БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД
Йегъовӕ мӕ нӕ ферох кодта
-
РАЙГУЫРД 1922 АЗ
-
БӔСТӔ ИСПАНИ
-
РАЗДӔР КАТЕХИЗИСЫ АХУЫРГӔНӔГ
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.
Ӕз райгуырдтӕн горӕт Бильбаойы, Испанийӕн йӕ цӕгатаг хайы. Нӕ алыварс цы адӕм цард, уыдоны нӕдӕр хъӕздыг схонӕн уыди, нӕдӕр – мӕгуыр. Цыппар сывӕллонӕй уыдтӕн дыккаг. Нӕ бинонтӕ уыдысты католикон диныл хӕст, ӕмӕ алы бон дӕр цыдтӕн мессӕмӕ. 23 азы мыл куы цыд, уӕд сдӕн ахуыргӕнӕг – уыцы куыст тынг уарзтон ӕмӕ 40 азы дӕргъы ахуыргӕнӕгӕй фӕкуыстон. Бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй уӕлдай, ӕз сӕрыстыр уыдтӕн, католикон дины ӕгъдӕуттӕ иннӕтӕн кӕй амыдтон, уымӕй – изӕрыгӕтты-иу куыстон катехизисы ахуыргӕнӕгӕй. Мӕ хӕс уыд, цӕмӕй-иу гыццыл чызджыты сӕ фыццаг дзулсастмӕ [уырыссагау «причащение»] бацӕттӕ кодтаин.
12 азы мӕ цардӕмбалимӕ амондджынӕй фӕцардыстӕм, фӕлӕ стӕй амард, ӕмӕ мӕ цыппар чызгимӕ иунӕгӕй баззадтӕн. Уӕд мыл 33 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Католикон дины удӕнцой ссарыныл бӕргӕ фӕлвӕрдтон, фӕлӕ мын цавӕрдӕр фарстатӕ уӕддӕр ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Хъуыды-иу кодтон: «Адӕм цӕмӕн мӕлынц, кӕд Чырысти йӕ цард уый тыххӕй радта, цӕмӕй мауал мӕлӕм? Кӕд хорз адӕм сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, уӕд ма цӕмӕн кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа?» Ӕппӕты тынгдӕр та мӕ тыхсын кодта ахӕм фарста: «Кӕд нын Хуыцау, куы амӕлӕм, уӕд стӕрхон кӕны, уӕд ма нӕ уый фӕстӕ уӕлӕрвтӕй, удсыгъдӕггӕнӕнӕй [уырыссагау «чистилище»] кӕнӕ зындонӕй фӕстаг тӕрхонмӕ ӕрцӕуын цӕмӕн хъӕудзӕн?»
Уыцы фарстатӕ-иу радтон, кӕуыл-иу амбӕлдтӕн, уыцы сауджынтӕм. Иу дзы загъта: «Нӕ зонын. Епископы бафӕрс. Стӕй цы уӕлдай у! Хуыцауыл ӕууӕндыс, ӕмӕ уый фаг у. Цы уыдзӕн, уый уыдзӕн!». Фӕлӕ ӕз ууыл не ’рлӕууыдтӕн. Фӕстӕдӕр бацыдтӕн иезуитты, пятидесятникты ӕмӕ гностикты раныхӕстӕм байхъусынмӕ. Фӕлӕ сӕ мӕ зӕрдӕ никӕй дзуаппытӕй барухс.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.
60 азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд мӕ мӕ ахуырдзаутӕй иу, авдаздзыд чызг, фӕхуыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Цы дзы федтон ӕмӕ дзы цы фехъуыстон, уый мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Фӕлӕ мын рӕстӕг ӕппындӕр кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ мын уый фӕстӕ семӕ фембӕлын нал бантыст. Дыууӕ азы фӕстӕ мын иу лӕг ӕмӕ ус, Хуан ӕмӕ Майтэ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, мӕ дуар ӕрбахостой.
Ӕртӕ мӕйы дӕргъы мӕм фӕцыдысты, ӕмӕ-иу сӕ алы хатт дӕр фарстаты бын фӕкодтон. Фӕстагмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон.Се ’рбацыдмӕ-иу сын алы хатт дӕр афтӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Уыди мӕм Библийы ӕртӕ алыхуызон тӕлмацы, ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ алы фарста дӕр лӕмбынӕг иртӕстон, цӕмӕй базыдтаин, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр рӕстдзинад амонынц ӕви нӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ бамбӕрстон, бирӕ азты дӕргъы куыд рӕдыдтӕн, уый. Раздӕр цӕуыл ӕууӕндыдтӕн ӕмӕ, Библийӕ цы базыдтон, уыдӕттӕ кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый куы федтон, уӕд хорзау нал фӕдӕн. Бамбӕрстон ӕй, цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уыдӕттыл мӕ бынтондӕр мӕ къух сисын кӕй хъуыди. Уый уыд, цыма, арф уидӕгтӕ чи ауагъта, ахӕм бӕлас ӕдбындзар хъуамӕ стыдтаин, уыйау.
