Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Иудӕйы евангели» цы у?

«Иудӕйы евангели» цы у?

2006 АЗЫ апрелы ӕнӕхъӕн дунейы дӕр газетты фыстой, ахуыргӕндтӕ кӕй ссардтой рагон текст ахӕм сӕргондимӕ, «Иудӕйы евангели», зӕгъгӕ. Газетты фыст уыд, ахуыргӕндты ныхӕстӕм гӕсгӕ уыцы къухфыст цӕхгӕр кӕй ивы адӕймаджы цӕстӕнгас Иудӕмӕ, Чырыстийы чи ауӕй кодта, уыцы ахуыргӕнинагмӕ. Ахуыргӕндты ныхӕстӕй афтӕ уайы, Иудӕ ӕцӕг хъӕбатыр адӕймаг кӕй уыд, Чырыстийы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уымӕй хуыздӕр кӕй ничи ӕмбӕрста ӕмӕ йын Чырысти йӕхӕдӕг кӕй загъта, цӕмӕй йӕ ауӕй кодтаид.

Цымӕ уыцы къухфыстыл ӕууӕндӕн ис? Кӕд о, уӕд дзы цымӕ Иудӕ Искариоты тыххӕй, стӕй Йесо Чырыстийы ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты тыххӕй, раздӕр цы нӕ зыдтам, ахӕмӕй исты ис? Цымӕ ныр хъуамӕ Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайӕм?

«ИУДӔЙЫ ЕВАНГЕЛИ» КУЫД ССАРДТОЙ?

«Иудӕйы евангели» куыд ссардтой, уый бӕлвырдӕй йӕ бон зӕгъын никӕмӕн у. Ацы къухфыст археологтӕ не ссардтой, фӕлӕ 1970 азты кӕрон кӕнӕ 1980 азты райдианы кӕцӕйдӕр фӕзынд, рагон дзауматӕ кӕм фӕуӕй кӕнынц, уым. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ссардтой Египеты 1978 азы иу хибар зӕппадзы, лӕгӕты мидӕг. Ацы евангели уыд, кодексы (рагон чиныджы) цы цыппар хицӕн тексты уыди, уыдонӕй иу. Уыцы тексттӕ фыст уыдысты коптаг ӕвзагыл (уыцы ӕвзаг равзӕрд рагон египетаг ӕвзагӕй).

Сӕракцъар кодекс ӕнусты дӕргъы фӕлӕууыд Египеты, хус климӕты, фӕлӕ ныр йӕ сыфтӕ пырх кӕнын райдыдтой. 1983 азы йӕ цалдӕр ахуыргонды федтой, фӕлӕ ӕгӕр зынаргъ уыд, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ничи балхӕдта. Уый фӕстӕ азты уыцы кодексмӕ йӕ хъус кӕй ничи дардта ӕмӕ хорз бынаты ӕвӕрд кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ тагъддӕр пырх кӕнын райдыдта. 2000 азы йӕ балхӕдта рагон дзауматы куыст чи кӕны, иу ахӕм сылгоймаг Швейцарийӕ. Фӕстӕдӕр ӕй радта ахуыргӕндтӕм. Уыцы ахуыргӕндтӕ уыдысты алы бӕстӕтӕй ӕмӕ, цӕмӕй сӕ куыст размӕ цыдаид, уый тыххӕй сын ӕххуыс кодтой дыууӕ организацийы (The Maecenasa Foundation for Ancient Art ӕмӕ The National Geographic Society). Кодексӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ ныммур сты, ӕмӕ ахуыргӕндты хӕс уыд, цӕмӕй, чи ныммур, уыцы сыфтӕ баныхӕстаиккой. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккой, фыст кӕд ӕрцыд, уый ӕмӕ йӕ ратӕлмац кодтаиккой.

Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй уыцы кодекс фыст ӕрцыд н. э. 3-аг кӕнӕ 4-ӕм ӕнусы. Фӕлӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Иудӕйы евангели» коптаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой грекъаг ӕвзагӕй, ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл та фыст ӕрцыд бирӕ раздӕр. Уӕдӕ кӕд ӕмӕ чи ныффыста «Иудӕйы евангели»?

