СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД. ЦЫ ПАЙДА ДЫН ӔРХӔСДЗӔН?
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зонын цӕмӕн хъӕуы?
Ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕм сӕ ныфс дарынц Хуыцауы Паддзахадыл. Уыдон фӕзмынц Йесо Чырыстийы. Уый йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон... уӕд зӕххыл» (Матфейы 6:10).
Диссаг уый у, ӕмӕ бирӕ адӕмы тынг фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зонын, динтӕн та сӕ фылдӕр уыцы Паддзахады кой арӕх нӕ фӕкӕнынц. Уый тыххӕй историк Герберт Уэллс ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Йесо «тынг ахсджиагыл нымадта, Уӕларвон Паддзахад кӕй хуыдта, уыцы ахуырад», фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, «чырыстон аргъуантӕн... сӕ фылдӕрмӕ уыцы ахуырад афтӕ кадджын нӕу».
Уыцы аргъуантӕй уӕлдай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъус сӕйраджыдӕр дарынц Хуыцауы Паддзахадмӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Нӕ сӕйраг журнал мыхуыргонд цӕуы 220 ӕвзагыл. Алы номыры тираж дӕр у 46 милуан экземпляры, ӕмӕ уый куыд парахат у, афтӕ парахат зӕххыл иу журнал дӕр нӕу. Цымӕ йӕ сӕйраг нысан цы у? Уый базонӕн ис, йӕ ном ӕнӕхъӕнӕй куыд у, уымӕй: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад» *.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныныл уыйбӕрц тыхтӕ цӕмӕн хардз кӕнынц? Мах фидарӕй уырны, Хуыцауы Паддзахад кӕй у зӕххы къорийыл ӕппӕты ахсджиагдӕр чиныджы – Библийы – сӕйраг темӕ. Уымӕй уӕлдай, мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, абон адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй сӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзӕн.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ргом Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй здахынц, уымӕй фӕзмынц Йесо Чырыстийы. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ цард дӕр ӕмӕ йӕ лӕггад дӕр фыццаджыдӕр баст уыдысты Хуыцауы Паддзахадимӕ (Лукайы 4:43). Йесо Чырыстийӕн Хуыцауы Паддзахад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыд? Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн? Ацы фарстатӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уый базондзынӕ иннӕ статьятӕй.
^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.