Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Томас Эмлин – Хуыцауы фаудта ӕви рӕстдзинады сӕрыл тох кодта?

Томас Эмлин – Хуыцауы фаудта ӕви рӕстдзинады сӕрыл тох кодта?

ЧИ УЫД Томас Эмлин ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл цӕмӕн тох кодта? Ацы адӕймагӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕркӕсын, 17-ӕм ӕнусы кӕроны ӕмӕ 18-ӕм ӕнусы райдианы Английы ӕмӕ Ирландийы цы хабӕрттӕ цыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Уыцы рӕстӕг Английы аргъуанӕн уыд стыр бартӕ. Алыхуызон протестантон къордтӕ ӕмӕ ӕнӕуи адӕмӕй дӕр чидӕртӕ аргъуаны ахуырӕдтимӕ разы нӕ уыдысты, стӕй сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Раст уыцы рӕстӕг райгуырд Томас Эмлин.

ЧИ УЫДИ ТОМАС ЭМЛИН?

Томас Эмлин райгуырд 1663 азы 27 майы Стамфорды (Линкольншир, Англи). 19 азы йыл куы цыд, уӕд ын фыццаг хатт уыд раныхас аргъуаны. Фӕстӕдӕр сауджынӕй лӕггад кодта иу хъӕздыг сылгоймагмӕ Лондоны. Уый фӕстӕ та цӕрынмӕ ацыд Белфастмӕ (Ирланди).

Белфасты иу цасдӕр куы ацард, уӕд лӕггад кӕнын райдыдта аргъуаны. Уый фӕстӕ Эмлин сауджыны хӕстӕ ӕххӕст кодта иу цалдӕр раны, уыдонӕй иу уыд Дублин (Ирланди).

ХУЫЦАУЫ ФАУӔГ ӔЙ ЦӔМӔН СХУЫДТОЙ?

Эмлин Библи лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уымӕ гӕсгӕ Троицӕйы ахуырадыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, кӕд ыл уымӕй размӕ ӕууӕндыд, уӕддӕр. Евангелитӕ куы иртӕста, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, Троицӕйы ахуырад раст кӕй нӕу, ууыл.

Эмлин, цы базыдта, уый фыццаг никӕмӕн загъта. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ бафиппайдтой, йӕ раныхӕсты-иу Троицӕйы кой кӕй нал скодта. Эмлин ӕмбӕрста, Библийӕ цы базыдта, уый иннӕты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн ӕмӕ ныффыста: «Цы хъуыдымӕ ’рцыдтӕн, уый куы раргом кӕнон, уӕд ма мӕ бынаты кусгӕйӕ баззайдзынӕн, уый мӕ нӕ уырны». 1702 азы июны дыууӕ сауджыны йӕ ныхмӕ рацыдысты, йӕ раныхӕсты Троицӕйы тыххӕй кӕй нал дзырдта, уый тыххӕй. Эмлин ӕргом загъта, Троицӕйыл кӕй нал ӕууӕнды ӕмӕ аргъуанӕй ацӕуынмӕ кӕй хъавы.

Чырысти Хуыцау кӕй нӕу, уымӕн Эмлин Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕм ӕрхаста, уыцы чиныг

Цалдӕр боны фӕстӕ Эмлин Дублинӕй Англимӕ ацыд. Фӕлӕ дыууӕ мӕйы ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, уымӕн ӕмӕ сфӕнд кодта Лондонмӕ цӕрынмӕ ацӕуын ӕмӕ ма йӕ хъуыди цыдӕр хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Уыцы рӕстӕг Эмлинӕн мыхуыры рацыд иу чиныг (An Humble Inquiry Into the Scripture-Account of Jesus Christ). Ныффыста дзы, цы хъуыдытӕм ӕрцыд, уыдӕттӕ, ӕмӕ йӕ ныфс уыди, раст кӕй у, уый иннӕтӕ дӕр кӕй бамбардзысты. Эмлин йӕ чиныджы ӕрхаста бӕлвырдгӕнӕнтӕ Библийӕ, Чырысти Хуыцау уа, уымӕн гӕнӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ, Дублины иу аргъуаны кӕимӕ уыд, уыдон ӕм тынг смӕсты сты ӕмӕ йыл тӕрхондонмӕ хъаст бахастой.

Эмлины ӕрцахстой ӕмӕ йӕ 1703 азы 14 июны Дублины тӕрхондоны раз ӕрлӕууын кодтой. Эмлинӕн куыд тӕрхон кодтой, уый тыххӕй цы чиныг ныффыста, уым бакӕсӕн ис: «Аххосджын мӕ кӕнынц иу чиныджы тыххӕй. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕз уым Хуыцауы фауын ӕмӕ цыдӕр фыдвӕнд кӕнын, уымӕн ӕмӕ дзы фыссын, Йесо Чырысти Фыд-Хуыцауы ӕмсӕр кӕй нӕу» (True Narrative of the Proceedings). Тӕрхондоны раст тӕрхонӕн йӕ  кой дӕр нӕ уыд. Ирландийы аргъуаны епископтӕй авд бадтысты тӕрхонгӕнджытимӕ. Эмлинӕн йӕхи сӕрыл дзурыны бар дӕр нӕ радтой. Ричард Левинс, зындгонд юрист, Эмлинӕн загъта, «бирӕгъы куыд ӕрцахсынц», афтӕ йӕ кӕй ӕрцахсдзысты ӕмӕ йын иу закъон дӕр кӕй нӕ баххуыс кӕндзӕн. Тӕрхон йӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд Ирландийы сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Ричард Пайн, тӕрхонгӕнджыты бынӕтты чи бадт, уыдонмӕ бартхъирӕн кодта: «Епископтӕ алцыдӕр уынынц». Уымӕй сын, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ Эмлины куы нӕ фӕаххосджын кӕной, уӕд сӕ хъуыддаг хорз кӕй нӕ уыдзӕн.

