Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Кӕрон ӕввахс у?

Кӕрон ӕввахс у?

Цымӕ Хуыцау адӕмӕн дарддӕр дӕр уый бар дӕтдзӕн, цӕмӕй сӕ иу иннӕмӕн хицау уа ӕмӕ адӕмы фидӕнӕн тӕссаг уа? Нӕ, куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцау хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ, адӕм ӕнусты дӕргъы цы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ цы ӕфхӕрд баййӕфтой, уымӕн кӕрон скӕндзӕн. Адӕмы ӕмӕ Зӕхх чи сфӕлдыста, уый фӕнды, цӕмӕй ды дӕр зонай, уыцы рӕстӕг ӕввахс кӕй у. Куыд ӕй базонӕм, кӕрон ӕввахс кӕй у?

Ӕркӕсӕм-ма ахӕм цӕвиттонмӕ. Машинӕйыл дард ранмӕ цӕуын сфӕнд кодтай, ӕмӕ уал фыццаг фӕндаг бацагуырдтай Интернеты, ӕркастӕ картӕтӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕрмӕгмӕ. Стӕй цӕугӕ-цӕуын фӕндагыл куы фенай алыхуызон амонӕнтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ, уӕд дӕ ныфс бацӕудзӕн, бынатмӕ дӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы. Раст афтӕ нын Хуыцау дӕр радта йӕ Ныхас, ӕмӕ дзы ныффыссын кодта, ӕгас дунейы дӕр цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый. Уыцы нысӕнттӕ куыд ӕргом кӕнынц, афтӕ тынгдӕр ӕууӕндӕм, кӕронмӕ чи ӕркӕндзӕн, уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм.

Библи нын ӕмбарын кӕны, адӕмы историйы кӕй хъуамӕ уа, уый размӕ чи никуы уыд, ахӕм ахсджиаг рӕстӕг, ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ кӕй уыдзӕн кӕрон. Уыцы рӕстӕг дунейы цы хабӕрттӕ цӕуа ӕмӕ дзы цы уавӕртӕ уа, уыдон тынг хицӕн кӕндзысты, адӕмы историйы уӕдмӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхасы цы нысӕнтты кой ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

1. УӔЗЗАУ УАВӔРТӔ ӔГАС ДУНЕЙЫ ДӔР. Матфейы 24 сӕры цы пехуымпарад ис, уым нымад сты, зӕххыл чи цӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ. Уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ» ӕмӕ уый фӕстӕ та кӕй «ӕрцӕудзӕн кӕрон» (3, 14 стихтӕ). Уыцы нысӕнттӕм ма хауынц ахӕм хабӕрттӕ дӕр: куы иу ран, куы иннӕ ран ӕрцӕудзӕн стыр хӕстытӕ, адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг, цӕудзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ, сарӕх уыдзысты фыдхъуыддӕгтӕ, адӕмӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн, дины разамонджытӕ адӕмы сайдзысты (6–26 стихтӕ). Ахӕм хабӕрттӕ ӕнусты дӕргъы дӕр куыннӕ цыди. Фӕлӕ кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ уыцы хабӕрттӕ дӕр иууылдӕр иумӕ уыциу заман цӕудзысты. Уымӕй уӕлдай ма, семӕ баст уыдзысты ӕртӕ ӕндӕр нысаны – нӕ хъус кӕмӕ хъуамӕ ӕрдарӕм, ахӕм нысӕнттӕ.

2. АДӔМЫ ЗОНДАХАСТ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонтӕ» – кӕроны размӕ цы рӕстӕг уыдзӕн, уый – бӕрӕг уыдзысты, адӕмы зондахаст ӕвзӕрырдӕм куыд тынг фӕивдзӕн, уымӕй. Библийы мах кӕсӕм: «Адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–4). Раст у, адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй ӕрмӕст абон нӕ кӕсынц. Фӕлӕ «фӕстаг бонты» адӕм ахӕм зондыл куыд тынг хӕцынц, афтӕ никуы, ӕмӕ ацы заман дӕр «тынг уӕззау рӕстӕг» дзӕгъӕлы не схуыдтой. Цымӕ йӕ бафиппайдтай, адӕмы зондахаст бонӕй-бонмӕ фыддӕр куыд кӕны?

3. ЗӔХХ САФЫНЦ. Библийы фыст ис, Хуыцау кӕй фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (Раргомад 11:18). Адӕм зӕхх куыд сафынц? Библийы Нойы рӕстӕджы тыххӕй дӕр афтӕ уыд фыст: «Зӕхх та ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци, фыдмитӕй байдзаг. О, Хуыцау федта, зӕхх бынысӕфт кӕй фӕци». Хуыцау уыцы хӕлд адӕмӕй загъта, зӕгъгӕ сӕ «ӕз ... фесафдзынӕн» (Райдиан 6:11–13). Зӕхх фыдмитӕй кӕй байдзаг, уымӕн цас бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уый уыныс? Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн сӕ бон у фесафын Зӕхх дӕр ӕмӕ йӕ цӕрджыты дӕр. Сӕ къухы ис тынг бирӕ хӕцӕнгарз. Фӕлӕ ма зӕхх сафынц ӕндӕр хуызы дӕр. Сафынц, Зӕххыл цард кӕй фӕрцы ис, уыцы системӕтӕ – цы уӕлдӕф улӕфӕм, уый, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты дуне ӕмӕ океантӕ – се ’ппӕт дӕр адӕймаджы аххосӕй тынг мӕгуыр уавӕрмӕ ӕрцыдысты.

Ахъуыды-ма кӕн: «Цымӕ сӕдӕ азы размӕ адӕмӕн сӕ бон уыдаид сӕхи фесафын?» Абон та адӕмӕн уый сӕ бон у, уымӕн ӕмӕ тынг бирӕ хӕцӕнгарз ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕрдз чъизи кӕнынц, нӕ йыл ауӕрдынц. Техникӕ размӕ афтӕ тагъд цӕуы, ӕмӕ адӕймагӕн уый фадат дӕр нӕ фӕвӕййы, цӕмӕй цы зиан хӕссы, уый кӕронмӕ бамбара ӕмӕ йӕм йӕ хъус ӕрдара. Фӕлӕ зӕххы фидӕн адӕмӕй кӕнгӕ нӕу. Хуыцау уый бар никӕмӕн ратдзӕн, цӕмӕй Зӕхх фесафой. Хуыцау ӕнӕмӕнгдӕр фесафдзӕн, зӕхх чи сафы, уыдоны се ’ппӕты дӕр!

4. ХЪУСЫН КӔНЫНЦ ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР. Кӕроны тыххӕй цы пехуымпарад уыд загъд, уым ма уыди ноджы иу ахсджиаг хъуыддаджы кой: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Хъусын кӕныны хъуыддаг тынг хицӕн кӕндзӕн, ӕнусты дӕргъы иуӕй-иу динтӕ адӕмӕн сӕхи дин куыд исын кодтой, уымӕй. Фӕстаг бонты сӕйраджыдӕр хъусын кӕндзысты ахсджиаг хабар – «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар». Уыцы хабар ма ӕндӕр искӕцы динтӕ хъусын кӕнынц? Ӕмӕ кӕд чидӕртӕ, чи зоны, ахӕм хабар хъусын кӕнынц, уӕд цас сты ӕмӕ кӕм хъусын кӕнынц? Цымӕ ацы хорз хабар «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» хъусын кӕнынц?

Хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр сӕдӕгай ӕвзӕгтыл

Цӕмӕй «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» хъуыстгонд цӕуа, уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд нӕ сайт. Сайтыл уыцы хабар чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ ссарӕн ис 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыйбӕрц ӕвзӕгтыл ӕмӕ уыйбӕрц бӕстӕты ма Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны? Цалынмӕ Интернет нӕ фӕзынд, уымӕй бирӕ раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зыдтой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, ахӕм адӕмӕй. 1939 азӕй фӕстӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» алы номыры ӕддаг цъарыл дӕр фыст уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Динты тыххӕй фыст кӕм ис, иу ахӕм чиныджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй загъд уыди, зӕгъгӕ, «уыдон куыд зӕрдиагӕй архайынц ӕмӕ сӕ куыд бирӕ рӕтты ис фенӕн, уый диссаг у». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕйраджыдӕр хъусын кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад хъуыддӕгтӕм тынг тагъд кӕй ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕй «ӕрцӕудзӕн кӕрон».

ЦАРД ЦӔХГӔР ЧИ ФӔИВДЗӔН, АХӔМ РӔСТӔГ

Ацы статьяйы кӕуыл аныхас кодтам, Библийӕ уыцы цыппар нысаны – нӕ хъус кӕмӕ хъуамӕ ӕрдарӕм, уыцы цыппар нысаны – уыныс? Сӕдӕ азӕй фылдӕр ацы публикаци йӕ кӕсджытӕн бӕлвырд дзуры, дунейы хабӕртты тыххӕй, цӕмӕй сын бамбарын кӕна, кӕрон ӕввахс кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй нӕ уырнынц, уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, хабӕрттӕ ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ раст не сты ӕмӕ сӕ чидӕр, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ пайда кӕны. Ахӕм хъуыдыйыл дӕр ма хӕст сты, ӕмӕ, дам, дунейы нырыккон бастдзинӕдты фӕрцы фылдӕр информаци кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ, дам, афтӕ зыны, ӕмӕ дунейы уавӕртӕ ӕвзӕрдӕр фесты. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр мах цӕрӕм, адӕмы истори цӕхгӕр куы фӕива, уый кӕрон ӕмӕ уымӕн йӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц.

Ахуыргӕндтӕй кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ тагъд зӕххыл стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн. Зӕгъӕм, 2014 азы иу журналы Наукӕйы ӕмӕ ӕдасдзинады совет Иугонд Нациты Организацийы Ӕдасдзинады советӕн фехъусын кодта, ӕгас дунейы цӕрджытӕ дӕр цы тӕссаг уавӕры сты, уый тыххӕй (The Bulletin of the Atomic Scientists). Ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ: «Уыцы тӕссаг уавӕртӕ лӕмбынӕг раиртӕстам ӕмӕ ӕрцыдыстӕм ахӕм хъуыдымӕ, ӕмӕ ӕгас зӕххы цӕрджытӕн дӕр нырма дӕр тынг тӕссаг у технологон бӕллӕхӕй». Бирӕты тынгӕй-тынгдӕр уырны, тагъд стыр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Ацы брошюрӕйы рауадзджытӕ, стӕй йӕ кӕсджытӕй дӕр бирӕтӕ, фидарӕй зонынц, мах цы ахсджиаг ӕмӕ цы диссаджы рӕстӕг цӕрӕм, уыдон фӕстаг бонтӕ кӕй сты ӕмӕ кӕрон ӕввахс кӕй у. Фӕлӕ дӕ ӕрцӕуинаг хабӕрттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ тӕрсын нӕ хъӕуы, хуыздӕр уыдзӕн, ӕхсызгонӕй сӕм куы ӕнхъӕлмӕ кӕсис. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕ бон уыдзӕн фервӕзын!