Зыдтай йӕ?
Рагзаманты ӕрмгуыройӕ хор куыд ссадтой?
Ӕрмгуыройӕ-иу ссадтой хор дзул кӕнынӕн. Хор ссын хауд алы боны куыстытӕм. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы хӕдзары дӕр сылгоймӕгты кӕнӕ лӕггадгӕнджыты ӕрмгуырой хъуыди алы бон дӕр. Рагзаманты боны мидӕг ӕрмгуыройы хъӕр куы нӕ райхъуыстаид, уӕд ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ цард ныллӕууыд (Рацыд 11:5; Йереми 25:10).
Египеты цы рагон нывтӕ ӕмӕ статуэткӕтӕ ссардтой, уыдон ӕвдисынц, уыцы куыст куыд кодтой, уый. Хор-иу ӕркодтой тъӕпӕн, къуырфгонд дурыл, хуыдтой йӕ саргъ. Уыцы дур-иу дзӕбӕх ныффидар кодтой. Хор-иу чи ссадта, уый-иу йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыд, ӕмӕ-иу ыл къаддӕр хафӕн дур, кӕнӕ барӕг, дыууӕ къухӕй размӕ-фӕстӕмӕ хафта. Иу ран куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу уӕллаг дурӕн йӕ уӕз уыди 2–4 килограммы. Ахӕм дурӕй адӕймаджы дӕр уыд амарӕн (Тӕрхонгӕнджыты 9:50–54).
Бинонты цард хор ссынӕй кӕнгӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Библийы уыди ахӕм закъон, ӕмӕ куыройы дур цъынды (залог) исӕн нӕ уыд. «Ӕрмгуырой кӕнӕ куыройы уӕллаг дур цъынды мачи райсӕд, уымӕн ӕмӕ уӕд цъынды исы уд»,– фыст ис Дыккаг закъоны 24:6 стихы.
Цӕмӕ амыдтой ныхӕстӕ «риуыл хи бакъул кӕнын»?
Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти Фыды «риуыл йӕхи бакъул кодта» (Иоанны 1:18). Уый амоны, Йесо Чырысти Хуыцаумӕ уӕлдай хӕстӕг кӕй у ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕй у, уымӕ. Ацы ныхӕстӕ амонынц, дзуттӕгтӕм фынджы уӕлхъус цы ӕгъдау уыди, уымӕ.
Йесойы рӕстӕг дзуттӕгтӕ фынджы уӕлхъус бадгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу йӕ алыварс цы тъахтинтӕ уыд, уыдоныл-иу сӕхи ӕруагътой. Къӕбӕр-иу чи хордта, уый сӕр-иу здӕхт уыди фынджы ’рдӕм. Йӕхи-иу базыл ӕруагъта йӕ галиу рӕмбыныкъӕдзыл, ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ рахиз къух уыди сӕрибар. Фынджы уӕлхъус чи уыди, уыдон-иу иууылдӕр сӕхи ӕруагътой сӕ галиу фарсыл, иу иннӕйы цур. Иу чиныджы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ-иу «адӕймагӕн йӕ сӕр уыди, йӕ фӕстӕ чи уыди, уыцы адӕймаджы риуы раз. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы адӕймаг иннӕйы „риумӕ ’ввахс хуыссыди“».
Бинонты хистӕры кӕнӕ фысымы риумӕ ’ввахс хуыссын нымад уыди стыр кадыл. Уӕдӕ Йесо фӕстаг хатт Куадзӕн куы бӕрӕг кодта, уӕд, «кӕй уарзта», уыцы ахуыргӕнинаг, апостол Иоанн, йӕ риумӕ ’ввахс уый тыххӕй бадт. Афтӕмӕй Иоаннӕн йӕ бон уыди «йӕхи Йесойы риуыл бакъул кӕнын» ӕмӕ йӕм фарста раттын (Иоанны 13:23–25; 21:20).