СӔЙРАГ ТЕМӔ: АДӔМ КӔРӔДЗИМӔ ӔВЗӔР ЦӔСТӔЙ НАЛ КӔСДЗЫСТЫ. КӔД?
Алы ран дӕр адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц
ДЖОНАТАН у корейаг, фӕлӕ райгуырд Америкӕйы. Гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕм иннӕтӕ ӕвзӕр цӕстӕй кастысты, уыдоны хуызӕн кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Куы сыстыр, уӕд сфӕнд кодта, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй йӕм кӕм ничи кастаид, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Джонатан дохтыр сси ӕмӕ ацыд цӕгат Аляскӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уым чи цӕры, уыцы адӕмӕй дӕр бирӕтӕ корейӕгты ӕнгӕс сты. Ныфс ӕй уыд, уым, зӕххы кӕрон, уазал дымгӕты ’хсӕн, йӕ бон кӕй бауыдзӕн бамбӕхсын, уазал дымгӕтӕй фыддӕр цы у, уымӕй – адӕмы ӕнӕрвӕссон цӕстӕнгасӕй.
Фӕлӕ иухатт 25-аздзыд сылгоймаджы куы дзӕбӕх кодта, уӕд йӕ ныфс асаст. Сылгоймаг уыд комӕйы, фӕлӕ йӕхимӕ куы ’рцыд ӕмӕ Джонатаны куы ауыдта, уӕд ӕй сӕлгъыста, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрӕнбонты ахуыр кодтой корейӕгтӕй йе сӕфт уынын. Джонатанӕн цыма йӕ зӕрдӕйы исчи кард фӕцавта, уыйау фӕци: цӕмӕй иннӕ адӕмӕй ма хицӕн кодтаид ӕмӕ йӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй мачиуал кастаид, уый тыххӕй зӕххы кӕронмӕ ацыд, фӕлӕ дзӕгъӕлы.
Джонатаны хабарӕй зыны, адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕм нӕ кӕсынц, зӕххыл ахӕм къуым кӕй нӕй. Уӕдӕ адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым алы ран дӕр кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц.
Ӕмӕ кӕд хабар афтӕ у, уӕддӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр дзурынц, иннӕтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсын раст кӕй нӕу. Ӕмӕ уый диссаг у, уымӕн ӕмӕ уый кӕд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕддӕр алы ран дӕр афтӕ у. Хабар, ӕвӕццӕгӕн, уый мидӕг ис, ӕмӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын растыл чи нӕ нымайы, уыдонӕн сӕ фылдӕр не ’мбарынц, сӕхимӕ дӕр уыцы миниуӕг кӕй ис. Дӕуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис?
ДӔ ЗӔРДӔМӔ НЫККӔС
Мыййаг, иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ кӕсыс? Адӕймагӕн зын вӕййы йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ бамбарын, ахӕм миниуӕг ӕм ис ӕви нӕй. Библийы фыст ис, афтӕ цӕмӕн у, уый: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис» (Йереми 17:9). Уӕдӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхи сайӕм, зӕгъгӕ, адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, кӕцыдӕр адӕмтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый сӕхи аххос у.
Адӕймагӕн зын вӕййы раиртасын, искӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы ӕви нӕ. Уый бамбарыны тыххӕй ахъуыды кӕн иу цӕвиттоныл: ӕхсӕвыгон талынг уынджы фӕцӕуыс, ӕмӕ уалынмӕ дыууӕ фидӕрттӕ арӕзт ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаджы дӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы, ӕмӕ дӕм афтӕ фӕкаст, цыма дзы иуӕн йӕ къухы цыдӕр ис.
Мыййаг, ахъуыды кӕндзынӕ, адон мын ныртӕккӕ исты бакӕндзысты, зӕгъгӕ? Уымӕй размӕ дӕр-иу ахӕм уавӕрты бахаудтӕ, ӕмӕ йӕ зоныс, дӕхи кӕй хъуамӕ хъахъхъӕнай. Фӕлӕ уӕд хъуамӕ афтӕ ахъуыды кӕнай, ӕмӕ дын уыцы дыууӕ нӕлгоймагӕй дӕр тӕссаг у? Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та у, уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы фенгӕйӕ куыд фенхъӕлдтай, кӕцы адӕмыхаттӕй сты? Ацы фарстайӕн цы дзуапп ратдзынӕ, уымӕй рабӕрӕг уыдзӕн, искӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсыс ӕви нӕ.
Ӕвӕццӕгӕн, иу адӕймаг дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йӕм уыцы ӕнкъарӕн ма уа, ӕрмӕст иутӕн тыхджындӕр вӕййы, иннӕтӕн та лӕмӕгъдӕр. Иутӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй арӕхдӕр цӕй тыххӕй фӕкӕсынц, уый Библи афтӕ ӕмбарын кӕны: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ [ома адӕймагӕн йӕ хуызмӕ]» (1 Самуилы 16:7). Адӕм иууылдӕр уыцы «низӕй» рынчын кӕй сты,– бирӕтӕн ма уый сӕ цард ӕнад дӕр кӕны,– уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры ахӕм фарста: цымӕ уыцы «низӕй» искуы фервӕздзыстӕм? Ӕмӕ цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй ничи никӕмӕуал кӕсдзӕн?