СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД. ЦЫ ПАЙДА ДЫН ӔРХӔСДЗӔН?
Хуыцауы Паддзахад. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн?
Фыццаг статьятӕй куыд базыдтай, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн у тынг ахсджиаг. Уыцы Паддзахад адӕмӕн фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, кӕцыдӕртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. Фӕлӕ дӕм уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ уӕддӕр, чи зоны, аргъауы хуызӕн фӕкастысты.
Алы ныхасыл ӕууӕндыны бӕсты, зондыл дзурӕг уыдзӕн, алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Цӕуылдӕрты кӕй дызӕрдыг кӕныс, уый тыххӕй дӕ абарӕн ис рагон вериӕгтимӕ *. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстой, уӕд уыцы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ айстой, фӕлӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй уый афтӕ уыдаид. Вериӕгтӕ Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ сын «цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ» (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Ӕндӕр ныхӕстӕй та, вериӕгтӕ, цы хорз хабар фехъуыстой, уый барстой, Фыстад цы дзуры, уыимӕ. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ фидарӕй бауырныдта, хорз хабар, ӕцӕгдӕр, Хуыцауы Ныхасӕй ист кӕй у.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕнды, цӕмӕй ды дӕр афтӕ кӕнай. Мах адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзурынц, уый абарай, Библийы цы фыст ис, уыимӕ.
Библийы ахуыры рӕстӕг ӕрмӕст Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ базондзынӕ, фӕлӕ ма дзуапп ссардзынӕ царды ахсджиагдӕр фарстатӕн:
Стӕй-ма, Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд Хуыцаумӕ баввахс уыдзынӕ (Иаковы 4:8). Хуыцаумӕ цас ӕввахсдӕр кӕнай, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ, Хуыцауы Паддзахад дын хорздзинӕдтӕ ӕрмӕст абон нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр кӕй хӕсдзӕн. Йесо йӕ Фыдмӕ куывта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).
^ 4 абз. Горӕт Вери уыд рагон Македонийы.