Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕстмӕхъус митӕн искуы кӕрон уыдзӕн?

Цӕстмӕхъус митӕн искуы кӕрон уыдзӕн?

ПАНАЙОТӔ схъомыл Зӕххастӕу денджызы сакъадӕхтӕй иуыл. Рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд политикӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Фӕстӕдӕр, цы хъӕуы царди, уым кусын райдыдта политикон партийы секретарӕй. Панайотӕ ма суанг хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр зылди, цӕмӕй сӕ партийӕн ӕхца ӕмбырд кодтаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ партийӕ фыдӕнхъӕл фӕци. Кӕд иууылдӕр кӕрӕдзимӕ, ӕмбал, зӕгъгӕ, дзырдтой, уӕддӕр дзы алчи дӕр йӕ хиуӕтты размӕ кодта ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты кадмондаг. Уымӕй уӕлдай иууылдӕр кӕрӕдзи хордтой ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кодтой.

Дэниел схъомыл Ирландийы, йӕ диныл тынг ӕнувыд чи уыди, ахӕм бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ ма йӕ ныр дӕр нӕ рох кӕнынц сауджынты цӕстмӕхъус митӕ. Уыдон фыднозт кодтой, ӕхцайыл хъазыдысты ӕмӕ мысайнӕгты тӕбӕгъӕй ӕхца давтой, Дэниелӕн та дзырдтой, тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕд зындоны арты кӕй судздзӕн.

Джеффрийӕн йӕ куыст бирӕ азты дӕргъы баст уыд маркетингимӕ ӕмӕ уӕй кӕнынимӕ. Куыста, Великобританийы ӕмӕ Иугонд Штатты наутӕ кӕмӕ ис, иу ахӕм ӕхсӕнадӕмон фирмӕйы хицӕуттимӕ. Бирӕ хӕттыты-иу уыди афтӕ, ӕмӕ-иу клиенттӕ ӕмӕ ӕндӕр фирмӕты хицӕуттӕ хицауады кусджытӕн гӕртам бафыстой, семӕ-иу сӕ истӕуыл баныхас кӕнын куы хъуыди, уӕд. Контракт скӕныны тыххӕй цӕуылфӕнды дӕр разы уыдысты.

Хъыгагӕн, ахӕм хабӕрттӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты. Цӕстмӕхъус митӕ, кӕнӕ хин митӕ, абон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ тынг арӕх сты алы ран дӕр – политикӕйы, дины ӕмӕ коммерцийы. Дзырд «цӕстмӕхъус»-ӕй цы грекъаг дзырд тӕлмац кӕнынц, уый амоны оратормӕ кӕнӕ-иу йӕ маскӕтӕ арӕх чи ивта, ахӕм театры артистмӕ. Фӕстӕдӕр афтӕ хонын райдыдтой, искӕй асайыны тыххӕй кӕнӕ, цӕмӕй йӕ хиуарзон фӕндтӕ йӕ къухы бафтой, уый тыххӕй дыдзӕсгом митӕ чи фӕкӕны, ахӕм адӕймаджы.

Искӕй цӕстмӕхъус митӕй чи басудзы, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ смӕсты уой, сӕ зӕрдӕ фӕрисса. Ахӕм адӕймаг фырмӕстӕй, чи зоны, ныккӕрза: «Цымӕ адӕмы цӕстмӕхъус митӕн искуы кӕрон уыдзӕн?» Хуыцауы Ныхас нын ныфс ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг тагъд кӕй ралӕудзӕн.

ХУЫЦАУ ӔМӔ ЙӔ ФЫРТ ЦӔСТМӔХЪУС МИТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫНЦ?

Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йе ’цӕг цӕсгом фыццаг чи бамбӕхста, уый адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ ӕнӕуынгӕ уӕларвон удгоймаг. Адӕм райдианы зӕххыл куы фӕзындысты, уӕд Сайтан Хӕйрӕг калмӕй маскӕйау спайда кодта ӕмӕ йӕхи хӕрзгӕнӕджы хуызы равдыста, цӕмӕй фыццаг сылгоймаджы, Евӕйы, фӕсайдтаид (Райдиан 3:1–5). Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕй дӕр бирӕтӕ, цы не сты, сӕхи ахӕмӕй февдисынц, цӕмӕй иннӕты сайой ӕмӕ-иу сӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕ къухы бафтой.

Рагон Израилы адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой ӕмӕ Хуыцауы раз цӕстмӕ митӕ куы кодтой, уӕд сӕ Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, уый сӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уымӕй. Пехуымпар Исай сын фехъусын кодта йӕ ныхӕстӕ: «Ацы адӕм мӕм ӕрмӕст дзыхӕй хӕстӕг кӕнынц ӕмӕ мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой» (Исай 29:13). Израилы адӕм се ’взӕр митӕ кӕй нӕ уагътой, уый тыххӕй Хуыцау бауагъта, цӕмӕй сын сӕ сӕйраг кувӕн бынат – Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон – ныппырх кодтаиккой. Фыццаг хатт ӕй ныппырх кодтой вавилойнӕгтӕ н. э. размӕ 607 азы, ӕмӕ фӕстагмӕ та – Ромы ӕфсад н. э. 70 азы. Бӕрӕг у, Хуыцау цӕстмӕхъус митӕн ӕнустӕм кӕй нӕ быхсдзӕн.

Фӕлӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти тынг аргъ кӕнынц, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн. Зӕгъӕм, Чырысти зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд иу бон Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый» (Иоанны 1:47). Нафанаил, хуыдтой ма йӕ Варфоломей дӕр, сси Йесойы 12 апостолӕй иу (Лукайы 6:13–16).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Цӕстмӕхъус митӕ сӕм хъуамӕ ма уыдаид. Фӕдзӕхста сӕ, цӕмӕй уыцы къӕппӕгӕй сӕхи хызтаиккой. Йесо уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕн карзӕй уайдзӕф кодта сӕ цӕстмӕхъус миты тыххӕй. Цӕй ӕмӕ уыцы митӕй иуӕй-иутыл аныхас кӕнӕм.

Адӕмы цӕсты сӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдыстой. Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн загъта: «Уӕхи адӕмы цӕстмӕ ма ӕвдисут, ӕз рӕстгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ... ...Афтӕ фӕкӕнынц цӕстмӕхъустӕ». Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй хорздзинад арӕзтаиккой, мачи-иу сӕ федтаид, афтӕмӕй. Кувгӕ хъуамӕ кодтаиккой хибар ран, иннӕтӕ сӕ куыннӕ уыдтаиккой, афтӕ. Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кодтаиккой, уӕд сын сӕ лӕггадӕй райгонд уыдаид (Матфейы 6:1–6).

Дӕсны уыдысты фаутӕ ӕвӕрынмӕ. Йесо загъта: «Цӕстмӕхъус! Раздӕр уал дӕхи цӕстӕй хъӕд раппар, ӕмӕ уӕд, де ’фсымӕры цӕстӕй хъӕмпыхал куыд райсай, уый дӕр фендзынӕ» (Матфейы 7:5). Иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй чи фӕдзуры, ӕмӕ йӕхӕдӕг та ноджы стырдӕр рӕдыдтытӕ чи фӕаразы, уый у цӕстмӕхъус адӕймаг, ома йӕхи, цы нӕу, ахӕмӕй ӕвдисы. Ӕцӕгдӕр та адӕм «се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын» (Ромӕгтӕм 3:23).

Сӕ зӕрдӕтӕ йедзаг уыдысты фыдвӕндтӕй. Иухатт фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди, уыдон Йесойы бафарстой хъалон фидыны тыххӕй. Уыдон сӕ ныхас райдыдтой хинӕйдзаг ныхӕстӕй: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды сайгӕ нӕ кӕныс ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг раст амоныс». Стӕй йӕ къахӕджы фарст бакодтой: «Паддзахӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» Йесо сын дзуапп радта: «Цы мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ?» Хуыцауы Фырт сӕ цӕстмӕхъустӕ уымӕн схуыдта, ӕмӕ сӕ сӕ фарстайӕн дзуапп базонын нӕ фӕндыд, фӕлӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахстаиккой (Матфейы 22:15–22).

Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис, «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ ӕнӕхин уырнындзинадӕй чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад» (1 ТИМОФЕЙМӔ 1:5)

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд фыццаг бакастӕй дӕр бӕрӕг уыд, иууылдӕр ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕууӕнкджын кӕй уыдысты. Адӕймаг цӕстмӕхъус митӕ кӕнынмӕ ӕмхиц кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ тынг архайдтой, цӕмӕй уыцы миниуӕг сӕ удыхъӕдӕй ӕдбындзар стыдтаиккой. Зӕгъӕм, Петр, 12 апостолӕй иу, чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй, «рӕстдзинады коммӕ... кӕсой» ӕмӕ «ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзой» (1 Петры 1:22). Апостол Павел йе ’мкусджытӕн дзырдта, цӕмӕй сӕм уа, «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ ӕнӕхин уырнындзинадӕй чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад» (1 Тимофеймӕ 1:5).

