СӔЙРАГ ТЕМӔ | НАУКӔ ӔМӔ БИБЛИ. КӔРӔДЗИЙЫ НЫХМӔ СТЫ?
Наукӕйӕн йӕ бон алцы нӕу
Фӕстаг рӕстӕг фӕзынд, «ног атеизмы» тыххӕй кӕм дзурынц, бирӕ ахӕм чингуытӕ. Уыцы чингуытӕ расайынц бирӕ быцӕутӕ. Уый фӕдыл нейробиолог Дэвид Иглман мӕнӕ цы ныффыста: «Ахӕм чингуытӕ чи фӕкӕсы, уыдон афтӕ хъуыды кӕнын райдайынц, зӕгъгӕ, абон ахуыргӕндтӕ алцыдӕр зонынц... Фӕлӕ ӕцӕг наукӕ ног мадзӕлттӕй пайда кӕнынӕй никуы фӕтӕрсы, ӕмӕ йын йӕ историмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, йӕ къухы цы ӕнтыстытӕ бафтыд, уыдонӕй тынг бирӕтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй уыдысты».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнусты дӕргъы курдиатджын ахуыргӕндтӕн тынг бирӕ бантыст Дун-дунейы сусӕгдзинӕдтӕ базоныны хъуыддаджы. Фӕлӕ сӕ иуӕй-иутӕ стыр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Зӕгъӕм, Исаак Ньютон уыди зындгонд ахуыргонд. Уый бамбарын кодта, химӕлвасынады тых Дун-дунейы кӕрӕдзимӕ кӕй ӕлвасы планетӕтӕ, стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ. Ньютон математикӕйы цы куыст бакодта, уый ныр дӕр стыр ӕххуыс у компьютерон проекттӕ аразыны ӕмӕ космос иртасыны хъуыддаджы, стӕй ядерон физикӕйы. Фӕлӕ ма Ньютон йе ’ргом здӕхта алхимимӕ – мӕнг наукӕмӕ. Алхимийы пайда кодтой астрологи ӕмӕ магикон формулӕтӕй, цӕмӕй здыйӕ ӕмӕ ӕндӕр згъӕртӕй рауайын кодтаиккой сызгъӕрин.
Ньютонӕй 1 500 азӕй фылдӕры размӕ царди грекъаг астроном Птолемей. Уый ӕнӕ телескопӕй раиртӕста, ӕхсӕвыгон арвыл планетӕтӕ сӕ бынат куыд фӕивынц, уый ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдта картографийӕн. Фӕлӕ йӕ уый дӕр уырныдта, ӕмӕ Зӕхх у Дун-дунейы центр. Астрофизик Карл Саган Птолемейы тыххӕй ныффыста: «Уый цы геоцентрикон системӕ скодта, уымӕй пайда кодтой 1 500 азы дӕргъы. Ӕмӕ ма уый ноджы иу бӕлвырдгӕнӕн у, адӕймаг цыфӕнды зондджын ма уа, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг рӕдийа».
Ахуыргӕндтӕ абон дӕр ахӕм рӕдыдтытӕй хызт не сты. Цымӕ сын искуы бантысдзӕн Дун-дуне кӕронмӕ бамбарын? Дзырд дӕр ыл нӕй, наукӕйӕн бирӕ кӕй бантыст ӕмӕ нын стыр пайда кӕй хӕссы, фӕлӕ уӕддӕр наукӕйӕн йӕ бон алцы нӕу. Физик Пол Дэвис фыста: «Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ базонӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм формулӕтӕ агурынӕй ӕппындӕр ницы рауайдзӕн». Ацы ныхӕстӕ дзурӕг сты иу хабарыл: адӕмӕн сӕ бон нӕу ӕрдз кӕронмӕ бамбарын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, афтӕ нын куы дзурой, зӕгъгӕ, дам, наукӕйӕн йӕ бон алцыдӕр у бамбарын кӕнын.
Уӕдӕ бӕрӕг у, Библи нын кӕй дӕтты, наукӕйӕн йӕ бон раттын цы нӕу, уый
Библийы ӕрдзы диссӕгты тыххӕй афтӕ ис фыст: «Адон сты [Хуыцауы] фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам!» (Иов 26:14). Адӕймагӕн йӕ бон бамбарын кӕй нӕу, ахӕм хабӕрттӕ нырма тынг бирӕ ис. Абон дӕр раст сты апостол Павелы ныхӕстӕ, загъта сӕ иу-2 000 азы размӕ: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33).