Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕхи куыд цӕттӕ кӕндзынӕ?

Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕхи куыд цӕттӕ кӕндзынӕ?

Ацы азӕй фӕстӕмӕ нын уыдзӕн фылдӕр рӕстӕг, цӕмӕй нӕхи Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Кӕд Ӕрымысӕн изӕр кусгӕ бонтӕм ӕрхауа, уӕд фембӕлд «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» уыцы къуыри нӕ уыдзӕн. Кӕд Ӕрымысӕн изӕр улӕфты бонтӕм ӕрхауа, уӕд та раныхас ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр нӕ уыдзӕн. Цы рӕстӕг ссӕрибар уыдзӕн, уымӕй хуыздӕр куыд уаид спайда кӕнӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр куыд ӕмбӕлы, афтӕ ацӕуа, уый тыххӕй хъӕуы алцыдӕр бӕстон бацӕттӕ кӕнын, фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ (Лк 22:7–13; km 3/15 1). Алчидӕр нӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕна. Уый куыд ис саразӕн?

  • Ахъуыды кӕн, куыд ахсджиаг у Ӕрымысӕн изӕрмӕ ’рбацӕуын (1Кр 11:23–26).

  • Ахъуыды кӕн, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Куывды мидӕг ууыл аныхас кӕн Йегъовӕимӕ (1Кр 11:27–29; 2Кр 13:5).

  • Бакӕс, Ӕрымысӕн изӕры хабӕрттӕ нын чи ӕмбарын кӕны, уыцы стихтӕ ӕмӕ сыл ахъуыды кӕн (Ин 3:16; 15:13).

Иуӕй-иутӕ Библи фӕкӕсынц, брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас» цы график ис, уымӕ гӕсгӕ. Иннӕтӕ та фӕкӕсынц, ацы ӕмӕ иннӕ фарсыл таблицӕйы цы стихтӕ ис, уыдон. Чидӕртӕ та ногӕй бакӕсынц, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй цы статьятӕ ис, уыдон. Цавӕрфӕнды мадзал ма равзарай, сӕйрагдӕр у, цӕмӕй уыцы ахуыры фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ ӕввахсдӕр суӕм.