Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 БИОГРАФИ

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг

Гыццылӕй мын ӕнцон нӕ уыд: ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мӕ ӕфхӕрдтой, стӕй уыдтӕн ӕнӕныфсхаст ӕмӕ ӕфсӕрмыгӕнаг. Ныфс мӕ уыд, Библи мын удӕнцой кӕй ӕрхӕсдзӕн, ӕмӕ католикон аргъуанмӕ бацыдтӕн, цӕмӕй мын ӕй бамбарын кодтаиккой. Фӕлӕ мын ницӕмӕй баххуыс кодтой, ӕмӕ уӕд ме ’ргом спортмӕ аздӕхтон.

Ӕз равзӕрстон гимнастикӕ ӕмӕ культуризм. Фӕстӕдӕр байгом кодтон фитнесс-клуб Сан-Леандройы (штат Калифорни, АИШ). Уым цӕттӕ кодтон культуристты, иу дзы бацахста фыццаг бынат Америкӕйы культуристты ’хсӕн. Кӕд мӕ буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, цыма нывгонд уыд, афтӕ сси, уӕддӕр мын мидӕгӕй цыдӕр нӕ фаг кодта.

ЦЫ АГУЫРДТОН, УЫЙ ССАРДТОН

Ме ’мбал зыдта, Библи бамбарын мӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй йӕ зонгӕимӕ аныхас кодтаин. Дыккаг райсом мӕм хӕдзармӕ иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕрбацыд ӕмӕ мын цыппар сахаты дӕргъы мӕ фарстатӕн комкоммӕ Библийӕ дзуапп лӕвӕрдта. Ӕз ын загътон, цӕмӕй мӕм уыцы изӕр ӕрбацыдаид, ӕмӕ ӕмбисӕхсӕвмӕ Библийы тыххӕй фӕныхас кодтам. Цы базыдтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мӕ дыккаг бон йемӕ акодтаид – тынг мӕ фӕндыд, хорз хабар куыд хъусын кӕнынц, уый фенын. Диссаг мӕм фӕкаст, адӕмӕн-иу сӕ фарстатӕн дзуапп уайтагъд Библийы куыд ссардта. Ӕз ӕй бамбӕрстон: хорз хабар хъусын кӕнын уыди, цы аразынмӕ бӕллыдтӕн, уый!

Уыйадыл мӕ клуб ауӕй кодтон, ӕмӕ-иу бон-изӕрмӕ лӕггад кодтон уыцы пионеримӕ (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм афтӕ хуыйнынц, йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдон). 1948 азы майы Сан-Францискойы (штат Калифорни) стадион «Кау пэлас»-ы цы конгресс уыд, уым донаргъуыд райстон. Уыцы аз фӕстӕдӕр мӕхӕдӕг дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.

Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн загътон, цӕмӕй мын мӕ мадмӕ бацыдаиккой. Мӕ мад рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Кӕд йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ уыдысты, уӕддӕр йӕ мӕлӕты онг, бирӕ азты дӕргъы, Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Нӕ бинонтӕй ӕндӕр ничи сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

МӔ ЦАРД КӔИМӔ БАИУ КОДТОН, УЫЦЫ ЧЫЗГ

1950 азы ацыдтӕн Гранд-Джанкшенмӕ (штат Колорадо). Уым базонгӕ дӕн Биллиимӕ. Билли райгуырд 1928 азы, йӕ царды фыццаг азтӕ ӕрхаудтой, Стыр депресси кӕй хонынц, уыцы заманмӕ. Йӕ мад Минни йын алы изӕр дӕр фӕтӕген цырагъы рухсмӕ каст Библи. Билли цыппар азмӕ кӕсын зыдта ӕмӕ Библийы хабӕрттӕй бирӕтӕ афтӕ хорз бахъуыды кодта, ӕмӕ сӕ йӕ бон уыд ӕнӕкӕсгӕйӕ радзурын. 1949 азы райдианмӕ ’ввахс йӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдта, дзырд «зындон»-ӕй арӕх цы дзырд фӕтӕлмац кӕнынц, уый хъизӕмӕртты бынат кӕй нӕу, фӕлӕ адӕмы ингӕн иумӕйагӕй, ома зӕхх, сыджыт (Екклесиаст 9:5, 10). Минни дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбал дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы.

1949 азы Билли Бостоны колледжы фӕстӕ сӕхимӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын райдыдта. Скъолайы ахуыргӕнӕгӕй кусыны бӕсты Билли сфӕнд кодта йӕ цард Хуыцауӕн снывонд  кӕнын. Донаргъуыд райста 1950 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнадӕмон конгрессы стадион «Янки»-йы, Нью-Йорчы. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр базонгӕ стӕм, стӕй нӕ цард баиу кодтам ӕмӕ иумӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам.

