Дӕс минӕйы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Ацы фӕсномыг ныхасы чи кӕмӕ амоны?
-
Хицау амоны Йесомӕ
-
Цагъартӕ амонынц Йесойы сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕм
-
Хицау цагъартӕн сӕ бар цы ’хца бакодта, уый амоны ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ
Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесо сӕрст чырыстӕтты фӕдзӕхсы, ӕвзӕр цагъары хуызӕн куы суой, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уымӕй. Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ ӕмӕ сӕм цы ис, уый ма ’вгъау кӕной.
Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы мӕ бон куыд у иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты фӕзмын?