«ИУДӔЙЫ ЕВАНГЕЛИ» – ГНОСТИКТЫ ЧИНЫГ

Фыццаг хатт «Иудӕйы евангелийы» кой ӕмбӕлы Лионы епископ Иринейы къухфыстыты (цард н. э. 2-аг ӕнусы кӕрон). Йӕ чингуытӕй иуы Ириней, кӕй ахуырӕдты ныхмӕ уыд, уыцы къордтӕй иуы тыххӕй ныффыста: «Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, уӕйгӕнӕг Иудӕйы йеддӕмӕ рӕстдзинад иннӕтӕй ничи зыдта ӕмӕ уыцы сусӕгдзинад дӕр уый тыххӕй сӕххӕст кодта. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕрцы сӕххӕст сты ӕппӕт зӕххон ӕмӕ уӕларвон хъуыддӕгтӕ дӕр. Уыдон ӕрымысыдысты ахӕм мӕнг хабар ӕмӕ йӕ схуыдтой Иудӕйы евангели» (Ириней Лионский. «Против ересей»).

«Ацы Евангели Иудӕйы рӕстӕджы фыст не ’рцыд, стӕй Иудӕйы чи зыдта, ахӕм адӕймаг ӕй нӕ ныффыста»

Уӕлдай тынгдӕр Ириней уыди, афтӕ чи дзырдта, цыдӕр сусӕг зонындзинад нӕм ис, зӕгъгӕ, уыцы гностик-чырыстӕтты * ахуырӕдты ныхмӕ. Гностицизм у бирӕ къордты иумӕйаг ном. Уыцы къордтӕй алкӕцыдӕр чырыстон «рӕстдзинад» ӕмбӕрста ӕмӕ ӕмбарын кодта йӕхирдыгонау. Гностикты ахуырӕдтӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы чингуытӕ фӕзындысты н. э. 2-аг ӕнусы. Гностиктӕ сӕ ахуырӕдтӕ амыдтой иннӕ адӕмӕн дӕр.

Гностикты евангелиты-иу арӕх фыстой, Чырыстийы апостолтӕ раст кӕй не ’мбӕрстой, сӕ ахуыргӕнӕг сын цы хабары кой кодта, уый. Стӕй Чырысти кӕй амыдта цавӕрдӕр сусӕг ахуырад, ӕмӕ уыцы ахуырад иуӕй-иу ӕвзӕрстыты йеддӕмӕ йӕ бон бамбарын кӕй никӕмӕн уыд *. Гностиктӕй чидӕртӕ дзырдтой, цы дунейы цӕрӕм, уый адӕмы удтӕн ахӕстонӕй уӕлдай кӕй нӕу. Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕуӕн уыд ахӕм хъуыдымӕ, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты кӕй кой ис, уыцы «сфӕлдисӕг хуыцау», сӕхӕдӕг цы кадджын хуыцӕуттӕм куывтой, уыдонимӕ абаргӕйӕ, ахӕм бӕрзонд бынат кӕй нӕ ахсы. Ӕцӕг «зонындзинад» кӕмӕ ис, уый ацы «сусӕгдзинад» ӕмбары ӕмӕ, адӕймаджы йӕ буарӕй фервӕзын кӕй хъӕуы, уый зоны.

Уыцы хъуыды зыны «Иудӕйы евангелийы». Райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Чырысти Куадзӕн куы бӕрӕг кодта, уымӕй ӕртӕ боны размӕ аст боны дӕргъы Иудӕ Искариотимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын кӕй загъта, уыцы сусӕг ныхас».

