Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

«Уынгӕ сӕ кодтон, фӕлӕ сӕ не ’мбӕрстон»

«Уынгӕ сӕ кодтон, фӕлӕ сӕ не ’мбӕрстон»

1975 азы, дыууӕ азы мыл куы цыд, уӕд, мӕ мад бамбӕрста, цыдӕр кӕй кӕнын, уый. Ӕз уыдтӕн мӕ мады хъӕбысы, афтӕмӕй йе ’мбалы къухӕй пъолмӕ уӕззау цыдӕр ӕрхауд ӕмӕ йӕ гуыпп фӕцыд. Мӕ мад бафиппайдта, уыцы хъӕрӕй стъӕлфгӕ дӕр кӕй нӕ фӕкодтон. Ӕртӕ азы мыл куы цыд, уӕд нырма нӕ дзырдтон. Стӕй мӕ бинонтӕ базыдтой, арвыцӕфау кӕмӕй фесты, ахӕм хабар – дохтыртӕ загътой, хъусӕй ӕппындӕр кӕй нӕ хъусын.

Мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, нырма гыццыл куы уыдтӕн, уӕд. Ӕмӕ мӕ мады бахъуыд иунӕгӕй хъомыл кӕнын цыппар сывӕллоны – мӕн, мӕ дыууӕ ’фсымӕры ӕмӕ мӕ хойы. Уыцы рӕстӕг Францийы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы сывӕллӕтты абон куыд ахуыр кӕнынц, афтӕ нӕ ахуыр кодтой. Куыд сӕ ахуыр кодтой, уымӕй та сын сӕ зӕрдӕтӕ цы риссын кодтой, ӕндӕр сын ницы пайда уыд. Фӕлӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕй уӕлдай мӕнӕн мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ уавӕр хуыздӕр уыд. Цӕй ӕмӕ уын мӕ хабар бӕстондӕр радзурон.

Фондз азы мыл куы цыд, уӕд

Иу рӕстӕг ахуыргӕнджытӕй бирӕтӕ хъуыды кодтой, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны кӕй хъӕуы ахуыр кӕнын дзурын ӕмӕ, иннӕтӕ цы дзурынц, уый сын сӕ былты змӕлдмӕ гӕсгӕ ӕмбарын. Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд Францийы скъолаты къухӕйамонгӕ ӕвзагӕй пайда кӕнын ӕппындӕр нӕ уагътой. Хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыцы сывӕллӕттӕй-иу иуӕй-иутӕн урокты сӕ къухтӕ фӕстӕмӕ бабастой.

Бынтон гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд мӕ цалдӕр азы дӕргъы иу дохтыр алы къуыри дӕр сахатгай дзурын ахуыр кодта. Ме ’фсӕрыл кӕнӕ-иу мын мӕ сӕрыл хӕцыдысты, ӕз та-иу хъуамӕ дзырдтаин ӕмӕ дзырдтаин, кӕй нӕ хъуыстон, уыцы ныхӕстӕ. Иннӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын мӕ бон нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг куыд тынг хъизӕмар кодтон, уый мӕ бон зӕгъын дӕр нӕу.

Ӕхсӕз азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ арвыстой, хъусӕй чи нӕ хъуыста, ахӕм сывӕллӕттӕ кӕм ахуыр кодтой, уыцы скъоламӕ. Уым фыццаг хатт фембӕлдтӕн мӕхи хуызӕн сывӕллӕттыл. Фӕлӕ ам дӕр къухӕйамонгӕ ӕвзагыл дзурын нӕ уагътой. Къласы-иу нӕ кӕрӕдзийӕн истытӕ къухтӕй амонгӕ куы федтой, уӕд-иу нын нӕ къухтӕ ӕрцавтой кӕнӕ-иу нын нӕ сӕрыхъуынтӕ сивӕзтой. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сусӕгӕй кӕрӕдзийӕн цыдӕртӕ амыдтам, нӕхӕдӕг цы ӕвзаг ӕрхъуыды кодтам, ууыл. Кӕдӕй-уӕдӕй мӕ бон сси иннӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын! Афтӕ райдыдтой мӕ цыппар амондджын азы.

