Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Чырысти фидӕны цы сараздзӕн?

Нӕ эрӕйы 33 азы Чырысти амард, стӕй райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссыд. Уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр ын лӕвӕрд ӕрцыдысты Паддзахы бартӕ (Данел 7:13, 14). Фидӕны Йесо йӕ паддзахы бартӕй спайда кӕндзӕн, ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр фарн ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 72:7, 8, 13.)

Паддзах Чырысти зӕхх фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн

Чырысти адӕмӕн разамынд куы дӕтта, уӕд бирӕ диссӕгтӕ сараздзӕн. Хуыцау ын цы хъару радта, уый фӕрцы адӕмӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст суой. Ӕмӕ уӕд цардӕй циндзинад исдзысты, уымӕн ӕмӕ зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. (Бакӕс Иоанны 5:26–29; 1 Коринфӕгтӕм 15:25, 26.)

Чырысти абон цы аразы?

Чырысти абон йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейы хорз хабар хъусын кӕной. Уыдон адӕммӕ цӕуынц ӕмӕ сын ӕвдисынц, Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы фыст ис, уый. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы хъуыддаджы кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕн кӕрон не скӕна, уӕдмӕ. (Бакӕс Матфейы 24:14; 28:19, 20.)

Йесо ӕцӕг чырыстӕтты ӕмбырдты фӕрцы адӕмы кӕны ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндагыл. Фидӕны та сӕ стыр бӕллӕхы сӕрты ахизын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ бакӕндзӕн. (Бакӕс 2 Петры 3:7, 13; Раргомад 7:17.)