ аргъуаны ахӕмӕй никуы ницы фехъуыстон.
Польшӕйӕ нын уыд иу ӕмбал, ӕмӕ йӕм бадзырдтон, цӕмӕй мын йӕ польшӕйаг Библийӕ Матфейы 13:55, 56 стихтӕ бакастаид. Чырыстийӕн ма ӕцӕгдӕр кӕстӕр ӕфсымӕртӕ кӕй уыд, уый куы фехъуыстон, уӕд фырдиссагӕй цы загътаин, уый нал зыдтон. Ме ’мбалӕн йӕ зонгӕ куыста Вашингтоны Конгрессы чиныгдоны, ӕмӕ ма уымӕ дӕр фӕдзырдта, цӕмӕй, чиныгдоны цыдӕриддӕр Библийы тӕлмацтӕ уыд, уыдоны дӕр уыцы стихтӕ федтаид. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дзы алкӕцыйы дӕр фыст уыд, Чырыстийӕн кӕй уыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ!
Бирӕ фарстатӕ мӕм уыд. Сывӕллӕттӕ цӕмӕн мӕлынц? Адӕм кӕрӕдзиимӕ цӕмӕн хӕцынц? Иу ӕвзагыл чи дзуры, суанг уыцы адӕм дӕр кӕрӕдзи цӕуылнӕ ӕмбарынц? Мӕ
фарстатӕн Библийӕ цы дзуапп базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Ӕз базыдтон, адӕм Хуыцауы фӕндӕй кӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц. Стӕй уый куы базыдтон, ӕмӕ хӕстыты, алыхуызон быцӕуты нӕ хиуӕттӕй чи фесӕфт кӕнӕ чи фӕмард, уыдоны ногӕй кӕй фендзынӕн, уӕд тынг цин кодтон. Сабыргай-сабыргай Йегъовӕйыл ӕууӕндын райдыдтон.Иухатт иконӕты раз лӕууыдтӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн баххуыс кодтаид. Мӕ фырт ӕрӕджы Вьетнамы хӕстӕй тынг зӕрдӕрыстӕй ӕрыздӕхт. Ӕвиппайды мӕм бахъардта, иконӕтӕм нӕ, фӕлӕ удӕгас Хуыцау Йегъовӕмӕ кӕй хъӕуы кувын. Мӕ иконӕтӕ ныппырх кодтон, ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстон, тӕнӕг зесты гӕбаз йеддӕмӕ кӕй ницы сты. Аргъуаны сӕ балхӕдтон, фӕлӕ сӕ уыцы ӕхсӕв аппӕрстон.
Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цы диныл хӕст уыдтӕн, уый ныууадзын мын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ бамбӕрстон, Библийӕ цы базыдтон, уый тынг ахсджиаг кӕй у. Иу азы фӕстӕ мӕ чызг ӕмӕ Иванимӕ ацыдтӕн уырыссаг православон сауджынмӕ. Мемӕ райстон мӕ блокнот. Фыст мын дзы уыд, Библийӕ мӕм цы бирӕ фарстатӕ уыд, уыдон, сӕ бынмӕ та-иу афыстон, кӕцы стихтӕм уыдысты, уый. Уыцы стихтӕ сауджынӕн куы кастӕн, уӕд йӕ сӕр батылдта, ӕмӕ загъта: «Сымах лӕуут сӕфты фӕндагыл». Стӕй ма нын загъта, цӕмӕй йын йӕ дуар макуыуал бахойӕм.
Уыцы хабар Олямӕ тынг диссаг фӕкаст. Оля ӕмбаргӕ сывӕллон уыд, стӕй бирӕ уарзта ахуыр кӕнын дӕр, ӕмӕ уый дӕр райдыдта Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ мемӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕз донаргъуыд райстон 1972 азы, Оля та – 1973 азы.
Цавӕр хъуыдыйыл хӕст уыдыстӕм, уый
Нӕ бинонтӕ хӕст уыдысты ахӕм хъуыдыйыл: «Абоны боныл хъуыды кӕн, знон цы ’рцыд, ууыл та мауал мӕт кӕн». Уымӕ гӕсгӕ-иу нӕ ногӕй исты саразын куы хъуыд ӕмӕ-иу ӕй бӕлвырдӕй куы зыдтам, уый раст у, уӕд-иу ӕй уайтагъд ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ бакодтам. Нӕ чызгимӕ нӕ уырнындзинад цас фидардӕр кодта, уыйас нӕ тынгдӕр фӕндыд адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕуын ӕмӕ, цы базыдтам, уый тыххӕй дзурын. Раст зӕгъгӕйӕ, райдианты адӕмимӕ цӕхгӕр ныхас кодтон. Мемӕ-иу чи уыд, уыдон-иу уӕзданӕй ныхас сӕхимӕ айстой, ӕмӕ-иу сын фӕлмӕнӕй бамбарын кодтой, цы зӕгъынмӕ-иу хъавыдыстӕм, уый. Фӕлӕ стӕй сахуыр дӕн, махау Америкӕмӕ хорз цард агурӕг алы бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы адӕмимӕ ныхас кӕнын.
