Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ СТЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ?

Цы куыст кӕнӕм, уымӕн нын ӕхца кӕцӕй ис?

Цы куыст кӕнӕм, уымӕн нын ӕхца кӕцӕй ис?

Алы аз дӕр мах мыхуыр кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн байуарӕм милуангай Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр аразӕм филиалтӕ ӕмӕ типографитӕ ӕмӕ сӕм зилӕм. Дӕсгай мин ӕмбырдтӕн сӕ фембӕлдтӕ фӕцӕуынц хуымӕтӕг, фӕлӕ аив кувӕн бынӕтты, хонынц сӕ Паддзахады залтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн нӕм ӕхца кӕцӕй ис?

Цыдӕриддӕр аразӕм, уый аразӕм барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы (2 Коринфӕгтӕм 9:7). 1879 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дыккаг номыры фыст уыди: «„Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ [уӕд уыцы журнал афтӕ хуынди] цӕуын райдыдта ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕрцы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах адӕмӕй ӕххуыс никуы курдзыстӕм ӕмӕ сын никуы лӕгъстӕ кӕндзыстӕм». Уыцы хъуыдыйыл мах хӕст стӕм абоны онг дӕр.

Мысайнӕгтӕ арвитынц комкоммӕ филиалмӕ, кӕнӕ та сӕ ныппарынц, алы Паддзахады залы дӕр цы асыччытӕ ис, уым. Дӕсӕм хай нӕ дӕттӕм, ӕхца нӕ фембырд кӕнӕм, стӕй, цы куыст кӕнӕм, уый тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ публикациты тыххӕй дӕр ӕхца нӕ исӕм. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, ӕмбырды адӕмы кӕй ахуыр кӕнӕм кӕнӕ Хуыцауӕн кувӕн бынӕттӕ кӕй аразӕм, уый тыххӕй нын фидгӕ нӕ кӕнынц. Йесо загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8). Нӕ филиалты ӕмӕ нӕ сӕйраг хайады чи лӕггад кӕны, уыдон иууылдӕр, уыдонимӕ нӕ Разамонӕг советы уӕнгтӕ дӕр, сӕ фыдӕбоны тыххӕй ӕхца нӕ исынц.

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алцыдӕр аразынц барвӕндонӕй ӕмӕ мысайнӕгтӕ дӕр дӕттынц барвӕндонӕй, алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, мысайнаг цас ӕмӕ куыд арӕх дӕтдзӕн, уый» (Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон, 2011 аз).

Нӕ мысайнӕгтӕй ма баххуыс кӕнӕм, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн дӕр. Фыццаг чырыстӕттӕ ӕхсызгонӕй ӕххуыс кодтой, зын уавӕры-иу чи бахауд, уыдонӕн (Ромӕгтӕм 15:26). Уӕдӕ уыдонау мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууӕм, исты бӕллӕх сыл куы ’рцӕуы, уӕд, зӕгъӕм, сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттӕ сцалцӕг кӕнынӕн баххуыс кӕнӕм, стӕй сӕм хӕринагӕй, дзаумӕттӕй ӕмӕ хостӕй фӕкӕсӕм.