Хуыцауы Закъон раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам уыд?
ДЫУУАДӔС азы размӕ иу бӕстӕйы тӕрхондоны тӕрхон кодтой дыууӕ нӕлгоймагӕн, аххосджын сӕ кодтой, кӕйдӕр кӕй амардтой, уыцы хъуыддаджы. Тӕрхонгӕнджытӕ ӕвдисӕнты мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдысты, ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕн мӕлӕты тӕрхон рахастой. Ӕвдисӕнты ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый куы рабӕрӕг, уӕд адвокаттӕ бацархайдтой, цӕмӕй дзы иуы ссӕрибар кодтаиккой. Фӕлӕ дыккагӕн ӕппӕты хуыздӕр адвокаттӕ дӕр ницӕмӕйуал баххуыс кодтаиккой – уӕдмӕ йӕ амардтой.
Ахӕм рӕдыдтытӕй иу бӕстӕйы барадон системӕ дӕр хызт нӕу. Ӕмӕ Библи дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхсы: «Хъуамӕ архайай рӕстӕй, ӕрмӕстдӕр рӕстӕй» (Дыккаг закъон 16:20). Бӕстӕйы тӕрхонгӕнджытӕ рӕстӕй куы фӕархайынц, уӕд йӕ адӕмӕн уый вӕййы пайда. Хуыцау рагон Израилӕн цы Закъон радта, уым сӕйрагдӕр уыд, цӕмӕй тӕрхонгӕнджытӕ макӕй хъулон кодтаиккой ӕмӕ сӕ тӕрхон ӕнӕхӕрам уыдаид. Цӕй ӕмӕ уыцы Закъонмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, Хуыцауӕн «йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» ӕви нӕ (Дыккаг закъон 32:4).
«ЗОНДДЖЫН, ӔМБАРГӔ ӔМӔ ФӔЛТӔРД» ТӔРХОНГӔНДЖЫТӔ
Адӕмы бартӕ хъахъхъӕд фӕцӕуынц, тӕрхонгӕнджытӕ сӕ хъуыддаг хорз куы фӕзонынц, ӕнӕхӕрам куы вӕййынц ӕмӕ гӕртӕмттӕ куы нӕ фӕисынц, уӕд. Хуыцауы Закъонӕй бӕрӕг у, ахӕм тӕрхонгӕнджытӕ тынг кадджын кӕй уыдысты. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ куы бацыдысты, уӕд Моисей хъуамӕ тӕрхонгӕнджытӕй равзӕрстаид «фӕлтӕрд лӕгты, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ хи пайда чи нӕ агуры, ахӕмты» (Рацыд 18:21, 22). Ӕмӕ та 40 азы фӕстӕ Моисей ногӕй загъта, адӕмӕн тӕрхон кӕнынӕн кӕй хъӕуы «зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрд лӕгтӕ» (Дыккаг закъон 1:13–17).
Цалдӕр ӕнусы фӕстӕдӕр Иудӕйы паддзах Иосафат * тӕрхонгӕнджытӕн загъта: «Цы аразут, уымӕ кӕсут, уымӕн ӕмӕ сымах адӕмы номӕй нӕ тӕрхон кӕнут, фӕлӕ Йегъовӕйы номӕй. Ӕмӕ тӕрхоны хъуыддаджы уый уемӕ ис. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут. Алы хъуыддагыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнут, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй, уый хъулон никӕй кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы» (2 Азфыстыты 19:6, 7). Уӕдӕ паддзах тӕрхонгӕнджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, искӕй куы хъулон кӕной кӕнӕ гӕртӕмттӕ куы исой, уӕд сӕ Хуыцау дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн, сӕ уынаффӕ стыр зиан ӕрхӕсса ӕви гыццыл, уӕддӕр.
Израилы тӕрхонгӕнджытӕ-иу уыцы уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд-иу адӕм ӕмбӕрстой, закъон сын сӕ бартӕ кӕй хъахъхъӕны, ӕмӕ нӕ тарстысты. Фӕлӕ ма Хуыцауы Закъоны уыд, тӕрхонгӕнджытӕн суанг тынг зын хъуыддӕгты дӕр ӕнӕхӕрам уынаффӕтӕ хӕссынӕн чи ӕххуыс кодта, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Цӕй ӕмӕ дзы цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.
УАГӔВӔРДТӔ ӔНӔХӔРАМ УЫНАФФӔТӔ ХӔССЫНӔН
Тӕрхонгӕнджытӕ хъуамӕ зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ уыдаиккой, фӕлӕ уӕддӕр уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ сӕ ныфс хъуамӕ сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинадыл ма дардтаиккой. Йегъовӕ сын радта, раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн сын чи ӕххуыс кодта, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Дӕлдӕр ис, Хуыцау Израилы тӕрхонгӕнджытӕн кӕй радта, уыцы амындтӕй цалдӕр.
Хъуыддаг лӕмбынӕг раиртас. Моисейы уылты Хуыцау Израилы тӕрхонгӕнджытӕн загъта: «Уе ’фсымӕрты хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ... хъуамӕ тӕрхон кӕнат рӕстӕй» (Дыккаг закъон 1:16). Тӕрхонгӕнджытӕн раст тӕрхон рахӕссын сӕ бон уыд, хъуыддаг бӕстон куы сбӕлвырд кодтаиккой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, тӕрхон чи хаста, уыдонӕн Хуыцау загъта: «Хъуыддаг сбӕрӕг кӕн, раиртас ӕй ӕмӕ йӕ бӕлвырд базон». Тӕрхонгӕнджытӕ-иу фыццаг хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккой, хъуыддаг ӕцӕг у ӕви нӕ (Дыккаг закъон 13:14; 17:4).