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ТЫХ ИС, УЫЙ

Чырыстийы ӕмӕ йӕ апостолты ахуырӕдтӕ фыст сты Библийы, ӕмӕ сын фыццаг ӕнусы цы тых уыди, ахӕм тых сын ис абон дӕр. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзуттӕгтӕм 4:12). Бирӕтӕ сӕ цӕстмӕхъус митӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт цард кӕнын райдыдтой, Библи кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ сӕ цард йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй арӕзтой, уый фӕрцы. Уый бӕрӕг у, статьяйы райдианы цы ӕртӕ адӕймаджы ныхӕстӕ ’рхастам, уыдоны цард куыд аивта, уымӕй.

«Ам федтон, иууылдӕр кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл кӕй тыхсынц» (ПАНАЙОТӔ)

Панайотӕйы цард цӕхгӕр фӕивта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуыныл куы сразы ис, уӕд. Йӕхи дзы иннӕты цӕстмӕ афтӕ ничи ӕвдыста, ӕз рӕстгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ. Панайотӕ загъта: «Ам федтон, иууылдӕр кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл кӕй тыхсынц – политикӕйы хъуыддӕгты уал азы фӕархайдтон, фӕлӕ ахӕм хабар фыццаг хатт федтон».

Панайотӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста. Уый уыди 30 азы размӕ. Ӕмӕ мӕнӕ цы дзуры ныр: «Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый бамбӕрстон, партийы хъуыддӕгты тыххӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы зылдтӕн, уӕд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдтон, уӕд – уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый ӕрфидар кӕндзӕн зӕххыл рӕстдзинад».

«Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты сайгӕ кӕнын, цы нӕ уыдтӕн, уый ӕнхъӕл мӕ кӕй уыдысты, уымӕй» (ДЭНИЕЛ)

Дэниелӕн дӕр йӕ уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ йын ӕмбырды йӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ бакодтой. Цалдӕр азы фӕстӕ уынаффӕ хӕсгӕйӕ цыдӕр рӕдыд сарӕзта ӕмӕ йын йе ’фсарм ӕнцой нал лӕвӕрдта. Дэниел дзуры: «Аргъуаны сауджынтӕ цы цӕстмӕхъус митӕ кодтой, уыдон мӕ рох нӕ уыдысты, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, ӕмбырды мын цы кадджын хӕстӕ уыд, уыдонӕй мӕхи кӕй хъуамӕ ссӕрибар кӕнон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты сайгӕ кӕнын, цы нӕ уыдтӕн, уый ӕнхъӕл мӕ кӕй уыдысты, уымӕй».

Цасдӕры фӕстӕ Дэниел бамбӕрста, ныр Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у ӕмӕ та йӕ бон ногӕй кӕй у ӕмбырды кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Афтӕ ӕнӕзӕрдӕхудт сты, Хуыцауӕн ӕнӕ цӕстмӕ митӕй чи лӕггад кӕны, уыцы адӕм. Уыдон ахуыр кӕнынц, цӕмӕй уал сӕхи цӕстӕй «хъӕд раппарой», иннӕйы цӕстӕй «хъӕмпыхал куыд райсой», уымӕ нӕ кӕсынц, фӕлӕ.

«Сайын ӕмӕ хин митӕ кӕнын ныр мӕ бон нал у» (ДЖЕФФРИ)

Джеффри, раздӕры бизнесмен, загъта: «Библи цас фылдӕр ахуыр кодтон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, раздӕр-иу контракт скӕныны тыххӕй куыд сайдтон ӕмӕ-иу хин митӕ куыд кодтон, ныр афтӕ мӕ бон кӕнын кӕй нал у. Тынг мыл чи бандӕвта, уыцы стихтӕй иу у Ӕмбисӕндты 11:1 стих: „Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг у, сайгӕ чи кӕны, ахӕм уӕзбарӕн“». Йесойы хъалон фидыны тыххӕй чи фарста, уыдонӕй уӕлдай Джеффри сахуыр алцыдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй аразын, дзырд фӕнды ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл цӕуӕд, фӕнды – ӕнӕуырнджытыл.

Милуангай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр архайынц Библийӕ цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл. Уыдон сӕ тых, сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй «сӕ удыхъӕд ногмӕ раивой – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Ефесӕгтӕм 4:24). Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый базонай. Уыдон дын радзурдзысты, Хуыцау зӕрдӕ цы ног дунейӕ ӕвӕры, уый тыххӕй. Уыцы дунейы уыдзӕн рӕстдзинад ӕмӕ дзы цӕстмӕхъус митӕн бынат нал уыдзӕн (2 Петры 3:13).