Хуыцау алкӕмӕн дӕр суыдзӕн «йӕ иунӕг Хицау»
Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн. Иннӕтӕн нӕ ныфсы тыххӕй зӕрдиагӕй куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕуырны, ахӕм цард кӕй скӕндзӕн. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй-иу сӕ цӕстытыл ауайын кодтаиккой, Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон Хуыцау алкӕмӕн дӕр «йӕ иунӕг Хицау» куы суа, уыцы рӕстӕг.
Тынгдӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс ӕмӕ цӕмӕн?
Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?