Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Моисей – сӕрныллӕг адӕймаг

Моисей – сӕрныллӕг адӕймаг

ЦЫ У СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД?

Сӕрныллӕг адӕймаг хъал ӕмӕ сӕрбӕрзонд никуы вӕййы ӕмӕ иннӕты фӕнымайы йӕхицӕй уӕлдӕрыл. Сӕрныллӕг чи у, уый хъуамӕ уа бонзонгӕ, ома йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый ӕмбара.

МОИСЕЙЫ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД ЦӔМӔЙ БӔРӔГ УЫД?

Моисеймӕ кӕд стыр бартӕ уыд, уӕддӕр не ссӕрбӕрзонд. Адӕймагмӕ исты бартӕ куы фӕзыны, уӕд уайтагъд рабӕрӕг вӕййы, сӕрныллӕг у ӕви нӕ. 19-ӕм ӕнусы чи цард, иу ахӕм фыссӕг, Роберт Грин Ингерсолл, зӕгъгӕ, уый фӕдыл ныффыста: «Адӕймаг ӕцӕгдӕр цавӕр у, уый базонын дӕ кӕд фӕнды, уӕд ын бартӕ ратт». Ацы хъуыддаджы нын Моисей у фӕзминаг. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у?

Йегъовӕ Моисейӕн стыр бартӕ радта – бахӕс ын кодта, цӕмӕй израилӕгтӕн разамынд лӕвӕрдтаид. Фӕлӕ Моисей не ссӕрбӕрзонд. Ӕркӕсӕм-ма, йӕ бонзонгӕдзинад кӕм рабӕрӕг, уыцы хабӕрттӕй иумӕ. Моисейы хъуыд тынг зын фарста алыг кӕнын. Уыцы фарста баст уыд, фыды бынтӕ кӕмӕн хъуамӕ баззадаиккой, уыимӕ (Нымӕцтӕ 27:1–11). Уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ, цы уынаффӕ хъуамӕ рахастаид, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайдтаиккой фидӕны фӕлтӕртӕ дӕр.

Уӕдӕ Моисей куыд бакодта? Мыййаг афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕз израилӕгты разамонӕг дӕн, ӕмӕ цы бакӕнын хъӕуы, уый хорз зонын? Мыййаг йӕ ныфс йӕ зондыл дардта, йе та йӕ фӕлтӕрддзинадыл кӕнӕ, Йегъовӕйы хорз кӕй зыдта, ууыл?

Сӕрбӕрзонд адӕймаг, чи зоны, афтӕ хъуыды кодтаид, фӕлӕ Моисей ахӕм нӕ уыд. Библийы фыст ис: «Моисей... Йегъовӕйы бафарста, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ» (Нымӕцтӕ 27:5). Ахъуыды-ма кӕн! Кӕд израилӕгтӕн разамонӕг 40 азы бӕрц уыд, уӕд дӕр йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта, фӕлӕ Йегъовӕйыл. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Моисей уыд тынг сӕрныллӕг адӕймаг.

Моисей афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ бартӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр макӕмӕ хъуамӕ уыдаид. Йегъовӕ иннӕ израилӕгтӕн дӕр бар куы радта, цӕмӕй пехуымпартӕ уыдаиккой, уӕд ма Моисей цин дӕр бакодта (Нымӕцтӕ 11:24–29). Ӕндӕр хатт та йын йӕ каис ахӕм уынаффӕ куы радта, цӕмӕй йӕхицӕн ӕххуысгӕнджытӕ равзӕрстаид, уӕд сразы ис (Рацыд 18:13–24). Йӕ царды кӕрон та, йӕ хъару нӕма фӕцудыдта, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ бӕсты израилӕгтӕн разамонӕгӕй искӕй сӕвӕрдтаид. Ӕмӕ Йегъовӕ Навины фырт Йесойы куы равзӕрста, уӕд ын Моисей, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ израилӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕугӕйӕ Навины фырт Йесойы разамындмӕ хъуыстаиккой (Нымӕцтӕ 27:15–18; Дыккаг закъон 31:3–6; 34:7). Бӕрӕг у, Моисей алкӕддӕр кӕй аргъ кодта, израилӕгтӕн Хуыцауӕн кувыны хъуыддаджы разамынд кӕй лӕвӕрдта, уымӕн. Фӕлӕ йын уӕддӕр адӕм йӕ бартӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыдысты.

ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

Кӕд нӕм исты бартӕ ис кӕнӕ кӕд истӕмӕ хорз арӕхсӕм, уӕддӕр нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ссӕрбӕрзонд уӕм. Макуы дӕ уӕд рох: Йегъовӕйӕн нӕ курдиӕттӕй нӕ сӕрныллӕгдзинад ахсджиагдӕр у (1 Самуилы 15:17). Кӕд ӕцӕг сӕрныллӕг стӕм, уӕд архайдзыстӕм Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Моисейӕ ма ахуыр кӕнӕм ууыл дӕр, цӕмӕй нӕ бартыл ӕгӕр ма хъуыды кӕнӕм.

Мах дӕр Моисейау куы архайӕм, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, уӕд нын цымӕ уый исты пайда ӕрхӕсдзӕн? Куыннӕ! Уыцы хорз миниуӕгыл куы кусӕм, уӕд, нӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр ӕнцон уыдзӕн ӕмӕ нӕ уарздзысты. Уымӕй ахсджиагдӕр уый у, ӕмӕ нӕ уарздзӕн Йегъовӕ – нӕ сӕрныллӕг Хуыцау (Псалом 18:35). «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Петры 5:5). Уӕдӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй мах дӕр Моисейау сӕрныллӕг уӕм!