Цымӕ, Ириней кӕй кой кодта ӕмӕ бирӕ рӕстӕг сӕфтыл нымад чи уыд, ай ӕцӕгдӕр уыцы кодекс уыд? Марвин Мейер, ацы кодекс фыццаг чи иртӕста ӕмӕ йӕ чи тӕлмац кодта, уыцы ахуыргӕндты къордӕй иу, загъта, зӕгъгӕ, Ириней «цыбыртӕй цӕй кой ракодта, уый комкоммӕ амоны ацы коптаг текстмӕ, „Иудӕйы евангели“ кӕй хонынц, уымӕ».

АЛЫХУЫЗОН ХЪУЫДЫТӔ, ИУДӔ ЦАВӔР АДӔЙМАГ УЫД, УЫЙ ФӔДЫЛ

«Иудӕйы евангелийы» Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтыл фӕхуды, исты куы нӕ фӕзонынц, уӕд. Ӕрмӕстӕр Иудӕ – 12 ахуыргӕнинагӕй иунӕг – ӕмбары, Чырысти ӕцӕгдӕр цавӕр адӕймаг у, уый. Уымӕ гӕсгӕ, Чырысти йемӕ хибарӕй куы ныхас кодта, уӕд ын раргом кодта «паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ».

Ацы евангелийы текстыл фыццаг цы къорд куыста, уыдоны тӕлмацыл тынг фӕзынд, Ириней цы загъта, уый. Сӕ тӕлмацмӕ гӕсгӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕрмӕстдӕр Иудӕйы нымадта ахӕмыл, сусӕгдзинӕдтӕ чи ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ бон «паддзахадмӕ бацӕуын» кӕмӕн уыд. Кӕд апостолтӕ Иудӕйы бӕсты ӕндӕры равзӕрстой, уӕддӕр уый иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй стырдӕр хорзӕхӕй схайджын, уымӕн ӕмӕ Чырыстийӕн баххуыс кодта йӕ зӕххон буарӕй фервӕзынӕн.

Барт Эрман ӕмӕ Элен Пэгелс, зындгонд фысджытӕ ӕмӕ, рагон чырыстон дины ӕмӕ гностикты хабӕрттӕ хорз чи зоны, ахӕм ахуыргӕндтӕ, «Иудӕйы евангелийы» фӕдыл уайтагъд сӕ хъуыдытӕ ныффыстой ӕмӕ йӕм комментаритӕ скодтой. Сӕ куыст арӕзт уыд, текстыл фыццаг чи куыста, уыцы ахуыргӕндты тӕлмацыл. Фӕлӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕндӕр ахуыргӕндтӕ, Эйприл Деконик ӕмӕ Биргер Пирсон, фӕдызӕрдыг сты, текст раст тӕлмацгонд кӕй ӕрцыд, ууыл. Куыд загътой, афтӕмӕй адӕмы дисы бафтауыны тыххӕй уыцы рагон къухфыст кӕуылты ныммыхуыр кодтой, уымӕн ничи ницы бамбӕрста. Уымӕй уӕлдай ма, загътой, зӕгъгӕ, ахӕм куыстытӕ цалынмӕ мыхуыры нӕ рацӕуынц, уӕдмӕ сын ахуыргӕндтӕ цы бӕстон анализ скӕнынц, ахӕм анализ дӕр ын конд не ’рцыд.

Ацы евангели чи иртӕста, уыцы ахуыргӕндтӕй иу дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ дзы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст ис

Кӕд Деконик ӕмӕ Пирсон иумӕ нӕ куыстой, уӕддӕр сӕ дыууӕ дӕр ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, кодексӕн йӕ иуӕй-иу сӕйраг скъуыддзӕгтӕ раст тӕлмацгонд кӕй не сты. Зӕгъӕм, уыцы тӕлмацмӕ гӕсгӕ, Чырысти Иудӕйы схуыдта «ӕртындӕсӕм уд», фӕлӕ, Деконик куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ «ӕртындӕсӕм уд» нӕ, фӕлӕ «ӕртындӕсӕм дӕлимон» схуыдта *. Уымӕй уӕлдай ма Йесо Иудӕйӕн ӕргом загъта, «паддзахадмӕ» кӕй нӕ бацӕудзӕн. Стӕй йын афтӕ нӕ загъта, иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕлдӕр уыдзынӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын загъта: «Ды се ’ппӕтӕй ӕвзӕрдӕр разындзынӕ, уымӕн ӕмӕ кӕй буары дӕн, уыцы адӕймаджы нывондӕн ӕрхӕсдзынӕ». Деконикы хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Иудӕйы евангели» у, гностиктӕ апостолтӕй ахынджылӕг кӕныны тыххӕй кӕй ӕрымысыдысты, ахӕм таурӕгъ. Деконик ӕмӕ Пирсоны хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Иудӕйы евангелийы» Иудӕ хъӕбатыр адӕймаг нӕу.

