УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ АХУЫР КӔНУТ
Йесо Чырысти: ноггуырд сывӕллон ӕви Паддзах?
Алы аз дӕр декабры бирӕ бӕстӕты фенӕн вӕййы ахӕм нывтӕ: ноггуырд Йесо хуыссы кӕвдӕсы – фосӕн хос ӕвӕрд кӕм вӕййы, ахӕм стыр асыччы. Фӕлӕ цымӕ Чырысти абон дӕр гыццыл сывӕллон у?~ * Уый базондзыстӕм, иухатт Вифлееммӕ хӕстӕг фыййӕуттӕ быдыры куы уыдысты, уӕд цы хабар ӕрцыд, уымӕй.
Фыййӕутты раз ӕвиппайды зӕд февзӕрд ӕмӕ загъта: «Абон... райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Хицау Чырысти!» Стӕй ма сын загъта, кӕй йӕ ссардзысты «кӕвдӕсы, хӕцъилты тыхтӕй». Ӕваст уыцы зӕды раз февзӕрд дуне зӕдтӕ, ӕмӕ «Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой».
Зӕдтӕ Хуыцауы куыд кадджын кӕнынц, уый куы фехъуыстаис, уӕд ды та куыд кодтаис?~ Фыййӕуттӕ тынг бацин кодтой! Уыдон загътой: «Рӕвдздӕр цомут Вифлееммӕ ӕмӕ, цы ’рцыд... уый фенӕм». Уым «ссардтой Марийӕ ӕмӕ Иосифы, ноггуырд та хуыссыд кӕвдӕсы».
Гыццыл фӕстӕдӕр иннӕтӕ дӕр ӕрцыдысты Вифлееммӕ, Марийӕ ӕмӕ Иосиф кӕм уыдысты, уырдӕм. Фыййӕуттӕ сын куы радзырдтой, хабар куыд уыд, уый, уӕд иууылдӕр тынг дис кодтой. Уыцы диссаджы хабӕрттӕ кӕй зоныс, ууыл нӕ цин кӕныс?~ Хуыцауы чи уарзы, уыдон иууылдӕр цин кӕнынц. Ныр та аныхас кӕнӕм, Чырыстийы райгуырдыл афтӕ тынг цӕмӕн цин кӕнӕм, ууыл. Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, цалынмӕ Марийӕ мой не скодта, уӕдмӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонмӕ.
Иухатт иу зӕд, Гавриил, Марийӕмӕ фӕзынд, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ дын сывӕллон райгуырдзӕн ӕмӕ «уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт». Гавриил ма загъта: «Ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн».
Марийӕмӕ йӕ ныхӕстӕ диссаг фӕкастысты, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы
ӕрцыд. Фӕлӕ йын Гавриил бамбарын кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн». Стӕй ма йын загъта: «Цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт». Хуыцау йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй кӕй рахаста ӕмӕ зӕххон сылгоймаг Марийӕйӕ кӕй райгуырд, уый уыд стыр диссаг!Мыййаг, искуы федтай, гыццыл Йесомӕ ӕртӕ «куырыхон лӕджы» фыййӕуттимӕ куыд ӕрбацыдысты, ахӕм нывтӕ?~ Рождествойы рӕстӕг сӕ тынг арӕх вӕййы фенӕн. Фӕлӕ уыцы нывты цы ӕвдыст вӕййы, уый раст нӕу. Уыцы «куырыхон лӕгтӕ» уыдысты стъалыдӕснытӕ, кӕнӕ астрологтӕ. Цы куыст кодтой, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Ӕркӕсӕм-ма, Вифлееммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд цы уыд, уымӕ. Библийы фыст ис: «Хӕдзармӕ мидӕмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой сывӕллоны йӕ мад Марийӕимӕ». Уӕдӕ уыцы рӕстӕг Йесо ноггуырд сывӕллон нал уыд ӕмӕ кӕвдӕсы нал хуыссыд. Уӕдмӕ гыццыл бахъомыл ӕмӕ йӕ мад Марийӕимӕ ӕмӕ йӕ фыд Иосифимӕ цард хӕдзары!
Цымӕ стъалыдӕснытӕ Йесойы куыд ссардтой?~ Уыдоны «стъалы» Вифлееммӕ не ’ркодта, фӕлӕ сӕ фыццаг ӕркодта Иерусалиммӕ, паддзах Иродмӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Ироды фӕндыд Йесойы ссарын ӕмӕ йӕ амарын. Уӕдӕ-ма ныр ахъуыды кӕн: стъалыйы хуызӕн чи зынд ӕмӕ стъалыдӕсныты Иродмӕ чи кодта, уыцы рухс арвыл чи ссыгъта?~ Уый ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ нӕ уыд. Уый уыд йе знаг – Сайтан Хӕйрӕг!
Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм хъуыды кӕной, цыма Йесо абон дӕр гыццыл сывӕллон у. Фӕлӕ зӕд Гавриил Йесойы тыххӕй Марийӕйӕн загъта: «Ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн». Ныр Чырысти у Паддзах уӕлӕрвты ӕмӕ тагъд Хуыцауы знӕгты се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн. Уӕдӕ, Йесо Паддзах кӕй у, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтӕн дӕр дзурӕм.
Дӕ Библийы бакӕс
^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд, ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.