Фыццаг ацыдыстӕм горӕт Юджинмӕ (штат Орегон). Уым нын фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд стӕм. 1953 азы ацыдыстӕм горӕт Грантс-Пассмӕ (штат Орегон), иу гыццыл ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Уыцы аз нӕ фӕстӕдӕр фӕхуыдтой Галаады 23 къласмӕ. Галаад у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты скъола, цӕттӕ дзы кӕнынц миссионерты. Уыцы скъола ис штат Нью-Йорчы, Саут-Лансингмӕ хӕстӕг, горӕт Нью-Йоркӕй иу-400 километры дарддӕр цӕгат-ныгуылӕнырдӕм.

ЛӔГГАД КӔНӔМ МИССИОНЕРТӔЙ БРАЗИЛИЙЫ

1954 азы декабры Галаады скъола каст куы фестӕм, уымӕй фондз мӕйы фӕстӕ Бразилимӕ иу гыццыл хӕдтӕхӕгыл атахтыстӕм. Иу сахаты фӕстӕ йӕ мотортӕй иу фехӕлд, фӕлӕ Бермуды сакъадӕхты ӕнӕ фыдбылызӕй ӕрбадтыстӕм. Дыккаг хатт та нӕ ӕрбадын бахъуыд Кубӕйы. Фӕндагыл бахъуыдыстӕм 36 сахаты ӕмӕ тынг бафӕлладыстӕм. Ӕппынфӕстаг бахӕццӕ стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ Рио-де-Жанейройы (Бразили).

Фыццаг Паддзахады зал Бауруйы, кодтам ӕй ӕххуырсгӕ, фысгӕ та йыл ӕз ныккодтон, 1955 аз

Уым иу гыццыл куы фестӕм, уӕд ӕз ӕмӕ Билли, стӕй ма дыууӕ миссионеры ацыдыстӕм горӕт Баурумӕ (штат Сан-Паулу). Горӕты цӕрджыты нымӕц уыд 50 000 фылдӕр, ӕмӕ дзы мах размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй никуы ничи уыд.

Куыддӕр адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕуын райдыдтам, афтӕ нӕ бынӕттон католикон аргъуаны сауджын хъыгдарын райдыдта. Нӕ фӕстӕ цыди ӕмӕ хӕдзары хицӕутты фӕдзӕхста, цӕмӕй нӕм ма хъуыстаиккой. Фӕлӕ Библи цы стыр бинонтимӕ ахуыр кӕнын райдыдтам, уыдонӕн цалдӕр къуыримӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ ауагъта, ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райстой. Уый фӕстӕ ӕндӕр чидӕртӕ дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.

Донаргъуыд чи райста, уыцы бинонтӕн сӕ хӕстӕджытӕй иу уыд зындгонд клубы президент. Ӕз йемӕ баныхас кодтон, цӕмӕй нын клубы ӕмбырдтӕ уадзынӕн бар радтаид. Фӕлӕ бынӕттон сауджын ныллӕууыд, цӕмӕй, немӕ цы бадзырд скодтой, уый фехӕлдтаиккой. Уӕд президент клубы уӕнгтимӕ фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Бадзырд куы фехалат, уӕд ӕз мӕ бынатӕй ацӕудзынӕн!». Иудзырдӕй, ӕмбырдтӕ уым уадзын райдыдтам.

Иу азы фӕстӕ нӕ, 1956 азы, фӕхуыдтой облӕстон конгресмӕ Сантусмӕ (штат Сан-Паулу). Не ’мбырдӕй иу-40 адӕймаджы уырдӕм ацыдысты поездыл. Баурумӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд почтӕйы ссардтам писмо. Уым фыст уыди, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй мӕ кӕй снысан кодтой. Мӕ хӕс уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын. Афтӕ райдыдта, Бразилийы 25 азы бӕрц кӕй фӕкодтон, уыцы куыст. Уыцы стыр бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хайыл бирӕ хӕттыты ӕрзылдтӕн.

Иу азмӕ Бауруйы фӕзынд бирӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ

КУЫД ЛӔГГАД КОДТАМ

Уыцы рӕстӕг иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл ӕрзылдыстӕм автобусыл, поездыл, уӕрдоныл, велосипедыл ӕмӕ фистӕгӕй. Фыццаг цы горӕттӕ бабӕрӕг кодтам, уыдонӕй иу уыд Жау (штат Сан-Паулу). Уым нӕ сауджын тынг хъыгдардта.

– «Мӕ фыстӕн» мын мацы дзурут! – фидарӕй дзырдта сауджын.

– Уыдон дӕу не сты,– дзуапп ын радтам мах.– Уыдон Хуыцауы сты.

