Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Моисей – уарзӕгой адӕймаг

Моисей – уарзӕгой адӕймаг

ЦЫ У УАРЗОНДЗИНАД?

Уарзондзинад уый у, ӕмӕ иннӕтӕ дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ, адджын куы уой. Адӕймаг иннӕты куы фӕуарзы, уӕд сӕм хорз зӕрдӕ фӕдары ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы йӕ ныхӕстӕй, стӕй йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр, кӕд ӕй уый тыххӕй йӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын бахъӕуы, уӕддӕр.

МОИСЕЙЫ УАРЗТ ЦӔМӔЙ БӔРӔГ УЫД?

Моисей Хуыцауы тынг уарзта. Афтӕ зӕгъын нӕ бон цӕмӕн у? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, 1 Иоанны 5:3 стихы цы фыст ис, уый: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты». Моисей Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодта. Цыдӕриддӕр-иу ын бахӕс кодта, уый-иу сарӕзта – райдай, хъомысджын фараоны ныхмӕ ӕрлӕууын ӕй кӕй хъуыд, уыцы зын хӕслӕвӕрдӕй, ӕмӕ фӕу хуымӕтӕг хӕслӕвӕрдӕй, зӕгъӕм, цӕмӕй йӕ лӕдзӕг Сырх денджызмӕ адардтаид. Зын хъуыддаг ын бахӕс кодтаид ӕви ӕнцон – алы хатт дӕр-иу, куыд-иу ын загъа, «раст афтӕ бакодта» (Рацыд 40:16).

Моисей уарзта йе ’фсымӕрты дӕр, израилӕгты. Уыдон зыдтой, Йегъовӕ сын разамынд Моисейы уылты кӕй лӕвӕрдта, ӕмӕ-иу сӕ зын фарстатимӕ уымӕ бацыдысты. Библийы кӕсӕм: «Адӕм райсомӕй изӕрмӕ лӕууыдысты йӕ разы» (Рацыд 18:13–16). Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг-иу бафӕллад Моисей, израилӕгтӕ-иу ын бон изӕрмӕ сӕ хъӕстытӕ куы кодтой, уӕд! Фӕлӕ сӕ Моисей уарзта ӕмӕ сын алы хатт дӕр баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уыд.

Моисей-иу сӕм ӕрмӕст хъусгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма-иу уыдоны тыххӕй Хуыцаумӕ куывта. Куывта-иу, йӕ ныхмӕ-иу чи рацыд, суанг уыдоны тыххӕй дӕр! Зӕгъӕм, Моисейӕн йӕ хо Мариам йӕ ныхмӕ куы дзырдта, уӕд ыл Йегъовӕ хъотыр бафтыдта. Хуыцау Мариамы кӕй бафхӕрдта, ууыл Моисей цин нӕ бакодта, фӕлӕ уайтагъд Хуыцаумӕ скуывта: «О Хуыцау, курын дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн! Лӕгъстӕ дын кӕнын, сдзӕбӕх ӕй кӕн» (Нымӕцтӕ 12:13). Моисей йӕ хойы куы нӕ уарзтаид, уӕд цымӕ афтӕ куывтаид?

ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

Нӕ бон у архайын, цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы уарзӕм, Моисей йӕ куыд тынг уарзта, афтӕ. Афтӕ йӕ куы уарзӕм, уӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕ «зӕрдӕйӕ» ӕххӕст кӕндзыстӕм (Ромӕгтӕм 6:17). Йегъовӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы фӕхъусӕм, уӕд ын ӕхсызгон вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Стӕй уый нӕхицӕн дӕр стыр пайда у. Хуыцауӕн, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд раст хъуыддӕгтӕ араздзыстӕм ӕмӕ нын уый циндзинад хӕсдзӕн (Псалом 100:2).

Моисейы ма фӕзмдзыстӕм, иннӕты удуӕлдай уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд. Не ’мбӕлттӕй кӕнӕ нын нӕ бинонтӕй исчи, цӕуыл тыхсы, уыдӕттӕ куы дзура, уӕд ӕй кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йӕм 1) зӕрдӕбынӕй байхъусдзыстӕм, 2) йӕ зындзинад ын нӕ зӕрдӕмӕ айсдзыстӕм, 3) кӕй йыл тыхсӕм, уый йын бамбарын кӕндзыстӕм.

Моисейау нӕ бон у, кӕй уарзӕм, уыдоны тыххӕй кувын. Хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын нӕ бон ӕппындӕр ницӕмӕй у баххуыс кӕнын, сӕ зындзинӕдты тыххӕй нын куы фӕдзурынц, уӕд. Чи зоны сын фӕзӕгъӕм: «Мӕ бон дын баххуыс кӕнын нӕу, фӕлӕ дӕу тыххӕй Хуыцаумӕ акувдзынӕн». Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: «Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иаковы 5:16). Искӕй тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд ын Йегъовӕ, чи зоны, баххуыс кӕна, кӕд ын уымӕй размӕ ӕххуыс кӕнынмӕ нӕ хъавыд, уӕддӕр. Уымӕй хуыздӕр сын ницӕмӕй у нӕ бон баххуыс кӕнын *.

Моисейӕ нӕ бон бирӕ цӕуылдӕрты у ахуыр кӕнын, афтӕ нӕу? Кӕд мах хуызӕн хуымӕтӕг адӕймаг уыд, уӕддӕр нын фӕзминаг у йӕ диссаджы уырнындзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ уарзондзинадӕй. Ӕмӕ цас тынгдӕр архайӕм, цӕмӕй Моисейы хуызӕн уӕм, уыйас ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр (Ромӕгтӕм 15:4).

^ 8 абз. Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 17 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.