Байхъус, ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц, уымӕ. Хъуыддаг лӕмбынӕг раиртасынӕн ӕнӕмӕнгӕй хъуыди байхъусын, ӕвдисӕнтӕ цы дзырдтой, уымӕ. Хуыцауы Закъоны фыст уыд: «Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ нӕй адӕймаджы фыдракӕнды кӕнӕ тӕригъӕды фӕаххосджын кӕнӕн, цыфӕнды тӕригъӕд ма сараза, уӕддӕр. Хъуыддаг хъуамӕ сбӕлвырд уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ» (Дыккаг закъон 19:15). Ӕвдисӕнты та Хуыцауы Закъон фӕдзӕхста: «Гӕдыныхӕстӕ ма кӕн. Фыдгӕнӕгӕн йӕ къух ма араз: дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ма скӕн ӕмӕ йын ӕвдисӕн ма ныллӕуу» (Рацыд 23:1).
Ӕвдисӕнтӕ хъуамӕ мӕнг ныхӕстӕ ма кӕной. Тӕрхондоны чи асайдтаид, уыдоны куыд бафхӕрын хъуыди, уый тыххӕй Хуыцау радта ахӕм фӕдзӕхст: «Тӕрхонгӕнджытӕ хъуамӕ хъуыддаг бӕстон равзарой, ӕмӕ уыцы ӕвдисӕн мӕнгӕвдисӕн куы разына, йе ’фсымӕры мӕнгӕй куы аххосджын кӕна, уӕд ын йӕхицӕн бакӕнут, йе ’фсымӕрӕн йӕ зӕрды цы бакӕнын уыд, уый. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут» (Дыккаг закъон 19:18, 19). Уӕдӕ адӕймаг искӕй исбон йӕхи бакӕныны тыххӕй тӕрхондоны мӕнг ныхас куы загътаид, уӕд йӕхи исбонӕй ӕнӕхай фӕуыдаид. Кӕнӕ куы асайдтаид, цӕмӕй ӕнӕаххос адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой, уӕд ын хъуамӕ йӕхи амардтаиккой. Уӕдӕ ацы уагӕвӕрд адӕмы зӕрдыл лӕууын кодта, раст цы у, уый кӕй хъуамӕ дзурой.
Тӕрхон кӕнгӕйӕ макӕй хъулон кӕн. Тӕрхонгӕнджытӕ-иу хабӕрттӕ бӕстон куы базыдтой, уӕд-иу сӕ бон уыд уынаффӕ рахӕссын. Уыцы рӕстӕг-иу уӕлдай ахсджиаг уыд иу уагӕвӕрд Хуыцауы Закъонӕй: «Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут» (Левит 19:15). Тӕрхонгӕнджытӕ-иу, кӕй хъуыддаг ӕвзӕрстой, уыдонӕн хъуамӕ сӕ хуызмӕ кӕнӕ, адӕмы ’хсӕн цы бынат ахстой, уымӕ ма кастаиккой, фӕлӕ-иу уынаффӕ рахастаиккой, хабар ӕцӕг куыд уыд, уымӕ гӕсгӕ.
Ацы уагӕвӕрдтӕ бирӕ ӕнусты размӕ фыст ӕрцыдысты, Хуыцау Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уым, фӕлӕ сӕ абоны онг дӕр тӕрхондӕтты пайда кӕнӕн ис. Тӕрхонгӕнджытӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд сӕхи бахиздзысты рӕдыд ӕмӕ ӕнӕраст уынаффӕтӕ хӕссынӕй.
РАСТ ТӔРХОН ПАЙДА КӔМӔН УЫД, УЫЦЫ АДӔМ
Моисей израилӕгты бафарста: «Кӕцы стыр адӕмӕн ис, ӕз уын абон кӕй дӕттын, уыцы закъоны хуызӕн раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ?» (Дыккаг закъон 4:8). Ӕцӕгдӕр, ӕндӕр ахӕм адӕм нӕ уыд. Паддзах Соломон ӕрыгонӕй Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кодта, ӕмӕ уыцы рӕстӕг адӕм «цардысты ӕдасӕй», «хордтой, нызтой ӕмӕ цин кодтой» ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдысты (1 Паддзӕхты 4:20, 25).
Хъыгагӕн, израилӕгтӕ фӕстагмӕ Хуыцауы закъӕттӕ нал ӕххӕст кодтой. Пехуымпар Йеремийы уылты Хуыцау загъта: «Уыдон сӕ къух систой Йегъовӕйы ныхасыл, ӕмӕ уӕд цӕй зондджын сты?» (Йереми 8:9). Уый ӕркодта уымӕ, ӕмӕ Иерусалим сси, «туг чи фӕкалдта» ӕмӕ «ӕлгъаг митӕй» чи байдзаг, ахӕм горӕт. Ӕппынфӕстаг ӕй ныппырх кодтой ӕмӕ дзы 70 азы цӕрӕг нӕ уыд (Йезекил 22:2; Йереми 25:11).
Пехуымпар Исай царди, Израилы адӕмыл тынг уӕззау рӕстӕг куы скодта, уыцы заман. Раздӕр куыд цардысты, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ Исай Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Закъоны тыххӕй загъта: «Зӕххӕн тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд зӕххы цӕрджытӕ сахуыр вӕййынц рӕстдзинадыл» (Исай 26:9).
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ Исай Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй загъта: «Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф. Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон, зӕххыл цы сабыр адӕм ис, уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй» (Исай 11:3, 4). Уӕдӕ цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауы Паддзахады Паддзахы дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ! (Матфейы 6:10).
^ 6 абз. Ном Иосафат нысан кӕны «Йегъовӕ у Тӕрхонгӕнӕг».