Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнӕ бӕрӕгбонӕй дӕр сты амондджын

Ӕнӕ бӕрӕгбонӕй дӕр сты амондджын

ЧЫРЫСТӔТТӔЙ милуантӕ Рождество нӕ бӕрӕг кӕнынц. Цӕуылнӕ? Мыййаг сӕхи хорз цӕмӕйдӕр ӕнӕхай нӕ кӕнынц? Цымӕ сӕ сывӕллӕттӕ та цы хъуыды кӕнынц? Ӕркӕс-ма, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы бӕстӕтӕй уый фӕдыл цы дзурынц, уымӕ.

Чырыстийы мысын. «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы нӕма уыдтӕн, уӕд дӕр аргъуанмӕ арӕх нӕ цыдтӕн. Ацыдтӕн-иу ӕрмӕстдӕр Рождество ӕмӕ Куадзӕны. Фӕлӕ кӕд уыцы бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кодтон, уӕддӕр Чырыстийыл никуы хъуыды кодтон. Ныр Рождество нал бӕрӕг кӕнын, фӕлӕ къуыри дыууӕ хатты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ, Библийы Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис, уый ма иннӕтӕн дӕр дзурын» (ЕВӔ, АВСТРАЛИ).

Лӕвӕрттӕ кӕнын. «Ӕнхъӕл куы нӕ вӕййын, уӕд мын исчи исты куы балӕвар кӕны, уӕд тынг фӕцин кӕнын. Бирӕ уарзын ӕнӕнхъӕлӕджы лӕвӕрттӕ! Уарзын ма, мӕхӕдӕг кӕй сныв кӕнын, уыцы нывтӕ ӕмӕ кӕй саразын, уыцы открыткӕтӕ иннӕтӕн лӕвар кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый уыдонӕн дӕр ӕмӕ мӕхицӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы» (РУБЕН, ЦӔГАТ ИРЛАНДИ).

Мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнын. «Мах уарзӕм рынчын адӕмӕн хӕринаг кӕнын. Цӕмӕй-иу сӕ иу гыццыл бахъӕлдзӕг кӕнӕм, уый тыххӕй сын иуӕй-иу хатт бахӕссӕм дидинджытӕ, исты адджинаг кӕнӕ исты гыццыл лӕвар. Нӕ бон сӕ кӕдфӕнды дӕр кӕй у бабӕрӕг кӕнын, уый нын стыр циндзинад хӕссы» (ЭМИЛИ, АВСТРАЛИ).

Бинонтимӕ рӕстӕг ӕрвитын. «Нӕ хиуӕттӕ иууылдӕр иумӕ кӕй ӕрбамбырд вӕййынц, уый фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕ тынг ӕнувыд сты нӕ ныййарджытыл, нӕ хотыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕмӕ уыдоны цотыл. Цавӕрдӕр бӕрӕгбӕтты номыл сӕм кӕй не ’рбацӕуӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм лӕвӕрттӕм ничи фенхъӕлмӕ кӕсы. Уыдон ӕй зонынц, кӕй сӕ уарзӕм, уый тыххӕй сӕ кӕй абӕрӕг кӕнӕм» (УЭНДИ, КАЙМАНЫ САКЪАДӔХТӔ).

Фарнмӕ тырнын. «Рождествойы рӕстӕг адӕмы бирӕ цыдӕртӕ кӕй фӕхъӕуы саразын, уымӕ гӕсгӕ афтӕ стыхсынц, ӕмӕ фарныл хъуыды дӕр ничиуал фӕкӕны. Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый куы базыдтон, уӕд мын тынг фенцон ис. Ныр ӕй зонын, мӕ сывӕллӕттӕм диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы» (САНДРӔ, ИСПАНИ).

[Ныв 9 фарсыл]

Евӕ

[Ныв 9 фарсыл]

Рубен

[Ныв 9 фарсыл]

Эмили

[Ныв 9 фарсыл]

Уэнди

[Ныв 9 фарсыл]

Сандрӕ