«ИУДӔЙЫ ЕВАНГЕЛИЙӔ» ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

Ацы евангели чи иртӕста, уыцы ахуыргӕндтӕй иутӕ Иудӕйы хонынц хъӕбатыр адӕймаг, иннӕтӕ та – дӕлимон. Фӕлӕ дзы иу дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ дзы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст ис. Барт Эрман ӕмбарын кӕны: «Ацы Евангели Иудӕ нӕ ныффыста, стӕй йӕ Иудӕйы фыст дӕр дзӕгъӕлы хонынц... Ацы Евангели Иудӕйы рӕстӕджы фыст не ’рцыд, стӕй Иудӕйы чи зыдта, ахӕм адӕймаг ӕй нӕ ныффыста... Уӕдӕ уӕд ацы евангели, Чырыстийы заман цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй нӕ бон ногӕй исты базонын кӕмӕй у, ахӕм чиныг нӕу».

«Иудӕйы евангели» у гностикты чиныг, фыст ӕрцыд грекъаг ӕвзагыл, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 2-аг ӕнусы. Ацы евангели, Ириней кӕй кой кодта, уыцы текст у, ӕви нӕ, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ нырма иу хъуыдымӕ не ’рцыдысты. Фӕлӕ «Иудӕйы евангели» хорз бӕлвырдгӕнӕн у, ахӕм рӕстӕг кӕй уыд, ӕмӕ мӕнг чырыстӕттӕ сӕхи ахуырӕдтӕ парахат кӕнын кӕй райдыдтой ӕмӕ чырыстон диныл хӕст адӕм бирӕ алыхуызон сектӕтыл кӕй ныддихтӕ сты, уымӕн. Ацы евангели Библийы кад дӕлдӕр нӕ кӕны, фӕлӕ бӕлвырд кӕны, апостолтӕ цы дзырдтой, уый, зӕгъӕм, Павелы ныхӕстӕ: «Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ... уӕхи ’хсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Хъуыддӕгты 20:29, 30).

^ 10 абз. Гностик у гностицизмы ахуырӕдтыл хӕст адӕймаг. Гностиктӕ цыдӕртӕ райстой мистицизмӕй, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы ӕгъдӕуттӕй, грекъаг философийӕ, иудаизмӕй ӕмӕ чырыстон динӕй.

^ 11 абз. Гностикты евангелитӕн сӕ фылдӕр схуыдтой уыцы адӕмы нӕмттӕй, афтӕ кӕмӕй хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Чырыстийы ӕцӕг ахуырӕдтӕ иннӕтӕй хуыздӕр ӕмбарынц. Афтӕ у сӕ хабар «Фомайы евангели» ӕмӕ «Марийӕ Магдалинӕйы евангелийӕн» дӕр. Абон ахӕм рагон евангелитӕ ӕдӕппӕтӕй сты 30 бӕрц.

^ 18 абз. Бирӕ ахуыргӕндтӕ разы сты, ацы евангелийы Иудӕ кӕй у дӕлимон – Йесо ӕцӕгӕй чи у, уый иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй хуыздӕр чи зыдта, уый. Уыцы ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Иудӕ у, Библийы фыст Евангелиты цы дӕлимонты кой ис, уыдоны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр, Чырысти чи у, уый хорз зыдтой (Марчы 3:11; 5:7).