Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Сабитӕн [сӕ]... раргом кодтай»

«Сабитӕн [сӕ]... раргом кодтай»

Хуыцауы тыххӕй дӕ рӕстдзинад базонын фӕнды, ома чи у, йӕ фӕндон цы у, цы уарзы ӕмӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны? Хуыцау йӕхи тыххӕй алцыдӕр ныффыссын кодта Библийы. Фӕлӕ Библи ӕмбарын алкӕй бон нӕу. Йӕ бон ӕй бамбарын у ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕн, ӕмӕ уыдон чи сты, уый та нӕ бон у базонын, Йесо цы загъта, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 11:25.)

Ацы стих райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Уыцы рӕстӕг Йесо загъта». Ацы ныхӕстӕ зӕгъыны размӕ цӕй кой кодта, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй бамбардзыстӕм, цавӕр адӕмы тыххӕй дзырдта, уый. Чырысти бауайдзӕф кодта, диссӕгтӕ цы ӕртӕ галилейаг горӕты сарӕзта, уыдоны цӕрджытӕн, уымӕн ӕмӕ кӕд уыцы диссӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, уӕддӕр ыл нӕ баууӕндыдысты (Матфейы 11:20–24). Чи зоны хъуыды кӕныс, ау, Йесойы диссӕгтӕ чи уыдта, уый рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ куыннӕ айста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг куыннӕ сси, зӕгъгӕ. Афтӕ уый тыххӕй уыд, ӕмӕ уыцы адӕм уыдысты хивӕнд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой (Матфейы 13:10–15).

Йесо зыдта, цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинад ӕмбара, уый тыххӕй кӕй хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы: хъуамӕ йын Хуыцау ӕххуыс кӕна ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уа. Йесо загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй». Ныр ӕй ӕмбарыс, рӕстдзинад алкӕмӕн йӕ бон бамбарын цӕуылнӕ у, уый? Йегъовӕ, «арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг», йӕхӕдӕг ӕвзары, рӕстдзинад кӕмӕн раргом кӕна, уый. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъулон митӕ кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис уый фадат, цӕмӕй рӕстдзинад базона. Уӕдӕ Йегъовӕ рӕстдзинад иутӕн кӕй раргом кӕны, иннӕтӕй та йӕ кӕй басусӕг кӕны, уый цымӕ цӕмӕй кӕнгӕ у?

Йегъовӕ уарзы сӕрныллӕг адӕмы, сӕрбӕрзонд адӕмы нӕ, фӕлӕ (Иаковы 4:6). Йегъовӕ рӕстдзинад басусӕг кӕны «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй», ома, ацы дунейы адӕмы цӕсты зондджын ӕмӕ ахуыргондыл нымад чи у, уыдонӕй. Ахӕм адӕм сӕхиуыл фервӕссынц, схъал вӕййынц, ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ Хуыцауы ӕххуыс нӕ хъӕуы (1 Коринфӕгтӕм 1:19–21). Фӕлӕ Йегъовӕ рӕстдзинад раргом кӕны «сабитӕн», ома сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ сывӕллонау сӕрныллӕг адӕмӕн (Матфейы 18:1–4; 1 Коринфӕгтӕм 1:26–28). Хуыцауы Фырт Йесо уыдта, адӕм дыууӕ ахӕм къордыл кӕй дих кӕнынц. Сӕрбӕрзонд ахуыргонд дины разамонджытӕй бирӕтӕ не ’мбӕрстой, Йесо цы дзырдта, уый, хуымӕтӕг кӕсагахсджытӕ та йӕ ӕмбӕрстой (Матфейы 4:18–22; 23:1–5; Хъуыддӕгтӕ 4:13). Фӕлӕ хъӕздыг ӕмӕ ахуыргонд адӕмӕй дӕр иуӕй-иутӕ систы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕцӕг сӕрныллӕг (Лукайы 19:1, 2, 8; Хъуыддӕгтӕ 22:1–3).

Ногӕй-ма ахъуыды кӕн, статьяйы райдианы цы фарста уыд, ууыл: Хуыцауы тыххӕй дӕ рӕстдзинад базонын фӕнды? Кӕд о, уӕд дын ӕхсызгон уыдзӕн, куы йӕ базонай, йӕхимӕ зондджын чи кӕсы, уыдоны Хуыцау кӕй нӕ уарзы. Хуыцау уарзы, ацы дунейы «зондджынтӕ» уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕмӕ кӕсынц, уыдоны. Кӕд сӕрныллӕг дӕ ӕмӕ Библи сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ахуыр кӕныс, уӕд дӕ ныфс уӕд, Йегъовӕйы стыр лӕварӕй ды дӕр кӕй схайджын уыдзынӕ – рӕстдзинад бамбардзынӕ. Рӕстдзинад куы базонай, уӕд абон дӕр уыдзынӕ амондджын, фидӕны та цӕрдзынӕ «ӕцӕг цардӕй» – уый у, тагъд чи ралӕудзӕн, уыцы ӕнусон цард, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног зӕххыл (1 Тимофеймӕ 6:12, 19; 2 Петры 3:13). *

Январы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Матфейы 1–21

^ 5 абз. Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый базонынӕн дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Уыдон адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц чиныджы ӕххуысӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?».