Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ лӕууын кӕнӕм?

Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы нӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (Исай 25:8; 33:24)

Зӕххыл Йесойы мӕлӕтӕй ахсджиагдӕр хабар никуы ӕрцыд. Йесо амард, цӕмӕй адӕм цӕрой, райдианы се Сфӕлдисӕджы куыд фӕндыд, афтӕ. Хуыцау сӕ уый тыххӕй не скодта, цӕмӕй ӕвзӕрдзинад аразой, рынчын кӕной ӕмӕ мӕлой (Райдиан 1:31). Фӕлӕ фыццаг нӕлгоймаджы, Адамы, аххосӕй иууылдӕр систы тӕригъӕдджын. Йесо та йӕ цард радта, адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 6:23.)

Хуыцау нӕ тынг кӕй уарзы, уый равдыста, йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид, уымӕй (1 Иоанны 4:9, 10). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй дзул ӕмӕ сӕн йеддӕмӕ ницы хъуыди. Алы аз дӕр уыцы бӕрӕгбонмӕ кӕй ӕрбацӕуӕм, уымӕй равдисӕм, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийӕ сӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм. (Бакӕс Лукайы 22:19, 20.)

Чи хъуамӕ ахода дзул ӕмӕ сӕнӕй?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ мӕлӕты бон бӕрӕг кӕныны тыххӕй куы загъта, уӕд скодта бадзырды кой (Матфейы 26:26–28). Уыцы бадзырды руаджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ ма ноджы кӕмӕндӕрты фадат фӕзынд, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыдаиккой. Ӕмӕ кӕд Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ милуангай адӕм ӕрбацӕуы, уӕддӕр дзул ӕмӕ сӕнӕй саходынц, бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, ӕрмӕстдӕр уыдон. (Бакӕс Раргомад 5:10.)

Иу-2 000 азы дӕргъы Йегъовӕ ӕвзары, фидӕны паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны (Лукайы 12:32). Зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдонимӕ абаргӕйӕ уыдон бирӕ не сты. (Бакӕс Раргомад 7:4, 9, 17.)