Оляимӕ-иу арӕх дзырдтам, зӕгъгӕ, искуы ахӕм рӕстӕг куы ралӕууа, ӕмӕ Уӕрӕсемӕ фӕсарӕнтӕй сӕрибарӕй цӕуыны бар уыдзӕн, уӕд уырдӕм кӕй ацӕудзыстӕм, цӕмӕй нӕхи хуызӕн адӕмӕн Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Уыцы рӕстӕг ралӕууыд 1990 азты райдианы, ӕмӕ уӕд Оля нӕ дыууӕйы фӕнд дӕр сӕххӕст кодта. Оля Уӕрӕсемӕ ацыд, ӕмӕ 14 азы дӕргъы уым ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодта. Бирӕтимӕ Библи ахуыр кодта ӕмӕ Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ англисаг ӕвзагӕй уырыссаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынӕн ӕххуыс кодта.
Ныр дӕн хуысгӕ рынчын, ӕмӕ мӕ цотӕн сӕ бон цы у, уый аразынц, цӕмӕй мын мӕ уавӕр гыццыл фӕрогдӕр кӕной. Ӕмӕ кӕд гыццылӕй ӕмӕ ме ’рыгон бонты бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстон, уӕддӕр Хуыцауӕй бузныг дӕн, царды ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый кӕй ссардтон, уый тыххӕй. Мӕнӕн дӕр мӕ бон у зӕгъын, фыййау Давид йӕ псаломы куыд загъта, афтӕ: «Донджын улӕфӕн бынӕттӕм мӕ [Хуыцау] акӕны. Мӕ уды мын хъарутӕ бауадзы. Кӕны мӕ рӕстдзинады фӕндӕгтыл йӕ номы тыххӕй» (Псалом 23:2, 3) *.
[Фиппаинаг]
^ 29 абз. Марийӕ Килин амард 2010 азы 1 мартъийы, ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕд.
[Ныв 12 фарсыл]
[Барлӕвӕрдӕй]
U.S. Army photo
[Рамкӕ/Нывтӕ 13 фарсыл]
ДИССАДЖЫ ХАБАР
1954 азы кӕрон Марийӕ Килин ныффыста йӕ диссаджы царды тыххӕй Цӕгат Корейӕйы. Англисаг ӕвзагмӕ йын ӕй ратӕлмац кодта, Австралийы посольствойы чи куыста, иу ахӕм уырыссаг нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ауӕй кодта иу америкаг газетӕн. Уыцы статья рацыд 12 хайӕ, 1955 азы 16 январӕй 28 январмӕ.
Фыццаг хай райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕз фыссӕг нӕ дӕн. Ӕвӕццӕгӕн мын мӕ царды хабӕрттӕ рӕсугъд радзурын нӕ рауайдзӕн, фӕлӕ уын сӕ бӕстон радзурдзынӕн ӕмӕ дзы ницы басусӕг кӕндзынӕн». Марийӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Ацы статьяйы цыбыртӕй фыст сты йӕ царды хабӕрттӕ ӕмӕ, Америкӕмӕ куы ’рцыд, уӕд йӕ цард куыд аивта, уый.
[Нывтӕ]
Мӕ царды хабӕрттӕ къухфыстӕй ӕмӕ сӕ фыццаг хай газеты
[Ныв 13 фарсыл]
Мӕ райгуырӕн хъӕу Шмаковкӕ, Приморский край, Дард Скӕсӕн
[Ныв 14 фарсыл]
Иванимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд, 1941 аз
[Ныв 14 фарсыл]
Иванимӕ ӕмӕ нӕ дыууӕ сыввӕллонимӕ, 1954 аз
[Барлӕвӕрдӕй]
U.S. Army photo
[Ныв 15 фарсыл]
Мӕ цӕхӕрадоны Мэриленды (Америкӕ), 1990 азмӕ ’ввахс