«Ӕз ӕфхӕрд ӕййафын Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ кады тыххӕй» (Томас Эмлин)

Эмлины куы фӕаххосджын кодтой, уӕд ын прокуроры хӕдивӕг загъта, цӕмӕй басастаид, раст кӕй нӕ уыд, ууыл. Фӕлӕ Эмлин не сразы. Уӕд ӕй фӕивар кодтой ӕмӕ йӕ иу азмӕ ахӕстоны бакодтой. Фаг ӕхца йӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ахӕстоны фӕбадт дыууӕ азы, цалынмӕ йе ’мбӕлттӕй иу хицауадӕн нӕ балӕгъстӕ кодта ӕмӕ йын йӕ ивар нӕ фӕкъаддӕр кодтой, уӕдмӕ. Эмлины ссӕрибар кодтой 1705 азы 21 июлы. Йӕ сӕр цытӕ бавзӕрста, уыдӕтты фӕстӕ Эмлин загъта, статьяйы райдианы чи ис, уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз ӕфхӕрд ӕййафын Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ кады тыххӕй».

Эмлин цӕрынмӕ Лондонмӕ ацыд. Цасдӕры фӕстӕ уым базонгӕ Уильям Уистонимӕ. Уильям дӕр Библи бӕстон иртӕста ӕмӕ уый дӕр ӕфхӕрдтой, уымӕн ӕмӕ, Библийӕ цы базыдта, уыдӕтты тыххӕй ӕргом фыста. Уистон тынг аргъ кодта Эмлинӕн ӕмӕ йӕ хуыдта «рагон чырыстон диныл хӕст чи у, уыдонӕй ӕппӕты фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйраг».

ТРОИЦӔЙЫЛ ЦӔУЫЛНӔ ӔУУӔНДЫД?

Уильям Уистон ӕмӕ ӕндӕр зындгонд ахуыргонд Исаак Ньютон куыд бамбӕрстой, афтӕ Эмлин дӕр бамбӕрста, Троицӕйы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу. Эмлин ныффыста: «Бирӕ фӕхъуыды кодтон ӕмӕ Фыстад фӕиртӕстон, ӕмӕ бамбӕрстон, Троицӕйы тыххӕй мӕ мӕ хъуыды аивын кӕй хъӕуы». Ӕмӕ мӕнӕ цы хъуыдымӕ ’рцыд: «Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы Фыд у иунӕг Стыр Хуыцау».

Эмлин ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыд? Уымӕн ӕмӕ ссардта, Йесо ӕмӕ Йӕ Фыд иу кӕй не сты, уый чи бӕлвырд кӕны, бирӕ ахӕм стихтӕ. Мӕнӕ дзы цалдӕр (Эмлины фиппаинӕгтӕ стихтӕм сты зулӕй фыст):

  •  Иоанны 17:3: «Чырыстийы тыххӕй афтӕ фыст никуы ис, зӕгъгӕ, уый уыцы Хуыцау у кӕнӕ Стыр Хуыцау у, цыма иунӕг Хуыцау уый у, уыйау». Библийы ӕрмӕстдӕр Фыды тыххӕй ис загъд, «иунӕг ӕцӕг Хуыцау», зӕгъгӕ.

  •  Иоанны 5:30: «Фырт йӕхи фӕндон не ’ххӕст кодта, фӕлӕ йӕ Фыды фӕндон».

  •  Иоанны 5:26: «Цард ын радта йӕ Фыд».

  •  Ефесӕгтӕм 1:3: «Йесо Чырыстийы тыххӕй бирӕ рӕтты фыст ис, Хуыцауы фырт, зӕгъгӕ, фӕлӕ афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ Фыд у Хуыцауы Фыд, фӕлӕ бирӕ рӕтты загъд ис, кӕй у нӕ Хицау Йесойы Фыд».

Эмлин ӕппӕт уыдӕттыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кодта, уӕд фидарӕй загъта: «Сыгъдӕг Фыстады иунӕг скъуыддзаг дӕр нӕй, комкоммӕ кӕнӕ ӕндӕр искуыд афтӕ загъд кӕм ис, ӕмӕ Фыд, Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Тых иу сты».

ЦӔУЫЛ ДЗЫ АХУЫР КӔНӔМ?

Абон бирӕтӕ Библийы ахуырӕдты тыххӕй ӕргом дзурын нӕ уӕндынц. Фӕлӕ Эмлин цӕттӕ уыд Библийы рӕстдзинады сӕрыл тох кӕнынмӕ. Эмлин загъта: «Адӕймаг Сыгъдӕг Фыстадӕй цы ахсджиаг хъуыдытӕ бамбӕрста, уыдоны тыххӕй ӕргом куы нӕ дзура, уӕд ма йӕ кӕсгӕ ӕмӕ иртасгӕ дӕр цӕмӕн кӕны?». Искӕй зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй Эмлин рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕныныл никуы сразы уыдаид.

Эмлин ӕмӕ уый хуызӕн хъӕбатыр адӕмы тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд мах дӕр, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ ӕз дӕр рӕстдзинады сӕрыл дзурынмӕ цӕттӕ дӕн, уый тыххӕй мӕм иннӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй куы кӕсой, уӕддӕр?». Нӕ бон ма у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Ахсджиагдӕр мын цы у – цӕмӕй мын адӕм кад кӕной ӕмӕ мӕ ӕппӕлой ӕви цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый фарс лӕууон?».