Фӕлӕ мыл дӕс азы куы сӕххӕст, уӕд мӕ барвыстой ӕнӕуи скъоламӕ, цӕмӕй ахуыр кодтаин, хъусӕй чи хъусы, ахӕм сывӕллӕттимӕ. Мӕ ныфс бынтондӕр асаст. Хъуыды кодтон, ӕмӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы сывӕллӕттӕ иууылдӕр амардысты ӕмӕ ма дзы ӕнӕхъӕн дунейы ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн. Дохтыртӕ тарстысты, цӕуыл мӕ сахуыр кодтой, уый мӕ куы ферох уа, ӕмӕ мӕ бинонтӕн загътой, цӕмӕй къухӕйамонгӕ ӕвзаг ма сахуыр кодтаиккой ӕмӕ мӕ мӕхи хуызӕн сывӕллӕттимӕ дзурын ма уагътаиккой. Абон дӕр ма хъуыды кӕнын, иухатт хъусты дохтырмӕ куыд бацыдыстӕм, уый. Йӕ стъолыл уыд къухӕйамонгӕ ӕвзаджы чиныг. Йӕ цъарыл цы нывтӕ уыд, уыдон куы ауыдтон, уӕд ӕм къухӕй ацамыдтон ӕмӕ загътон: «Уый мӕ хъӕуы!» Фӕлӕ дохтыр чиныг уайтагъд амбӕхста *.

БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН РАЙДЫДТОН

Нӕ мад архайдта, цӕмӕй нӕ чырыстон закъӕттӕм гӕсгӕ хъомыл кодтаид. Йемӕ нӕ кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ Мериньякмӕ, Бордомӕ хӕстӕг. Гыццыл кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕмбырдты цӕуыл дзырдтой, уый хорз не ’мбӕрстон. Фӕлӕ-иу ӕмбырды чи уыд, уыдон-иу радгай мӕ фарсмӕ сбадтысты, ӕмӕ-иу дзы цӕуыл дзырдтой, уый мын-иу гӕххӕттыл фыстой. Куыд уарзӕгой уыдысты ӕмӕ мыл куыд тыхстысты, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Хӕдзары та мӕ мад мемӕ ахуыр кодта Библи, фӕлӕ мӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый кӕронмӕ никуы бамбӕрстон. Мӕхимӕ цӕмӕйдӕр пехуымпар Данелы хуызӕн кастӕн, уымӕн ӕмӕ йын зӕд Хуыцауы ныхас куы фехъусын кодта, уӕд загъта: «Ӕз уыдӕттӕ фехъуыстон, фӕлӕ сӕ нӕ бамбӕрстон» (Данел 12:8). Ӕз та уыдтӕн ахӕм уавӕры: уынгӕ сӕ кодтон, фӕлӕ сӕ не ’мбӕрстон.

Фӕлӕ уӕддӕр Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ сабыргай ӕмбарын райдыдтон. Хорз цы бамбӕрстон, уыдӕттӕн тынг аргъ кодтон ӕмӕ архайдтон, цӕмӕй уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кодтаин. Цӕуылдӕрты ма ахуыр кодтон иннӕтӕм кӕсгӕйӕ дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, цӕмӕй фӕразон уӕм (Иаковы 5:7, 8). Ӕрмӕст, уый цы нысан кӕны, уый не ’мбӕрстон. Фӕлӕ ӕмбырды адӕм уыцы миниуӕг куыд ӕвдыстой, уый фӕрцы бамбӕрстон, фӕразондзинад цы у, уый. Ӕцӕгдӕр, ӕмбырд мын тынг баххуыс кодта.

СТЫР ЗЫНДЗИНАД ӔМӔ ДИССАДЖЫ ХОРЗ ХАБАР

Стефан мын ӕххуыс кодта Библи бамбарынӕн

Иухатт, мӕ рӕзгӕ кары ма куы уыдтӕн, уӕд, уынджы федтон, хъусӕй чи нӕ хъуыста, цалдӕр ахӕм ӕрыгон адӕймаджы кӕрӕдзиимӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл куыд ныхас кодтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕр райдыдтон семӕ сусӕгӕй ӕмбӕлын ӕмӕ французаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг ахуыр кӕнын. Ӕмбырдтӕм дӕр цыдтӕн. Уым мыл иу ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Стефан, зӕгъгӕ, тынг тыхсти, архайдта, цӕмӕй исты хуызы мемӕ ныхас кодтаид, ӕмӕ йыл ӕз дӕр тынг сахуыр дӕн. Фӕлӕ мӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст стыр зындзинад: Стефан ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Мӕ ныфс асаст! Мӕхимӕ ныхъхъуыстон ӕмӕ ӕмбырдтӕм нал цыдтӕн.

