НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, ацӕут ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ (Мф 28:19). Уымӕ хауы хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Ацы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ куыд кӕнын, уым мӕ бон цы у фӕхуыздӕр кӕнын?»
ХЪУСЫН КӔНЫН
Адӕм нӕм сӕхӕдӕг ӕрбацӕудзысты, уымӕ хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг «аккаг» адӕймӕгты агурӕм (Мф 10:11). Хъусын кӕнынмӕ куы вӕййӕм, уӕд-иу хъуамӕ архайӕм, «кӕуыл ӕмбӕлӕм», уыдонӕй алкӕимӕ дӕр аныхас кӕныныл (Хъд 17:17). Лидийӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг сси, апостол Павел зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы (Хъд 16:13–15).
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„ӔППЫНӔДЗУХ“ ХЪУСЫН КӔНУТ: ФАДАТ УЫН КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД ӔМӔ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Сэмюэл алы бон дӕр куыд архайдта рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауыныл?
-
Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт мадзӕлттӕй дӕр цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм?
-
Алы боны хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ-иу дӕ бон кӕимӕ уаид хорз хабары тыххӕй аныхас кӕнын?
АХУЫР КӔНЫН
Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕрмӕст уый фаг нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн бакӕсынӕн исты раттай. Цӕмӕй сӕ уырнындзинад рӕза, уый тыххӕй-иу сӕ хъуамӕ бӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнӕм (1Кр 3:6–9). Фӕлӕ, зӕгъӕм, кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕныс, ӕмӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый аразыс, фӕлӕ йӕ уырнындзинад нӕ рӕзы, уӕд та? (Мф 13:19–22). Хъуамӕ агурӕм, йӕ зӕрдӕ «хорз зӕххимӕ» абарӕн кӕмӕн ис, ахӕм адӕмы (Мф 13:23; Хъд 13:48).
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„ӔППЫНӔДЗУХ“ ХЪУСЫН КӔНУТ: АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны зӕрдӕты цы рӕстдзинады мыггӕгтӕ вӕййы, уыдоныл дон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
-
Кӕмфӕнды ма хъусын кӕнӕм, уӕддӕр цӕмӕ хъуамӕ тырнӕм?
-
Нӕ бон куыд у иннӕты ахуыр кӕнынмӕ фылдӕр ӕргом здахын?