Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Фыдгӕнджыты-иу хъӕдыл куы ӕрцауыгътой, уӕд ма-иу сын сӕ зӕнгтӕ цӕмӕн асастой?

Чырыстийы ӕмӕ йемӕ цы дыууӕ фыдгӕнӕджы байтыгътой, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕ «Пилатӕн загътой, цӕмӕй сын сӕ зӕнгтӕ асастаиккой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ уырдыгӕй ахастаиккой» (Иоанны 19:31).

Хъӕдыл-иу кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕджы мард-иу дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ «ӕхсӕвы хъӕдыл ма баззадаид» (Дыккаг закъон 21:22, 23). Дзуттӕгтӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ архайдтой, ромӕгтӕ-иу искӕй хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд дӕр. Кӕй байтыгътой, уыдонӕн сӕ зӕнгтӕ куы асастаиккой, уӕд тагъддӕр амардаиккой ӕмӕ, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд ӕмӕ сабат нӕ райдыдта, уӕдмӕ сӕ бавӕрдтаиккой.

Фыдгӕнӕджы-иу хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд-иу ын арӕхдӕр йӕ къухты ӕмӕ йӕ къӕхты зӕгӕлтӕ ныххуыдтой. Хъӕд-иу хӕрдмӕ куы систой, уӕд-иу адӕймаг ахӕм рыстытӕ ’взӕрста, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ-иу йӕ буары уӕзӕй йӕ хъӕдгӕмттӕ рӕдывтой. Цӕмӕй-иу йӕ бон улӕфын уыдаид, уый тыххӕй-иу, йӕ къӕхты цы зӕгӕл, кӕнӕ зӕгӕлтӕ, хост уыд, уыдоныл йӕ уӕз ӕруагъта ӕмӕ-иу йӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцыд. Фӕлӕ-иу ын йӕ зӕнгтӕ куы асастой, уӕд-иу йӕ уӕз йӕ къӕхтыл ӕруадзын йӕ бон нал уыд. Афтӕмӕй-иу адӕймаг тагъддӕр амард, йӕ бон-иу улӕфын кӕй нал уыд, уый тыххӕй кӕнӕ та фыррыстӕй.

Рагзаманты хӕсты рӕстӕг дурӕхсӕнтӕй куыд пайда кодтой?

Давид дурӕхсӕнӕй амардта богал Голиафы. Ӕвӕццӕгӕн, Давид уыцы дурӕхсӕнӕй ӕхсын сахуыр, нырма гыццыл куы уыд ӕмӕ фыстӕ куы хызта, уӕд (1 Самуилы 17:40–50).

Ныв къулыл: ассириаг дурӕхсджытӕ дзуттаг фидаргонд горӕтмӕ бырсынц

Рагзаманты египетӕгтӕ ӕмӕ ассириӕгтӕ дӕр дурӕхсӕнтӕй кӕй пайда кодтой, уый бӕрӕг у, уӕды заманты нывтӕй. Дурӕхсӕн-иу конд уыд сӕрак кӕнӕ хъуымацы гӕбазӕй, йӕ дыууӕ кӕроныл та-иу ын бабастой бӕттӕнтӕ кӕнӕ хъуымацы уадздзӕгтӕ. Дурӕхсӕг-иу дурӕхсӕны сӕвӕрдта, йӕ дӕргъ 5 сантиметрӕй 8 сантиметры онг кӕмӕн уыд, йӕ уӕз та – 250 граммы, ахӕм тымбыл лӕгъз дур. Уый фӕстӕ-иу ӕй йӕ сӕрмӕ тынг ныззылдта ӕмӕ-иу ын стӕй йӕ бӕттӕнтӕй иу феуӕгъд кодта. Дур-иу атахт ӕмӕ-иу йӕ нысаныл сӕмбӕлд.

Археологтӕ Ӕввахс Скӕсӕны ссардтой, рагзаманты хӕсты рӕстӕг кӕмӕй пайда кодтой, бирӕ ахӕм дуртӕ. Дӕсны дурӕхсджытӕ-иу дур ахӕм зыввытт ныккодтой, ӕмӕ-иу, зӕгъӕм, иу сахат куы тахтаид, уӕд-иу атахтаид 160 километрӕй 240 километры онг. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, кӕд дур фатау дард нӕ тахт, уӕддӕр адӕймаджы дурӕхсӕнӕй дӕр уыд амарӕн (Тӕрхонгӕнджыты 20:16).