Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИРӔТӔН ХУЫЦАУЫ УАРЗЫН ЗЫН ЦӔМӔН У?

Рӕстдзинад уӕ ссӕрибар кӕндзӕн

Рӕстдзинад уӕ ссӕрибар кӕндзӕн

Иухатт, Йесо Иерусалимы адӕмӕн йӕ Фыд Йегъовӕйы тыххӕй куы дзырдта, уӕд дины цӕстмӕхъус разамонджыты хъуыддӕгтӕ раргом кодта (Иоанны 8:12–30). Йесо сын цы загъта, уымӕй абон мах ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнӕм, адӕмӕй бирӕтӕ Хуыцауы тыххӕй цы дзурынц, уый раст у ӕви нӕу. Чырысти загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:31, 32).

«Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрут». Ацы ныхӕстӕй Йесо равдыста, дины ахуырӕдтӕ раст сты ӕви нӕ, уый куыд сбӕрӕг кӕнӕн ис, уый. Уӕдӕ Хуыцауы тыххӕй исты куы фехъусыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цымӕ уый, Чырысти цы дзырдта, стӕй Сыгъдӕг Фыстады Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ раст у?» Апостол Павелы ныхӕстӕм чи хъуыста ӕмӕ «алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг [чи] иртӕста, зӕгъгӕ нын цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ», уыдоны фӕзм (Хъуыддӕгтӕ 17:11).

Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыдон – Марко, Розӕ ӕмӕ Раймондӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи куы ахуыр кодтой, уӕд лӕмбынӕг иртӕстой, цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый Библимӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕ. Цымӕ, цы базыдтой, уый тыххӕй цы зӕгъынц?

Марко: «Мемӕ ӕмӕ мӕ бинойнагимӕ Библи чи ахуыр кодта, уый-иу нын нӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта Фыстадӕй. Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтам, стӕй нӕ кӕрӕдзийы дӕр хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам!»

Розӕ: «Фыццаг мӕм афтӕ каст, ӕмӕ Библийы фыст ис зондджын адӕмы хъуыдытӕ, Хуыцау цавӕр Хуыцау у, уый фӕдыл. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дзы мӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп ссардтон. Ныр ӕй ӕмбарын, Хуыцау удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йыл мӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарын».

Раймондӕ: «Ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид, ӕмӕ йӕ хуыздӕр базыдтаин. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕ цардӕмбалимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам. Ӕмӕ цӕмӕ бӕллыдыстӕм, уый нӕ къухы бафтыд – Йегъовӕйы базыдтам! Цавӕр Хуыцау у, уый куы базыдтам, уӕд нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд».

Хуыцауӕй цы мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, Библи ӕрмӕст уый не ’ргом кӕны. Нӕ бон дзы у базонын йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй дӕр. Библи у Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «ӕмбарӕм, Хуыцау нын цӕстуарзонӕй цы радта, уыдӕттӕ» (1 Коринфӕгтӕм 2:12). Хорз уаид, куы базониккам, адӕммӕ Хуыцауы тыххӕй арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уый, зӕгъӕм, адӕймаг цӕмӕн цӕры ӕмӕ нӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн дзуапп базонӕн ис сайты www.pr418.com. Кӕд дӕ Библи ахуыр кӕнын фӕнды, уӕд ныффысс нӕ сайтмӕ кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъ. Библи ахуыр кӕнын куы райдайай, уӕд бамбардзынӕ, Хуыцауы уарзын, ӕнхъӕл куыд уыдтӕ, уымӕй бирӕ ӕнцондӕр кӕй у.