Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Нӕ зарджытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм

Нӕ зарджытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм

Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстоны куы уыдысты, уӕд Йегъовӕйы зарджытӕй кадджын кодтой (Хъд 16:25). Зарджытӕ сын баххуыс кодтой, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаиккой. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Ӕмбырдты Хуыцауы кӕй фӕрцы фӕкадджын кӕнӕм, уыцы зарджытӕ ӕмӕ нӕ телеуынынады цы зарджытӕ ис, уыдон нӕ фидар кӕнынц, цӕмӕй фӕлварӕнты рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайӕм (Пс 28:7). Разамонӕг совет нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ зарджытӕй цалдӕр уӕддӕр сахуыр кӕнӕм. Никуы афӕлвӕрдтай? Нӕ бон у нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг зарджытӕ зарын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын.

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «СЫВӔЛЛӔТТӔ ЗАРДЖЫТӔЙ КАДДЖЫН КӔНЫНЦ ЙЕГЪОВӔЙЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Паддзахады зарджытӕ кӕй фӕзарӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?

  • Аудио- ӕмӕ видеозаписьты хайад зарджытӕ фыссыны размӕ цы фӕаразы?

  • Сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ зарджытӕ фыссынмӕ сӕхи куыд фӕцӕттӕ кӕнынц?

  • Паддзахады зарджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы ӕмӕ цӕмӕн?