Мах адӕмы фӕхуыдтам кинонывмӕ бакӕсынмӕ. Уыцы киноныв уыди, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй, хуынди «Ног дунейы чи цӕры, уыцы адӕм». Фӕлӕ сауджын ӕрӕмбырд кодта, йӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдоны, цӕмӕй нӕ бахъыгдардтаиккой ӕмӕ нӕ фӕндӕй мацы рауадаид. Мах уайтагъд пъӕлицӕмӕ фӕхабар кодтам. Сауджын ӕмӕ йӕ адӕм  кинотеатры размӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд сагъдау баззадысты: пъӕлицӕйӕгтӕ фидар къулау лӕууыдысты, топпытӕ сӕм ныддардтой, афтӕмӕй. Кинонывмӕ цы бирӕ адӕм бакаст, уыдон та райгондӕй баззадысты.

Уый фӕстӕ дӕр кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаиккам – алы ран дӕр нӕ дины тыххӕй нӕ ныхмӕ цыдысты. Зӕгъӕм, горӕт Брускийы, Блуменаумӕ хӕстӕг (штат Санта-Катаринӕ), мах фембӕлдыстӕм, тынг кӕй хъагдардтой, фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар чи хъусын кодта, дыууӕ ахӕм пионер-хоимӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ фӕразондзинадӕн ӕмӕ сӕ фидардзинадӕн раарфӕ кодта. Ныр, 50 азы фӕстӕ, уыцы ран ис 60 ӕмбырдӕй фылдӕр, сыхаг горӕт Итажайы та ис Конгрессты зал.

Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд тынг уарзтам, не ’мчырыстӕттимӕ-иу иумӕ стыр конгресстӕ куы цӕттӕ кодтам, уыцы рӕстӕг. 1970 азты мӕм стыр кад ӕрхауд – уыдтӕн конгрессы цӕстдарӕг, стыр стадион «Морумби»-йы цы конгресс уыди, уым. Хӕстӕгдӕр рӕтты цы 100 ӕмбырды бӕрц уыди, уыдонмӕ арвыстам, цӕмӕй алы ӕмбырдӕй дӕр 10 адӕймаджы ӕрбацыдаид ӕмӕ конгрессы размӕ ӕхсӕв стадион бафснайдтаиккам.

Уыцы изӕр футболисттӕ стадионӕй куы фӕцӕйцыдысты, уӕд хынджылӕг кодтой: «Акӕс-ма ацы гыццыл сылгоймӕгтӕм сӕ цъылынтимӕ». Фӕлӕ ӕмбисӕхсӕвмӕ стадион ӕнӕхъӕнӕй дӕр цӕхӕртӕ скалдта! Стадионы хицауы дисӕн кӕрон дӕр нал уыд: «Сымах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, цалдӕр сахатмӕ цы бафснайдтат, уый мӕ кусджытӕ иу къуыримӕ дӕр нӕ бафснайдтаиккой!»

ФӔСТӔМӔ ИУГОНД ШТАТТӔМ

1980 азы мӕ фыд амард. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм ӕрыздӕхтыстӕм, цӕмӕй мӕ мадмӕ кастаиккам. Мӕ мад цард горӕт Фримонты (штат Калифорни). Мах ссардтам ахӕм куыст, ӕмӕ-иу изӕрыгӕтты агъуыстытӕ ӕфснайдтам. Уый фӕрцы пионертӕй лӕггад кодтам ӕмӕ, уым цы португайлаг адӕм цард, уыдонӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кодтам. Фӕстӕдӕр ӕрцардыстӕм дӕлвӕз Сан-Хоакинмӕ хӕстӕг. Уым Сакраментойӕ суанг Бейкерсфилды онг агуырдтам португайлаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмы. Ныр штат Калифорнийы ис иу-10 ӕмбырды португайлаг ӕвзагыл.

1995 азы мӕ мад куы амард, уӕд ацыдыстӕм штат Флоридӕмӕ ӕмӕ Биллийы фыдмӕ йӕ мӕлӕты онг кастыстӕм. Йӕ мад амард раздӕр, 1975 азы. 2000 азы ацыдыстӕм штат Колорадойы хуссар-ныгуылӕн хайы ӕдзӕрӕг хӕхбӕстӕм. Мах лӕггад кодтам пионертӕй ӕмӕ хорз хабар хъусын кодтам, индейаг адӕмыхӕттытӕ навахо ӕмӕ ют кӕм цардысты, уыцы бынӕтты. Хъыгагӕн, Билли амард 2014 азы февралы.

65 азӕй фылдӕры размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл кӕй фембӕлдтӕн ӕмӕ мын мӕ бирӕ фарстатӕн дзуапп комкоммӕ Библийӕ кӕй радта, уый тыххӕй мӕхи амондджын хонын. Уӕлдай ӕхсызгондӕр та мын у, кӕй сбӕлвырд кодтон, цы мын загъта, уыдӕттӕ иууылдӕр Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй уыдысты. Уый фӕрцы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтон ӕмӕ уый та у арфӕйаг хъуыддаг.