НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йесо де ’фсымӕры тыххӕй дӕр амард
Йесо йӕ цард нывондӕн радта ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй (Ро 5:8). Алчидӕр нӕ тынг аргъ кӕны, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уарзондзинад кӕй равдыста, уымӕн. Фӕлӕ нӕ хатт фӕхъӕуы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йесо не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр кӕй амард. Нӕ бон куыд у, мах хуызӕн ӕнӕххӕст чи у, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты Чырыстийау уарзын? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, нӕ бон у ӕмбӕлттӕ скӕнын, махӕй чи хицӕн кӕны, уыдонӕй (Ро 15:7; 2Кр 6:12, 13). Дыккаг, лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй, иннӕтӕн хъыг цы уа, ахӕмӕй мацы зӕгъӕм кӕнӕ мацы саразӕм (Ро 14:13–15). Ӕртыккаг, исчи нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд ын уайтагъд ныххатыр кӕнӕм (Лк 17:3, 4; 23:34). Ацы хъуыддӕгты Чырыстийы зӕрдиагӕй куы фӕзмӕм, уӕд Йегъовӕ ӕмбырдӕн дарддӕр дӕр арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дзы уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад.
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ УДЫХЪӔДЫ РӔЗЫН КӔН РӔСУГЪД МИНИУДЖЫТӔ!» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Мики йе ’мбырды тыххӕй фыццаг цы хъуыды кодта?
-
Йӕ хъуыды цӕмӕн фӕивта?
-
Чырыстийы цӕвиттон Микийӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид? (Мч 14:38).
-
Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕм раст цӕстӕй кӕсӕм?