Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Хуыцау арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн

Хуыцау арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн

Цымӕ Йегъовӕ аргъ кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй цы аразынц, уымӕн? Чи зоны, исчи зӕгъа, нӕ аргъ кӕны, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы нӕ хъӕуынц. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Библийӕ бӕлвырд базонӕн ис, Хуыцау ӕцӕгӕй цавӕр у, уый. Уым фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕны. Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел Дзуттӕгтӕм 11:6 стихы цы загъта, уымӕ.

Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын? Павел ныффыста: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй». Апостол Павел афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнын зын у, фӕлӕ, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн кӕй нӕй. Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнынӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕм уырнындзинад уа.

Нӕ уырнындзинад цавӕр хъуамӕ уа, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм? Ахӕм уырнындзинадӕн ӕнӕмӕнг сты дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: хъуамӕ нӕ уырна, «Хуыцау кӕй ис», уый. Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд хъуамӕ барухс кӕнӕм, кӕй ис, ууыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд? Фӕлӕ ӕцӕг уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, Йегъовӕ кӕй ис, уый дӕр уырна, уымӕн ӕмӕ уый хӕйрӕджыты дӕр уырны (Иаковы 2:19). Хуыцау ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый нӕ куы уырна, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕй, ома, Хуыцауы куыд фӕнды, нӕ цард афтӕ куы аразӕм, уымӕй (Иаковы 2:20, 26).

Дыккаг: мах «хъуамӕ уырна», Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй «арфӕ кӕны». Ӕцӕг уырнындзинад кӕмӕ ис, уый фидарӕй зоны, Хуыцауы куыд фӕнды, йӕ цард афтӕ аразыныл куы архайа, уӕд йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Фӕлӕ кӕд дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цӕмӕй нын арфӕ кӕна, уӕд ын йӕ зӕрдӕ куыд барухс кӕндзыстӕм? (Иаковы 1:17; 1 Петры 5:7). Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцау адӕмыл нӕ тыхсы, нӕ сын арфӕ кӕны ӕмӕ хӕларзӕрдӕ нӕу, уыцы адӕймаг ӕцӕг Хуыцауы нӕ зоны.

Йегъовӕ кӕмӕн арфӕ кӕны? Зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн, зӕгъгӕ, загъта апостол Павел. Библи тӕлмацгӕнджытӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзагӕй дзырдбаст «зӕрдиагӕй агурын»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды уый нӕу, ӕмӕ Хуыцауы ссарыныл кӕнӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл архайай, фӕлӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕныныл архайай. Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзаджы ацы мивдисӕг цы формӕйы ис, уый амоны, адӕймаг ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайа. Йегъовӕ арфӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ чи уарзы ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдонӕн (Матфейы 22:37).

Кӕд дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цӕмӕй нын арфӕ кӕна, уӕд ын йӕ зӕрдӕ куыд барухс кӕндзыстӕм?

Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд арфӕ кӕны? Йегъовӕ нын дӕтты диссаджы ныфс фидӕнӕй – ӕнусон цард дзӕнӕты зӕххыл. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау у тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ нӕ тынг уарзы (Раргомад 21:3, 4). Фӕлӕ абон дӕр, Йегъовӕйы зӕрдиагӕй чи агуры, уыдон хайджын сты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ, йӕ Ныхасы цы ӕнӕкӕрон зонд ис, уый фӕрцы нӕ цардӕй райгонд стӕм (Псалом 144:15; Матфейы 5:3).

Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕхи йын чи снывонд кодта ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн. Уӕдӕ ахӕм Хуыцаумӕ баввахс уай, уый дӕ нӕ фӕнды? Кӕд о, уӕд хорз уаид, фылдӕр куы базонис, цавӕр уырнындзинад дӕм хъуамӕ уа ӕмӕ йӕ цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ӕвдисай, цӕмӕй дӕ Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕна.

Ноябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Титмӕ 1–3; Филимонмӕ 1–25; Дзуттӕгтӕм 1–13Иаковы 1–5