11 мӕйы фӕстӕ Стефаны ахӕстонӕй рауагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ ӕрыздӕхт. Ахъуыды-ма кӕнут, куыд тынг бацин кодтон, Стефан мемӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд. Мӕ цӕстытыл не ’ууӕндыдтӕн! Цымӕ цы ’рцыд? Ахӕстоны Стефан сахуыр кодта французаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг. Стефан мын къухӕй цы амыдта ӕмӕ йӕ цӕсгом куыд змӕлын кодта, уымӕ кӕсгӕйӕ фырцинӕй цы акодтаин, уый нал зыдтон, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр ӕмбӕрстон.

РӔСТДЗИНАД ӔМБАРЫН РАЙДЫДТОН

Стефан мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмбарын райдыдтон, уымӕй размӕ Библийӕ цы зыдтон, уыдӕттӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, уый. Гыццылӕй тынг уарзтон, нӕ публикациты цы рӕсугъд нывтӕ уыд, уыдонмӕ кӕсын. Нывтыл-иу чи уыд, уыцы адӕмы-иу кӕрӕдзиимӕ барстон ӕмӕ-иу сӕм тынг лӕмбынӕг кастӕн, цӕмӕй-иу сӕ хорз бахъуыды кодтаин. Ӕз зыдтон Авраамы тыххӕй, стӕй йӕ «байзӕддӕгты» ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй дӕр, фӕлӕ, цы нысан кодтой, уыдӕттӕ бамбӕрстон, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл мын сӕ куы бацамыдтой, ӕрмӕстдӕр уӕд (Райдиан 22:15–18; Раргомад 7:9). Ӕз ссардтон мӕхи ӕвзаг, мӕ зӕрдӕ мын чи агайы, уыцы ӕвзаг.

Ӕмбырдты-иу цы дзырдтой, уый ӕмбарын кӕй райдыдтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ зӕрдӕ ради ӕмӕ мӕ фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Уыцы хъуыддаджы мын Стефан тынг баххуыс кодта, ӕмӕ 1992 азы мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ донаргъуыд райстон. Фӕлӕ мын кӕд цыдӕртӕ бантыст, уӕддӕр мын адӕмимӕ зын уыди – гыццылӕй мӕ бон семӕ ныхас кӕнын кӕй нӕ уыд, уый мыл тынг фӕзынд.

ТОХ КӔНЫН, ӔФСӔРМЫГӔНАГ КӔЙ ДӔН, УЫЦЫ МИНИУӔГИМӔ

Раздӕр ӕз уыдтӕн, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы къорды. Фӕлӕ нӕ уый фӕстӕ баиу кодтой, Бордомӕ ’ввахс Пессакы цы ӕмбырд уыд, уыимӕ. Уый не ’ппӕтӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕци, ӕмӕ рӕстдзинад ноджы арфдӕр ӕмбарын райдыдтон. Тынг ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй уыдтӕн ӕмӕ уыцы миниуӕгӕй кӕй нӕма фервӕзтӕн, уымӕ гӕсгӕ, хъусӕй чи хъуыста, уыцы ӕмбӕлттӕ архайдтой, цӕмӕй-иу алцыдӕр бамбӕрстаин. Иу лӕг ӕмӕ ус, Жилль ӕмӕ Элоди, тынг архайдтой, цӕмӕй мемӕ ныхас кодтаиккой. Арӕх-иу мӕ фӕсӕмбырд семӕ хӕрынмӕ кӕнӕ иумӕ къофи баназынмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй тынг балымӕн стӕм. Цӕй стыр амонд у, уарзӕгой Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыцы адӕмы ’хсӕн уай, уый!

