НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕрыгӕттӕ, хорз хъуыддӕгтыл уӕ уд хъарут!
Апостол Павел йӕ фыстӕджы Титмӕ ныффыста, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ, уыимӕ Тит йӕхӕдӕг дӕр, ӕппӕт тыхтӕй архайдтаиккой ӕмӕ алкӕддӕр сӕ хорз хъуыддӕгтӕй фӕзминаг уыдаиккой (Тит 2:6, 7). Уыцы сӕры ӕндӕр стихы Павел загъта, Йесо Йегъовӕйы адӕмы кӕй ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтыл сӕ уд хъардтаиккой (Тит 2:14). Уыцы хорз хъуыддӕгтӕй иу у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд дӕ бон нӕ уаид пионерӕй кӕнӕ ’ххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? (Ӕм 20:29).
Кӕд дӕ пионерӕй лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта (Лк 14:28–30). Ахъуыды кӕн: ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕхи цӕмӕй дардзынӕ? Дӕ бон уыдзӕн, цас хъӕуы, уыйбӕрц сахӕттӕ хъусын кӕнын? Йегъовӕйӕ ’ххуыс кур (Пс 37:5). Дӕ фӕнды тыххӕй дӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ фӕлтӕрдджын пионертимӕ аныхас кӕн. Уый фӕстӕ архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн!
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРЫГӔТТӔ КАДДЖЫН КӔНЫНЦ ЙЕГЪОВӔЙЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ сӕрты ахызтаиккой?
-
Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдайой?
-
Хъусын кӕнынӕн график саразын ахсджиаг цӕмӕн у?
-
Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон куыд у пионерты фидар кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын?
-
Пионертӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?