Йегъовӕ у иузӕрдион
Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кӕна. Фӕлӕ нын арӕхдӕр бацамоны, цы бакӕнӕн ис, цӕмӕй-иу нӕ фӕлварӕн сфӕразӕм.
-
Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы, йӕ сыгъдӕг тыхы ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы фӕрцы ныфс бауадзы ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны (Мф 24:45; Ин 14:16, фип.; Ро 15:4).
-
Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты разамынд дӕтты. Фӕлварӕнты рӕстӕг нын сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕрлӕууын кӕны, цӕмӕй-иу раст уынаффӕ рахӕссӕм (Ин 14:26).
-
Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны зӕдты уылты (Дзт 1:14).
-
Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты (Кл 4:11).