Мӕ цардӕмбал Ванессӕ мын у стыр ӕххуыс

Уыцы ӕмбырды базонгӕ дӕн иу рӕсугъд хо Ванессӕимӕ, фӕлмӕн ӕмӕ рӕстдзинад уарзаг адӕймагимӕ. Хъусӕй кӕй нӕ хъуыстон, уый йӕ мемӕ ныхас кӕнын нӕ хъыгдардта – йӕхицӕн ма уый хорз фадатыл дӕр нымадта, цӕмӕй къухӕйамонгӕ ӕвзаг хуыздӕр базыдтаид. Ванессӕйы бауарзтон, ӕмӕ 2005 азы нӕ цард баиу кодтам. Кӕд мын иннӕтимӕ ныхас кӕнын зын у, уӕддӕр мын Ванессӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй дӕн, уыцы миниуӕгимӕ тох кӕнон ӕмӕ ӕргомдӕр уон. Бузныг дзы дӕн, кӕй мын ӕххуыс кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ бон кӕй у, ӕмбырды мыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын.

НОДЖЫ МА ИУ АРФӔДЗИНАД ЙЕГЪОВӔЙӔ

Ванессӕимӕ мӕ цард цы аз баиу кодтам, уыцы аз мӕ фӕхуыдтой Лувьемӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ Францийы, цӕмӕй иу мӕй тӕлмацгӕнджытимӕ бакуыстаин. Фӕстаг азты филиал бирӕ бакуыста, цӕмӕй цалдӕр публикацийы дисктыл французаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл рауагътаиккой. Фӕлӕ куыст нырма бирӕ уыд ӕмӕ тӕлмацгӕнджыты хъуыди ӕххуыс.

Раныхас французаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл

Нӕ дыууӕ дӕр ӕй ӕмбӕрстам, филиалы лӕггад кӕнын стыр кад ӕмӕ Йегъовӕйы арфӕдзинад кӕй у. Фӕлӕ ӕргом зӕгъгӕйӕ, тӕрсгӕ дӕр кодтам. Хъуыды кодтам, нӕ къорд цы бауыдзӕн? Нӕ хӕдзар куыд уыдзӕн? Ванессӕ ног бынаты йӕхицӕн куыст ссардзӕн? Фӕлӕ дзӕгъӕлы тыхстыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр баххуыс кодта. Уыдтон ӕй, Йегъовӕ мах дӕр ӕмӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмы дӕр куыд уарзы, уый.

ӔМВӔНД-ӔМЗОНДӔЙ ЧИ ЦӔРЫ, УЫЦЫ АДӔМЫ ӔХХУЫС

Тӕлмацгӕнӕджы куыст кӕнгӕйӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон, цы стыр куыст цӕуы, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕм Хуыцауы базоной, уый тыххӕй. Куыд ӕхсызгон мын у, ме ’мкусджытӕй бирӕтӕ кӕй архайынц, цӕмӕй мемӕ ныхас кӕнын сӕ бон уа! Мӕ зӕрдӕ мын бацагайы, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы ныхӕстӕ сахуыр кодтой, уыдон зӕгъын мын кӕй фӕархайынц, уый. Хъусӕй кӕй нӕ хъусын, уый мӕ рох дӕр фӕвӕййы. Йегъовӕйы адӕм сӕ уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц, уыдон иууылдӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй цӕрынц (Псалом 133:1).

Кусын филиалы тӕлмацгӕнджыты хайады

Йегъовӕйӕ стыр бузныг дӕн, ӕмбырды-иу мын алкӕддӕр ахӕм адӕймаг кӕй радта, чи-иу мын баххуыс кодта. Мӕнау хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕм цӕмӕй нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы базоной ӕмӕ йемӕ хорз ӕмбӕлттӕ суой, уый тыххӕй цы куыст цӕуы, уым мӕ фыдӕбон дӕр кӕй ис, уымӕй дзы бузныг дӕн. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын уыцы бонмӕ, адӕмы сӕ кӕрӕдзиимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын куы ницыуал хъыгдара, се ’ппӕт дӕр иу бинонтау куы цӕрой ӕмӕ иууылдӕр куы дзурой «сыгъдӕг ӕвзагыл» – Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй рӕстдзинад куы базоной (Софони 3:9).

^ 9 абз. Ӕрмӕстдӕр 1991 азы Францийы хицауад сфидар кодта закъон, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн пайда кодтаиккой къухӕйамонгӕ ӕвзагӕй.