СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?
Хуыцау дӕ ӕмбары
«О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс» (ПСАЛОМ 139:1).
ИУӔЙ-ИУТӔ УУЫЛ ЦӔМӔН ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫНЦ. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау адӕммӕ ӕрмӕст тӕригъӕдджынты цӕстӕй кӕсы, ома сыгъдӕг не стӕм ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй ныл хъуыды кӕна. Кендрӕйӕн уыд депресси, ӕмӕ йын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ уад, уый тыххӕй йӕхи хордта, ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр нал куывта.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ФЫСТ ИС. Йегъовӕ, ӕнӕххӕст кӕй дӕ, ӕрмӕст уый кӕй нӕ уыны, уымӕ гӕсгӕ ӕмбары, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ, уый. Библийы фыст ис: «[Хуыцау] хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу». Уымӕй уӕлдай нын «нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ» цы хъӕуы, уый нӕ бакӕны, фӕлӕ нын ныххатыр кӕны, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд (Псалом 103:10, 14).
Израилы паддзах Давид, ацы брошюрӕйы фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уый, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты... О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон» (Псалом 139:16, 23). Давид зыдта, тӕригъӕд-иу куы ракодта – хатт та стыр тӕригъӕд дӕр – уӕд-иу Йегъовӕ кӕй федта, зӕрдӕйӕ-иу кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый.
Йегъовӕ дӕ цыфӕнды адӕймагӕй хуыздӕр ӕмбары. «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ»,– зӕгъы Библи (1 Самуилы 16:7). Хуыцау зоны, дӕхи афтӕ цӕмӕн дарыс, уый – цавӕр адӕймаг дӕ, ууыл фӕзынд, дӕ туджы цы рахастай, куыд ӕмӕ цы уавӕрты хъомыл кодтай ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау дӕ. Кӕд арӕх фӕрӕдийыс, уӕддӕр Йегъовӕ уыны, аивын дӕ кӕй фӕнды, уый, ӕмӕ уымӕн аргъ кӕны.
Фӕлӕ «ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ», уый Хуыцау хорз кӕй ӕмбары, уый фӕрцы дын дӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕны?