Чырысти йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыд?
ЧЫРЫСТИ ӕцӕгдӕр уыд райгонд йӕ цардӕй? Йесо схъомыл ис хуымӕтӕг бинонты ’хсӕн ӕмӕ хъӕздыг никуы уыд. Ӕцӕгдӕр, Йесойӕн, «йӕ сӕр кӕм ӕркъул кодтаид, уый дӕр нӕ уыд» (Лукайы 9:57, 58). Уымӕй уӕлдай ма дзы йе знӕгтӕ се сӕфт уыдтой, мӕнг ныхӕстӕ дзы кодтой ӕмӕ ма йӕ фӕстагмӕ маргӕ дӕр акодтой.
Чи зоны зӕгъдзынӕ: «Ахӕм цардӕй райгонд куыд хъуамӕ уай?» Фӕлӕ Йесойы царды ӕрмӕст зындзинӕдтӕ нӕ уыд. Ӕркӕсӕм-ма, йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыд, уыцы хъуыддӕгтӕй цыппармӕ.
1. ЧЫРЫСТИ ЗЫДТА, ЦӔМӔН ЦАРД, УЫЙ – ЦӔМӔЙ ЙӔ ФЫДЫ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КОДТАИД.
«Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын» (Иоанны 4:34).
Йесо архайдта, цӕмӕй йӕ алы ныхасӕй дӕр ӕмӕ йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыдаид, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы * фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕй кӕй фӕндыд. Уый йын хаста стыр циндзинад. Уӕлдӕр цы стих ис, уымӕй куыд зыны, афтӕмӕй, йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын абарста хӕринагимӕ. Ӕркӕсӕм-ма, афтӕ кӕд загъта, уымӕ.
Ацы ныхӕстӕ Чырысти загъта сихор афон (Иоанны 4:6). Райсомӕй суанг ӕмбисбонмӕ фӕцыд Самарийы хӕхбӕсты ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕххормаг. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын дзырдтой: «Ахуыргӕнӕг, исты ахӕр» (Иоанны 4:31). Йесо сын цы дзуапп радта, уымӕй равдыста, Хуыцауы фӕндон куы феххӕст кӕны, уӕд ӕй уый цыфӕнды хӕринагӕй тынгдӕр кӕй бафидар кӕны. Куыд хъуыды кӕныс, Чырысти йӕ цардӕй райгонд куы нӕ уыдаид, уӕд афтӕ загътаид?
2. ЧЫРЫСТИ ЙӔ ФЫДЫ ТЫНГ УАРЗТА.
«Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоанны 14:31).
Чырысти ма уӕларвыл куы уыд, уӕд йӕ Фыдимӕ сӕ кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Йесо йӕ Фыды тынг кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ номы тыххӕй, йӕ фӕндты ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй адӕмӕн дзырдта. Йӕ ныхӕстӕй, йӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ зондахастӕй Чырысти афтӕ тынг уыд йӕ Фыды хуызӕн, ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй фӕкӕсӕм. Уымӕ гӕсгӕ, Филипп Йесойӕн куы загъта, «фенын-ма нын кӕн Фыды», зӕгъгӕ, уӕд ын дзуапп радта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:8, 9).
Чырысти йӕ Фыды афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ йын суанг мӕлӕты онг дӕр коммӕгӕс уыд (Филиппӕгтӕм 2:7, 8; 1 Иоанны 5:3). Уыцы уарзондзинады фӕрцы Йесо йӕ цардӕй уыд райгонд.
3. ЧЫРЫСТИ УАРЗТА АДӔМЫ.
«Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоанны 15:13).
Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидӕнӕй ницы ныфс ис. Библи нын ӕмбарын кӕны: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Тӕригъӕд нӕ цӕмӕ ’ркодта, уымӕй, ома мӕлӕтӕй, нӕ бон фервӕзын нӕу (Ромӕгтӕм 6:23).
Фӕлӕ, нӕ амондӕн, Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй нӕ уыцы уавӕрӕй фервӕзын кӕна. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йе ’ххӕст ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд Фырт, Йесо, фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ царды аргъӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар кодтаид. Чырысти Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ барвӕндонӕй сразы ис, цӕмӕй йе ’ххӕст цард мах тыххӕй радтаид (Ромӕгтӕм 5:6–8). Уыцы удуӕлдай уарзондзинад дӕр ын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ цардӕй райгонд уыдаид *.
4. ЧЫРЫСТИ ЗЫДТА, ЙӔ ФЫД ӔЙ КӔЙ УАРЗЫ ӔМӔ ДЗЫ РАЙГОНД КӔЙ У.
«Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17).
Ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта, Чырысти донаргъуыд куы райста, уӕд. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, йӕ Фыртӕй райгонд кӕй у. Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, Чырысти афтӕ цӕмӕн загъта: «Мӕ Фыд мӕ... уарзы» (Иоанны 10:17). Йӕ Фыд ӕй кӕй уарзы, уый кӕй зыдта, уый йын хъарутӕ лӕвӕрдта фидар фӕлӕууынӕн, йӕ ныхмӕ-иу куы цыдысты ӕмӕ йыл-иу куы худтысты, уӕд. Уый руаджы мӕлӕтӕй дӕр нӕ фӕтарст (Иоанны 10:18). Уӕдӕ йӕ йӕ Фыд кӕй уарзы, уый кӕй зыдта, уый дӕр ын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ цардӕй райгонд уыдаид.
Куыд федтам, афтӕмӕй Чырысти йӕ цардӕй райгонд уыд. Кӕд мах дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм, уӕд Чырыстийӕ нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. Куыд цӕрын хъӕуы, уый тыххӕй Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн радта бирӕ хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ дзы иннӕ статьяйы цалдӕрмӕ ӕркӕсдзыстӕм.
^ 6 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.
^ 15 абз. Чырысти йӕ туг адӕмы тыххӕй кӕй ныккалдта, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.