Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цы кусӕнгӕрзтӕ дӕм ис, уыдонӕй арӕхстджынӕй пайда кӕн

Цы кусӕнгӕрзтӕ дӕм ис, уыдонӕй арӕхстджынӕй пайда кӕн

Адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын абарӕн ис хӕдзар аразынимӕ. Хорз аразджытау махӕй алкӕмӕдӕр ис йӕхи кусӕнгӕрзтӕ. Фӕлӕ нӕ сӕйраг кусӕнгарз у Библи, ӕмӕ дзы хъуамӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм (2Тм 2:15). Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕгмӕ ма ис алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ, зӕгъӕм, пълӕнттӕ, хицӕн статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕ. Дӕумӕ дӕр ис дӕхи кусӕнгӕрзтӕ? Арӕхстджынӕй сӕ пайда кӕныс? *

Дӕ бон куыд у дӕ кусӕнгӕрзтӕй ноджы арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнын? 1) Дӕ уацамындон къорды цӕстдарӕгӕй ӕххуыс ракур, 2) фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕгимӕ кӕнӕ пионеримӕ хъусын кӕн ӕмӕ 3) фӕлвар, фӕлвар, фӕлвар. Пълӕнттӕ, хицӕн статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын куы сахуыр уай, уӕд дын, абон цы «арӕзтады» архайӕм, уый стыр цины хос уыдзӕн.

  • Мӕнмӕ цавӕр кусӕнгӕрзтӕ ис ӕмӕ ма мӕ бон цавӕр кусӕнгӕрзтӕй у пайда кӕнын?

  • Цы кусӕнгӕрзтӕ мӕм ис, уыдонӕй алкӕцыйӕ дӕр мӕ бон куыд у цавӕрдӕр бӕлвырд уавӕрты спайда кӕнын?

  • Уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнын?

^ 3 абз. Ӕмбаргӕдзинад дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу аскъуыддзаг кӕнай, бӕлвырд уавӕрты хъусын кӕнгӕйӕ кӕнӕ бӕлвырд адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ хуыздӕр кӕцы кусӕнгарзӕй уыдзӕн спайда кӕнӕн, уый.