Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ АМАРД, УЫДОН МА ИСКУЫ ЦӔРДЗЫСТЫ?

Чи амард, уыдон райгас уыдзысты. Уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

Чи амард, уыдон райгас уыдзысты. Уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

Мӕрдтӕ ногӕй кӕй цӕрдзысты, ууыл чи ӕууӕнды, уый цымӕ йӕхи сайы? Апостол Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта. Хуыцауы фӕндӕй Павел ныффыста: «Кӕд Чырыстийыл нӕ ныфс ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм, уӕд махӕй ӕнамонддӕр адӕм нӕй. Фӕлӕ Чырысти ӕцӕгдӕр райгас – чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг [«уыдонӕй фыццаг тыллӕг», фиппаинаг]» (1 Коринфӕгтӕм 15:19, 20). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Уымӕн ын фидар ныфс лӕвӕрдта, Йесо кӕй райгас, уый (Хъуыддӕгтӕ 17:31). Ӕмӕ йӕ «фыццаг тыллӕг» дӕр уымӕ гӕсгӕ схуыдта – ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ фыццаг уый райгас. Ӕмӕ кӕд Йесо фыццаг у, уӕд ма дзы хъуамӕ ӕндӕртӕ дӕр уа.

Иов Хуыцауӕн загъта: «Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (Иов 14:14, 15)

Фӕлӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ма ӕууӕндӕм ноджы ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр. Йегъовӕ у рӕстдзинады Хуыцау. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уый у, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау» (Титмӕ 1:2). Йегъовӕ никуы фӕсайдта ӕмӕ нӕдӕр фӕсайдзӕн. Хуыцау ныфс бавӕрдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, стӕй ма кӕйдӕрты дӕр райгас кодта. Уӕдӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ныхас фӕсайа? Нӕй!

Цымӕ Йегъовӕйы цӕмӕн бафӕндыд, цӕмӕй фидӕны мӕрдты райгас кӕна? Уымӕн ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау у. «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн? – бафарста Иов.– Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (Иов 14:14, 15). Иовы фидарӕй уырныдта, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды тынг кӕй фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ райгас кӕна. Цымӕ Хуыцау уӕдӕй нырмӕ аивта? «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын»,– фыст ис Библийы (Малахи 3:6). Хуыцау абон дӕр бӕллы, цӕмӕй, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха, ӕмӕ ӕнӕнизӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрой. Йегъовӕйы абарӕн ис, йӕ уарзон хъӕбул кӕмӕн амард ӕмӕ йӕ фенынмӕ чи бӕллы, ахӕм ныййарӕгимӕ. Фӕлӕ ахӕм фыдӕй уӕлдай Хуыцаумӕ уыцы хъару ис, цӕмӕй йӕ цы фӕнды, уый сараза (Псалом 135:6).

Мӕлӕт ӕвирхъау бӕллӕх у, фӕлӕ Хуыцау зоны, куыд нӕ фервӕзын кӕна, уый

Йегъовӕ йӕ Фыртӕн уыцы фадат ратдзӕн, цӕмӕй, йӕ уарзон адӕмы мӕлӕтыл чи хъыг кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг кӕна. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕ Йесо та цы цӕстӕй кӕсы? Цалынмӕ Лазӕры нӕ райгас кодта, уӕдмӕ федта, йӕ хотӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕ зӕрдӕ фыррыстӕй кӕй скъуыдтӕ кодта, уый, ӕмӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (Иоанны 11:35). Ӕндӕр хатт та Йесо горӕт Наины цур амбӕлд, йӕ иунӕг хъӕбул кӕмӕн амард, иу ахӕм идӕдз усыл. Йесойӕн «йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст ӕмӕ йын загъта: „Ма ку“». Ӕмӕ йын уыцы тӕккӕ йӕ фырты райгас кодта (Лукайы 7:13). Бӕрӕг у, Йесо дӕр искӕй хъыгыл тынг кӕй фӕхъыг кӕны ӕмӕ, исчи куы амӕлы, уӕд ыл йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы. Уӕдӕ куыд тынг цин кӕндзӕн Йесо йӕхӕдӕг дӕр, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр адӕмӕн сӕ маст цинмӕ куы раива, уӕд!

Чи зоны, ды дӕр искуы стыр зӕрдӕрыст бавзӕрстай. Ӕмӕ дӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ кӕсы, ӕмӕ мӕлӕтыл йӕ бар никӕмӕн цӕуы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу – Хуыцау йӕ Фырты фӕрцы мӕрдты райгас кӕндзӕн. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ды уый дӕхи цӕстӕй фенай. Фӕнды йӕ, цӕмӕй, бирӕ кӕй уарзтай, уыцы адӕмӕн ногӕй ныхъхъӕбыс кӕнай. Ахъуыды-ма кӕн, ӕнустӕм иумӕ цӕрдзыстут ӕмӕ уӕ мӕлӕт кӕрӕдзийӕ никуыуал фӕхицӕн кӕндзӕн!

Лионель, фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, зӕгъы: «Ӕз базыдтон, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый! Чи мын ӕй радзырдта, ууыл фыццаг нӕ баууӕндыдтӕн. Фӕлӕ уыцы фарста Библимӕ гӕсгӕ куы раиртӕстон, уӕд бамбӕрстон, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, мӕ мадыфыды кӕд фендзынӕн, уыцы рӕстӕгмӕ!»

Фылдӕр базонын дӕ нӕ фӕнды? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын дӕхи Библийы равдисдзысты, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый сӕ фидарӕй цӕмӕн уырны.