Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонӕн ис?

Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй рӕстдзинад зонӕм? Бакӕс Иоанны 17:3

Хуыцау рагӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕмимӕ ныхас кӕны. Библи чи фыста, уыдоны зонды-иу йӕ сыгъдӕг тыхы, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхы фӕрцы йӕ хъуыдытӕ нывӕрдта (2 Петры 1:20, 21). Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базондзыстӕм, Библи куы кӕсӕм, уӕд. (Бакӕс Иоанны 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16.)

Хуыцау нын Библийы йӕхи тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ӕргом кӕны. Дзуры нын, адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста, фидӕны сын цы сараздзӕн ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Хъуыддӕгтӕ 17:24–27). Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй уый тыххӕй рӕстдзинад зонӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3, 4.)

Рӕстдзинад чи уарзы, уыдоны Хуыцау цӕмӕн уарзы?

Йегъовӕ у рӕстдзинады Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, рарвыста, цӕмӕй адӕмы рӕстдзинадыл сахуыр кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ, рӕстдзинад чи уарзы, уыдон Йесойы ахуырӕдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ исынц (Иоанны 18:37). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ахӕм адӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ суой. (Бакӕс Иоанны 4:23, 24.)

Сайтан Хӕйрӕг Хуыцауы тыххӕй мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕны, ӕмӕ афтӕмӕй бирӕты Хуыцауӕй аздӕхта (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Хорздзинад чи нӕ уарзы, уыдонӕн ахӕм мӕнг ахуырӕдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц (Ромӕгтӕм 1:25). Фӕлӕ милуангай сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад ссарынц, Библи ахуыр кӕнын куы райдайынц, уӕд. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:11.)