Ӕмбӕрстон ӕй, стыр хӕзна кӕй ссардтон
Фӕстӕдӕр мӕ дыккаг лӕг тынг фӕрынчын ӕмӕ амард. Уыцы рӕстӕг пенсийы ацыдтӕн ӕмӕ сфӕнд кодтон Бильбаойӕ рӕстӕгмӕ ацӕуын. Хуан ӕмӕ Майтэ дӕр ӕндӕр ранмӕ ацыдысты. Хъыгагӕн, Библи нал ахуыр кодтон. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, стыр хӕзна кӕй ссардтон. Ӕмӕ мӕ уый рох никуы уыди.
Иу-20 азы фӕстӕ, 82 азы мыл куы цыд, уӕд, Хуан ӕмӕ Майтэ фӕстӕмӕ Бильбаомӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ мӕ бабӕрӕг кодтой. Куыд ӕхсызгон мын уыд сӕ фенд! Бамбӕрстон ӕй, Йегъовӕ мӕ кӕй нӕ ферох кодта, ӕмӕ та ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Хуан ӕмӕ Майтэйы мемӕ стыр фӕразондзинад хъуыди – уыцы-иу фарстатӕ-иу сӕм ногӕй ӕмӕ ногӕй лӕвӕрдтон. Библийы сын цы дзуапп уыди, уый хъуамӕ цалдӕр хатты фехъуыстаин, цӕмӕй, раздӕр цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уыдӕттӕм мӕ зӕрдӕ мауал ӕхсайдтаид. Уымӕй уӕлдай мӕ фӕндыд алцыдӕр хорз зонын, цӕмӕй мӕ бон уыдаид ме ’мбӕлттӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕн Библи ӕмбарын кӕнын.
Донаргъуыд цы бон райстон, уыцы бон уыд ӕппӕты амондджындӕр мӕ царды. Уӕд мыл цыд 87 азы. Донаргъуыд истам Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессы. Хистӕр нӕлгоймаг цы раныхасимӕ рацыд, уый сӕрмагондӕй уыд, донаргъуыд чи иста, уыдонӕн. Куы йӕм хъуыстон, уӕд мӕ цӕссыгтӕ калдысты. Афтӕ мӕм каст, цыма Йегъовӕ комкоммӕ мемӕ ныхас кодта. Донаргъуыды фӕстӕ мӕм бирӕтӕ бацыдысты ӕмӕ мын раарфӕ кодтой, кӕд мӕ сӕ фылдӕр зонгӕ дӕр нӕ кодтой, уӕддӕр!
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.
Ӕз ӕй алкӕддӕр зыдтон, Йесо Чырысти кӕй у «фӕндаг» (Иоанны 14:6). Фӕлӕ Библи куы ахуыр кодтон, уӕд базыдтон Йегъовӕйы – Йесо нӕ кӕмӕ кӕны, уыцы Хуыцауы. Уый у мӕ зынаргъ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар, ӕмӕ йӕм мӕ бон у кувын. Чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ» * куы бакастӕн, уӕд мӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Фыццаг хатт ӕй бакастӕн иу ӕхсӕвмӕ! Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта.
Рӕстдзинад кӕдӕй агуырдтон, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц Йесойы ныхӕстӕ: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Матфейы 7:7). Цӕрӕнбонты мӕ цы фарстатӕ тыхсын кодтой, уыдонӕн ныр дзуаппытӕ ссардтон, ӕмӕ мын стыр циндзинад хӕссы, иннӕтӕн дӕр сӕ кӕй дзурын, уый.
Ныр мыл цӕуы 90 азы, фӕлӕ мӕ Йегъовӕйы тыххӕй нырма бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы базонын. Алы ӕмбырд дӕр мын бӕрӕгбонӕй уӕлдай нӕ вӕййы – фыццаг уый тыххӕй, ӕмӕ дзы цы базонын, уыдӕттӕн аргъ нӕй, иннӕмӕй та уым мӕ алыварс вӕййынц мӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, дзӕнӕты та ахуыргӕнӕг куы уон, уымӕ (Раргомад 21:3, 4). Уӕлдай тынгдӕр та уымӕ бӕллын, цӕмӕй мын чи амард, уыдоны та ногӕй удӕгасӕй фенон ӕмӕ сын Библийы рӕстдзинад амонон (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Куыд тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй сын радзурон, мӕ зӕронды бонты мын Йегъовӕ цы стыр лӕвар скодта, уый тыххӕй!
^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.