Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы бауарзой?
Дӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы бауарздзысты, кӕй ис ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый куы бамбарой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цӕмӕй Хуыцауы бауарзой, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ базонгӕ уой (1 Иоанны 4:8). Зӕгъӕм, хъуамӕ зоной: Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста? Адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Ӕмӕ сын фидӕны цы сараздзӕн? (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:9.)
Цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы уарзой, уый тыххӕй хъуамӕ уыной, дӕхӕдӕг ӕй кӕй уарзыс. Афтӕмӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыддаджы фӕзмгӕ дӕр бакӕндзысты. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5–7; Ӕмбисӕндтӕ 22:6.)
Куыд ис сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн?
Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых (Дзуттӕгтӕм 4:12). Уымӕ гӕсгӕ дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй йын йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ базоной. Йесо-иу адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта? Фарстатӕ-иу сӕм лӕвӕрдта, хъуыста-иу сӕм ӕмӕ-иу сын Фыстад ӕмбарын кодта. Цӕмӕй дӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарай, уый тыххӕй сӕ ахуыр кӕн, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, афтӕ. (Бакӕс Лукайы 24:15–19, 27, 32.)
Уымӕй уӕлдай-ма, сывӕллӕттӕ Хуыцауы базондзысты ӕмӕ йӕ бауарздзысты, адӕмимӕ-иу куыд уыд, уый тыххӕй Библийы фыст хабӕрттӕ куы зоной, уӕд. Уымӕн та хорз публикацитӕ ссарӕн ис сайты www.pr418.com/os. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.)