Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Ромы паддзахады рӕстӕг цагъартӕн цавӕр цард уыд?

Ромаг цагъары хъуырылдарӕн цӕг

Ромы паддзахады цы цагъартӕ уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты, хӕсты рӕстӕг-иу уацары кӕй акодтой кӕнӕ-иу кӕй радавтой, ахӕм адӕм. Уыцы адӕмы-иу ауӕй кодтой ӕмӕ-иу арӕхдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм никуыуал ӕрыздӕхтысты ӕмӕ-иу сӕ бинонты никуыуал федтой.

Цагъартӕй-иу бирӕтӕ ӕрзӕткъахӕнты тыхкуыстӕй амардысты. Зӕххы куыст чи кодта ӕмӕ искӕй хӕдзары чи куыста, уыдонӕн сӕ уавӕр гыццыл хуыздӕр уыд. Цагъартӕн-иу сӕ хъуыртыл бакодтой ӕфсӕйнаг цӕг. Уыцы цӕгыл-иу уыди ӕфсӕйнаджы гӕбаз. Фыст ыл уыд, цагъар куы алидза, уӕд ӕй чи ’рцахса ӕмӕ йӕ йӕ хицаумӕ чи ’рбакӕна, уымӕн цас бафиддзысты, уый. Дыккаг хатт-иу чи алыгъди, уыдонӕн-иу сӕ ныхтыл тӕвд ӕфсӕйнагӕй нысан скодтой, арӕхдӕр-иу уый уыд дамгъӕ F (дзырд Fugitivus-ӕй, ома «лыгъд»).

Библийы Филимоны чиныджы дзырд цӕуы, апостол Павел лыгъд цагъар Онисимы фӕстӕмӕ йӕ хицаумӕ, Филимонмӕ, куыд ӕрвиты, ууыл. Кӕд Филимонӕн закъонмӕ гӕсгӕ бар уыди, цӕмӕй Онисимы карзӕй бафхӕрдтаид, уӕддӕр Павел йӕ хӕлармӕ фыссы, цӕмӕй Онисимыл «бацин кодтаид», чырыстон уарзондзинад куыд домы, афтӕ (Филимонмӕ 10, 11, 15–18).

Рагон финикийаг тарсырх ахорӕн афтӕ зындгонд цӕмӕн уыд?

Финики (абон Ливан) хъуыстгонд уыди йӕ тираг тарсырх ахорӕнӕй. Афтӕ йӕ хуыдтой горӕт Тиры номмӕ гӕсгӕ. Рагон Израилы паддзах Соломон йӕ галуан саив кӕнынӕн спайда кодта, Тиры цӕрджытӕ цы «тарсырх къуымбил» кодтой, уымӕй (2 Азфыстыты 2:13, 14).

Йӕ рӕстӕджы тираг тарсырх ахорӕнӕй зынаргъдӕр ахорӕн нӕ уыди. Афтӕ зынаргъ та уый тыххӕй уыд, ӕмӕ йӕ саразыныл бирӕ бафыдӕбон кӕнын хъуыди. Фыццаг уал-иу кӕсагахсджытӕ ӕрӕмбырд кодтой бирӕ денджызон сӕтӕлджытӕ *. Ӕрмӕст иу дзаума сахорыны фаг ахорӕн саразынӕн хъуыди 12 000 сӕтӕлӕгӕй фылдӕр. Цӕмӕй-иу сӕтӕлджытӕн сӕ тарсырх ахорӕнты дзӕкъултӕ систаиккой, уый тыххӕй-иу сӕ сӕ хъузджытӕй раппӕрстой. Уый фӕстӕ-иу сыл цӕхх ныккодтой ӕмӕ-иу сӕ ӕртӕ боны хурмӕ ныууагътой. Стӕй та-иу сӕ иу цуайнаджы ныккалдтой, денджызы дон-иу сыл ныккодтой, цуайнаджы сӕр-иу сӕхгӕдтой ӕмӕ-иу сӕ сындӕг артыл цалдӕр боны фӕфыхтой.

Финикийы цӕрджытӕн сӕдӕ азты дӕргъы тираг тарсырх ахорӕн уӕй кӕныны ӕмӕ аразыны хъуыддаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд сӕ къухы, уымӕн ӕмӕ базарады хъуыддаджы уыдысты ӕнтыстджын ӕмӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ ластой ног ӕмӕ ног бӕстӕтӕм. Уыцы ахорӕн кӕм кодтой, ахӕм бынӕттӕ ма абон дӕр ссарынц Зӕххастӕу денджызы былгӕрӕтты ӕмӕ ма суанг Кадисы дӕр (Испани).

^ 8 абз. Сӕ хъузджыты дӕргъ у 5–8 сантиметры.