Библи ахуыр кӕнынц (Чехийы Республикӕ)

КУСӔН ТЕТРАД Апрель 2018

Куыд ис аныхас кӕнӕн

Куыд ис аныхас кӕнӕн Библийыл ӕмӕ, цард цӕй фӕрцы фӕхуыздӕр уыдзӕн, ууыл?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Куадзӕн ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр иухуызон цӕмӕй сты ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц

Кӕд Куадзӕн Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ амыдта, уӕддӕр, Куадзӕн куыд бӕрӕг кодтой, уымӕй нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Цӕмӕн, кӕм ӕмӕ куыд?

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ хауы, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ сын амонын. Нӕ нысан у нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ цӕрой ӕмӕ Йесойы фӕзмой.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, ацӕут ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ. Уымӕ цы хауы? Нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад рӕза?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»

Марчы 2:5–12 цы хабары тыххӕй ис фыст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ацы стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ низтӕн быхсӕм?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Рынчынты сабаты дзӕбӕх кӕнӕн уыд?

Дзуттаг дины разамонджытӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дардтой, уый Йесойӕн тынг хъыг цӕмӕн уыд? Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй базонӕм, Йесойау фӕлмӕнзӕрдӕ стӕм ӕви нӕ?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Йесойӕн йӕ бон у, чи нын амард, уыдоны райгас кӕнын

Мӕрдтӕ-иу кӕй райгас сты, уый тыххӕй Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд райгасдзинадыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цы кусӕнгӕрзтӕ дӕм ис, уыдонӕй арӕхстджынӕй пайда кӕн

Цӕмӕй иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ кусӕнгӕрзтӕй хорз пайда кӕнын сахуыр уӕм. Нӕ кусӕнгӕрзтӕй сӕйраг кӕцы у? Цы кусӕнгӕрзтӕ нӕм ис, уыдонӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын куыд сахуыр уыдзыстӕм?