Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | КОРРУПЦИ КӔМ НАЛ УЫДЗӔН, АХӔМ ХИЦАУАД

Коррупци хицауады кусджыты ’хсӕн арф уидӕгтӕ ауагъта

Коррупци хицауады кусджыты ’хсӕн арф уидӕгтӕ ауагъта

Коррупци у, хицауады кусджытӕ сӕ бартӕй раст куы нӕ фӕпайда кӕнынц, уый. Адӕм цас цӕрынц, уыйбӕрц ис коррупци дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис закъон, цӕмӕй тӕрхонгӕнджытӕ искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ гӕртӕмттӕ ма истаиккой, ӕмӕ уыцы закъон фыст ӕрцыд 3 500 азӕй фылдӕры размӕ. Уымӕй бӕрӕг у, уӕд дӕр адӕм уыцы хъуыддагмӕ ӕмхиц кӕй уыдысты (Рацыд 23:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, коррупцимӕ ӕрмӕст гӕртӕмттӕ исын нӕ хауы. Уымӕ ма хауы, хицауады кусджытӕ цыдӕртӕ куы адавынц, цы сӕм не ’мбӕлы, уыдӕттӕ сӕхицӕн куы фӕдомынц, кӕнӕ та суанг адӕмы ӕхца куы бахӕрынц, уый. Сӕ бартӕй ма фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй се ’мбӕлттӕ ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕн исты хорзы бацӕуой.

Коррупци ис бирӕ организациты, фӕлӕ хицауады кусджыты ’хсӕн куыд арӕх у, афтӕ никуы. Иу организаци, «Трансперенси интернешнл», мыхуыры рауагъта «Барометр мировой коррупции-2013», ӕмӕ дзы фыст уыди, зӕгъгӕ, ӕгас дунейы дӕр адӕм ӕмхъӕлӕсӕй дзурынц, ӕппӕты тынгдӕр коррупци кӕй ис политикон партиты, пъӕлицӕйы, хицауады кусджыты ’хсӕн, стӕй закъонӕвӕрджытӕ ӕмӕ тӕрхондоны кусджыты ’хсӕн. Ӕркӕсӕм уыцы хъуыддаджы тыххӕй цалдӕр бӕрӕггӕнӕнмӕ.

  • АФРИКӔ. 2013 азы Хуссар-Африкаг Республикӕйы иу-22 мин хицауады кусӕджы фӕаххосджын кодтой, сӕ бартӕй раст кӕй нӕ пайда кодтой, уыцы хъуыддаджы.

  • ХУССАР АМЕРИКӔ. 2012 азы Бразилийы 25 адӕймаджы фӕаххосджын кодтой, хицауады ӕхцайӕ кӕй спайда кодтой, цӕмӕй политикты балхӕдтаиккой. Уыцы адӕмы ’хсӕн уыди президенты администрацийы раздӕры хицау, бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгтӕй дыккаг.

  • АЗИ. 1995 азы Сеулы (Хуссар Корей) 502 адӕймаджы амардысты, стыр дуканийы цар кӕй ныккалд, уый аххосӕй. Слестгӕнджытӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй аразджытӕ горӕты хицӕуттӕн гӕртам радтой, цӕмӕй лӕмӕгъдӕр бетонӕй спайда кодтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй арӕзтадон нормӕтӕ фехӕлдтаиккой.

  • ЕВРОПӔ. «Европӕйы [коррупци] куыд парахат у, уый дисы ӕфтауы,– дзуры Сесилия Мальмстрем, Евроцӕдисы мидполитикӕйы фарстаты комиссар.– Куыд зыны, афтӕмӕй политиктӕ фидарӕй цы дзырд лӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, политикон системӕйӕ коррупцийы уидӕгтӕ стондзыстӕм, уымӕй ӕппындӕр ницы рауад».

Хицауады кусджыты ’хсӕн коррупци арф уидӕгтӕ ауагъта. Профессор Сьюзан Роуз-Аккерман иртасы, коррупцийы ныхмӕ куыд тох кӕнын хъӕуы, уыцы мадзӕлттӕ. Уый ныффыста, зӕгъгӕ, стыр ивындзинӕдтӕ хъӕуы скӕнын, «хицауад куыд архайы, уыцы хъуыддаджы». Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уыцы уавӕр нӕй фӕивӕн. Фӕлӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй стыр ивындзинӕдтӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕрцӕудзӕн.