Зӕронды бонтӕ дыл рӕсугъдӕй сӕмбӕлӕнт
КӔДДӔР кӕй базӕронд уыдзынӕ, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууы, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Бирӕтӕ стыхсынц, мӕты бацӕуынц ӕмӕ суанг тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнынц. Уымӕн ӕмӕ бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ зӕронды бонты хорзӕй ӕппындӕр ницы ис, зӕгъӕм, адӕймаг ныффыдынд вӕййы, йе уӕнгты хъару нал вӕййы, йӕ хъуыды фесафы ӕмӕ йыл низтӕ стых вӕййынц.
Фӕлӕ адӕм зӕрондӕй се ’ппӕт ӕмхуызон нӕ вӕййынц. Чидӕртӕ се ’нӕниздзинадӕй нӕ фӕхъаст кӕнынц, сӕ бон вӕййы кусын ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр сӕхимӕ вӕййы. Иннӕтӕ та нырыккон медицинӕйы фӕрцы сӕ низтӕ сдзӕбӕх кодтой кӕнӕ та сын хорз хос ссардтой. Уымӕ гӕсгӕ абон иуӕй-иу бӕстӕты адӕм фылдӕр цӕрын райдыдтой ӕмӕ се ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр.
Адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруадзынц, уӕд бирӕ хатт зындзинӕдты бын дӕр фӕвӕййы, фӕлӕ ацӕргӕтӕн сӕ фылдӕры фӕнды, цӕмӕй сыл сӕ зӕронды бонтӕ рӕсугъдӕй сӕмбӕлой. Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Уый хатт баст вӕййы, нӕ ног цардмӕ цы цӕстӕй фӕкӕсӕм ӕмӕ исты фӕивынмӕ цӕттӕ вӕййӕм ӕви нӕ, ууыл. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, хуымӕтӕг, фӕлӕ царды чи ахады, цалдӕр ахӕм уагӕвӕрдмӕ Библийӕ.
БОНЗОНГӔ У: «Зонд... ис бонзонгӕтӕм» (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Нӕ ныхасы сӕр цӕуыл у, уымӕ гӕсгӕ «бонзонгӕтӕ» схонӕн ис ахӕм ацӕргӕты, йӕ карыл ӕмӕ, йӕ бон раздӕрау алцы аразын кӕй нал у, ууыл чи сӕтты ӕмӕ уый чи ӕмбары. Бразилийӕ 93-аздзыд Чарльз зӕгъы: «Бирӕ куы цӕрай, уӕд абон уа – райсом уа, уӕддӕр базӕронд уыдзынӕ. Рӕстӕг фӕстӕмӕ нал раздахдзынӕ».
Фӕлӕ бонзонгӕ адӕймаг йӕ къухтӕ не ’руадзы ӕмӕ афтӕ нӕ фӕдзуры: «Ӕз зӕронд дӕн, ӕмӕ мӕнӕй ницыуал пайда ис». Адӕймаг ахӕм зондыл хӕст куы уа, уӕд йӕ тых йӕхӕдӕг басӕтдзӕн. Ӕмбисӕндты 24:10 стихы фыст ис: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?». Фӕлӕ бонзонгӕ адӕймаг зондӕй архайы ӕмӕ йӕ уавӕрты, йӕ бон цы у, уый аразы.
77-аздзыд Коррадо цӕры Италийы. Уый дзуры: «Адӕймаг хохмӕ машинӕйыл куы фӕцӕуы, уӕд йӕ цыд фӕсындӕгдӕр кӕны, цӕмӕй йӕ машинӕ ма ахуысса». О, адӕймаг йӕ кары куы бацӕуы, уӕд ӕй фӕхъӕуы цыдӕртӕ фӕивын. Коррадо ӕмӕ йӕ бинойнаг хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ сахуыр сты сӕхиуыл ауӕрдын ӕмӕ архайынц, цӕмӕй боны
мидӕг афтӕ ма бафӕллайой, ӕмӕ сӕм изӕры тыхы мур мауал уа. Марьяныл цӕуы 81 азы, цӕры Бразилийы. Уый дӕр йӕ кармӕ раст цӕстӕй кӕсы: «Ӕз мӕхи никӕимӕ барын. Куы афӕллайын, уӕд иу гыццыл аулӕфын, абадын, ахуыссын кӕнӕ музыкӕмӕ байхъусын. Мӕ бон алцы аразын кӕй нал у, ууыл басастӕн».ӔМБАРГӔ У: «Сылгоймӕгтӕ [хъуамӕ] сӕхи рӕсугъд кӕной... аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты» (1 Тимофеймӕ 2:9). Дзырдтӕ «аив дарӕс» амонынц, адӕймаг ӕмбаргӕ куы уа ӕмӕ куы зона, цы йыл фидауы, уый. Барбарӕйыл цӕуы 74 азы ӕмӕ цӕры Канадӕйы. Уый дзуры: «Архайын, цӕмӕй мӕ уӕлӕдарӕс уа аив ӕмӕ сыгъдӕг. Нӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй исчи афтӕ зӕгъа, базӕронд ис ӕмӕ йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый дӕр нал зоны». Бразилийӕ 91-аздзыд Ферн та афтӕ зӕгъы: «Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мӕхицӕн бӕрӕгбон акӕнын – ног дзаумӕттӕ балхӕнын». Цы зӕгъӕн ис ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕй та? «Ӕз цӕуын къӕрццарӕзтӕй, скӕнын сыгъдӕг ӕмӕ итувӕрд дарӕс,– дзуры 73-аздзыд Антонио Бразилийӕ.– Алы бон дӕр мӕхи ныннайын ӕмӕ ныддасын».
Иннӕ ахӕм та, адӕймаг хъуамӕ йе ’ргом ӕрмӕст йӕхимӕ ма скӕна, фӕлӕ ӕмбаргӕ уа. Бокимыл цӕуы 69 азы, цӕры Хуссар Корейы. Дарӕс ӕвзаргӕйӕ дзы йӕ кар нӕ рох кӕны. Уый дзуры: «Ӕрыгонӕй цы дардтон, уыдӕттӕй мыл цыдӕртӕ кӕй нал сфидаудзӕн, уый хорз ӕмбарын».
ХЪӔЛДЗӔГ У: «Ныфссаст адӕймаджы бонтӕ иууылдӕр сты ӕнкъард, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕн та ӕдзухдӕр вӕййы куывд» (Ӕмбисӕндтӕ 15:15). Де ’рыгон бонтыл ӕмӕ дӕм кӕддӕр цы хъару уыди, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ мӕты бафтай. Ӕмӕ уый ӕмбӕрст у. Фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы мӕтӕн дӕ тых сӕттын ма бауадз. Раздӕры цардыл ӕдзух куы хъуыды кӕнай, уӕд дын дӕ цард сӕнад уыдзӕн ӕмӕ дӕ бон цы у аразын, уый дӕр дӕ къухы нал ӕфтдзӕн. Джозефыл цӕуы 79 азы, цӕры Канадӕйы, уый цардмӕ раст цӕстӕй кӕсы: «Ме ’ргом здахын, мӕ бон аразын цы нӕу, уымӕ нӕ, фӕлӕ мӕ бон аразын цы у, уымӕ».
Цӕмӕй хъӕлдзӕг уай ӕмӕ фылдӕр цыдӕртӕ базонай, уый тыххӕй дӕ бон у чингуытӕ кӕсын ӕмӕ исты ног хъуыддагыл ныххӕцын. Уымӕ гӕсгӕ-иу алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй ног исты бакӕсай кӕнӕ базонай. Эрнестойыл цӕуы 74 азы, цӕры Филиппинты. Уый арӕх фӕцӕуы библиотекӕмӕ. Эрнесто зӕгъы: «Ныр дӕр ма уарзын балцы цӕуын. Ӕмӕ хорз чиныг кӕсгӕйӕ кӕм нӕ балӕууын, ахӕм нӕ вӕййы». 75-аздзыд Леннарт цӕры Швецийы. Уый та райдыдта ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын.
РӔДАУ У: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты» (Лукайы 6:38). Дӕ рӕстӕг иннӕтӕн ма ’вгъау кӕн ӕмӕ-иу сын исты лӕвӕрттӕ дӕр сараз, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй бирӕ амондджындӕр уыдзынӕ. Озӕ цӕры Бразилийы, цӕуы йыл 85 азы. Кӕд ӕй йӕ низтӕ тыхсын кӕнынц, уӕддӕр архайы иннӕтӕн ӕххуыс кӕныныл. Уый зӕгъы: «Ме ’мбӕлттӕй исчи куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ истӕуыл куы фӕтыхсы, уӕд сӕм телефонӕй фӕдзурын, ӕмӕ сӕм фыстӕг афыссын. Хатт сын исты гыццыл лӕвар дӕр арвитын. Стӕй ма исчи рынчын куы вӕййы, уӕд ын исты хӕринаг сцӕттӕ кӕнын кӕнӕ йын адджинаг скӕнын».
Дӕ рӕдаудзинад дын иннӕтӕ дӕр бафӕзмдзысты. «Адӕмы куы уарзай, уӕд дӕ уыдон дӕр уарздзысты ӕмӕ-иу дӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзысты»,– зӕгъы 66-аздзыд Ян Швецийӕ. Ӕцӕг, рӕдау адӕймаг иннӕты циныл цин ӕфтауы ӕмӕ йӕм адӕм сӕхи фӕласынц.
ХӔЛАРЗӔРДӔ У: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Чи зоны дӕ хатт фӕфӕнды, цӕмӕй иунӕгӕй дӕр баззайай, фӕлӕ-иу дӕхи иннӕтӕй дард ма лас ӕмӕ-иу дӕхимӕ ма ныхъхъус. 72-аздзыд Инсент Нигерийӕ уарзы йе ’мбӕлттимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвитын. Уый зӕгъы: «Ӕз уарзын мӕ рӕстӕг алы кары адӕмимӕ дӕр ӕрвитын». Бёрье Швецийӕ, цӕуы йыл 85 азы, зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕрыгӕттимӕ ныхас кӕнын. Куыд цӕхӕрцӕст ӕмӕ куыд хъаруджын сты, уымӕ кӕсгӕйӕ ӕз дӕр мӕхи ӕрыгон фӕхатын». Уе ’мбӕлтты-иу уӕхимӕ фӕхонут. 72-аздзыд Хансик Хуссар Корейӕ зӕгъы: «Мӕ бинойнагимӕ хӕдзармӕ алыхуызон кары адӕмы фӕхонӕм – ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ ацӕргӕты дӕр – иумӕ къӕбӕр бахӕрынмӕ кӕнӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвитынмӕ».
Хӕларзӕрдӕ адӕймаг иннӕтимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ фӕныхас кӕны. Фӕлӕ ныхас кӕнын абарӕн ис, фӕндагыл машинӕтӕ дыууӕрдӕм куыд цӕуынц, уыимӕ. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, иннӕтӕм куыд хъусыс, уый дӕр. Иннӕтыл тыхс. Элен цӕры Мозамбикы, цӕуы йыл 71 азы. Уый зӕгъы: «Иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ дӕн ӕмӕ сын аргъ кӕнын. Ӕз сӕм байхъусын, цӕмӕй, куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый базонон». 73-аздзыд Жузе Бразилийӕ зӕгъы: «Адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуы, чи сӕм байхъуса, чи сын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ сыл чи хъуыды кӕна, афоныл сӕ чи раппӕла ӕмӕ ахудын дӕр чи зона, ахӕм хӕлӕрттӕ».
Дзургӕ-дзурын-иу хъуыды кӕн, куыд дзурыс, ууыл, ома дӕ ныхӕстӕ «уӕнт фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Колоссӕгтӕм 4:6). Иннӕтыл хъуыды кӕн ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтау.
БУЗНЫГ У: «Бузныг ут» (Колоссӕгтӕм 3:15). Исчи дӕм истӕмӕй куы фӕкӕса кӕнӕ дӕм йӕ хъус куы фӕдара, уӕд-иу ын раарфӕ кӕн. Бузныгзӕрдӕ адӕймагӕн вӕййы бирӕ ӕмбӕлттӕ. «Ӕрӕджы мӕ сӕрыхицауимӕ нӕ цӕрӕнбынат аивтам. Не ’мбӕлттӕй нӕм бирӕтӕ фӕкастысты. Се ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон иумӕ раарфӕ кӕнын нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕмӕндӕр бузныджы ныхӕстӕ ныффыстам, кӕйдӕрты та сихормӕ фӕхуыдтам»,– зӕгъы 74-аздзыд Мари-Поль Канадӕйӕ. Жевон цӕры Хуссар Корейы, цӕуы йыл 76 азы. Ӕмӕ йӕ Паддзахады залмӕ чи ӕрбаласы, уыдонӕй тынг фӕбузныг вӕййы. Уый зӕгъы: «Кӕй мӕ баласынц, уый мӕнӕн удыбӕстӕ у, ӕмӕ мӕ чи баласы, уымӕн алы хатт дӕр иугыццыл бензинӕн ӕхца дӕр авӕрын. Хатт та сын гыццыл исты балӕвар кӕнын ӕмӕ сын бузныджы ныхӕстӕ афыссын».
Сӕйраджыдӕр та бузныг дзурут, Хуыцау уын цард кӕй балӕвар кодта, уый тыххӕй. «Удӕгас куыдзӕн мард домбайӕ хуыздӕр у»,– загъта зондджын паддзах Соломон (Екклесиаст 9:4). Уӕдӕ алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй куы кӕсай ӕмӕ цыдӕртӕ фӕивынмӕ цӕттӕ куы уай, уӕд дыл зӕронды бонтӕ рӕсугъдӕй сӕмбӕлдзысты.