Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ДУНЕ ЧИ АИВТА, УЫЦЫ ХӔСТ

Хӕстыты ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕртты аххосджын чи у?

Хӕстыты ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕртты аххосджын чи у?

Фыццаг дунеон хӕст фӕци 1918 азы 11 ноябры. Уыцы бон ничи куыста, адӕм иууылдӕр уынгты кафыдысты. Фӕлӕ сӕ цин бирӕ нӕ ахаста. Пулемётты ӕхстытӕй фыддӕр бӕллӕх ӕрцыд адӕмыл хӕсты хӕдфӕстӕ.

«Испанкӕ», зӕгъгӕ, кӕй хуыдтой, уыцы грипп ахӕлиу Францийы хӕсты быдыртыл 1918 азы июны, ӕмӕ адӕм бындзыты цагъд кодтой. Зӕгъӕм, цыбыр рӕстӕгмӕ Францийы америкаг ӕфсӕддонтӕй знаджы нӕмгуытӕй уыйбӕрц нӕ фӕмард, цалдӕр мӕймӕ «испанкӕйӕ» цас амард. Низ уайтагъд ӕнӕхъӕн зӕххыл ахӕлиу, уымӕн ӕмӕ, хӕст куы фӕци, уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕтӕм здӕхтысты ӕмӕ се ’хсӕн уыд гриппӕй рынчынтӕ.

Хӕсты фӕстӕ хӕринаг нӕ уыд ӕмӕ адӕм уыдысты тынг мӕгуыр. 1918 азы, хӕцӕнгӕрзты гӕрӕхтӕ куы ӕрсабыр сты, уӕд Европӕйы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр ӕххормагӕй мардысты. 1923 азмӕ Германийы ӕхцайӕн ӕппындӕр ницыуал аргъ уыди. Ӕхсӕз азы фӕстӕ ӕнӕхъӕн дунейы экономикӕ дӕр заууатмӕ ӕрцыд. Уый фӕстӕ та, 1939 азы, райдыдта Дыккаг дунеон хӕст. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый уыд фыццаг стыр хӕстӕн йӕ дыккаг хай. Иу ӕвирхъау бӕллӕх иннӕйы фӕдыл кӕй цыди, уый цӕй аххос уыд?

ФӔСТАГ БОНТЫ НЫСАН

Библийы пехуымпарӕдты фӕрцы нӕ бон у базонын, цавӕрдӕр хабӕрттӕ цӕмӕ амонынц, уый. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Фыццаг дунеон хӕсты тыххӕй дӕр. Чырысти загъта, кӕй уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ «иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ», адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг, ӕмӕ фыднизтӕ сарӕх уыдзысты (Матфейы 24:3, 7; Лукайы 21:10, 11). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, уыцы бӕллӕхтӕ кӕй амондзысты, фӕстаг бонтӕ кӕй ралӕууыдысты, уымӕ. Уыцы рӕстӕгыл бӕстондӕр дзырд цӕуы Библийы Раргомады чиныджы. Уыцы чиныг ӕмбарын кӕны, зӕххыл уыйбӕрц бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уый, уӕлӕрвты цы хӕст уыд, уыимӕ баст кӕй у. (Кӕс рамкӕ  «Хӕст зӕххыл ӕмӕ хӕст уӕлӕрвты».)

Уыцы чиныджы ма дзырд цӕуы цыппар барӕгыл. Уыдонӕй ӕртӕ амонынц, Чырысти уымӕй размӕ цы бӕллӕхты кой кодта, уыдонмӕ – хӕстмӕ, ӕххормагдзинадмӕ ӕмӕ фыднизтӕм. (Кӕс рамкӕ  «Цыппар барӕджы ӕцӕгдӕр рацыдысты?».) Уӕдӕ Фыццаг дунеон хӕстӕй райдыдта бӕллӕхты рӕстӕг. Ӕмӕ уыцы бӕллӕхтӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Библи нын ӕргом кӕны, уыдӕттӕ Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй цӕуынц (1 Иоанны 5:19). Цымӕ искуы афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн зӕххыл йӕ бар нал цӕудзӕн?

Раргомады чиныджы фыст ис, Хӕйрӕгӕн «рӕстӕг... бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:12). Уый тыххӕй мӕстӕй фыцы ӕмӕ зӕххыл йӕ пырх калы. Ӕмӕ уыйбӕрц бӕллӕхтӕ дӕр уымӕн цӕуы. Фӕлӕ куыд загътам, афтӕмӕй цы ӕвзӕр хабӕрттӕ уынӕм, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн йӕ рӕстӕг тагъд фӕуыдзӕн.

ХӔЙРӔДЖЫ ХЪУЫДДӔГТӔ ФЕХАЛДЗӔН

Фыццаг дунеон хӕст дунейы историйы цалх цӕхгӕр фӕзылдта. Уымӕй райдыдта стыр хӕстыты, революциты ӕмӕ, хицӕуттыл ӕууӕнк куы нал уыд, уыцы дуг. Уымӕй уӕлдай ма уыцы хӕст у ирд бӕлвырдгӕнӕн, Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уымӕн (Раргомад 12:9). Дунейы ӕнӕуынгӕ хицау йӕхи равдыста, йӕ бонтӕ нымад кӕмӕн сты, уый чи зоны, ахӕм ӕгъатыр хицауы хуызӕнӕй. Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд фӕуыдзӕн, Фыццаг дунеон хӕстӕй фӕстӕмӕ цы бӕллӕхты рӕстӕг райдыдта, уый.

Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти, нӕ уӕларвон Паддзах, тагъд «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалдзӕн», ӕмӕ ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын (1 Иоанны 3:8). Милуангай адӕм кувынц Хуыцаумӕ, цӕмӕй йӕ Паддзахад ӕрцӕуа. Ды та? Уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион адӕм фендзысты, зӕххыл Хӕйрӕджы фӕндон нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый (Матфейы 6:9, 10). Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд нал уыдзӕн нал дӕр дунеон, нал дӕр ӕндӕр хӕстытӕ! (Псалом 46:9). Уыцы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базон, ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фенай, зӕххыл фарн куы ӕрфидар уыдзӕн, уыцы рӕстӕг! (Исай 9:6, 7).

^ 20 абз. Кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.