Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 7–9

Банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны

Банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны

7:9, 14–17

Йегъовӕ тынг бирӕ адӕмӕн цӕмӕн арфӕ кӕны?

  • Уыдон лӕууынц Йегъовӕйы «паддзахбадӕны... раз», ома ӕппӕт зӕрдӕйӕ сты Йегъовӕйы хицаудзинады фарс.

  • Сӕ уӕлӕ ис «урс дарӕстӕ», ома Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл нымайы ӕмӕ йӕ цӕсты сты сыгъдӕг.

  • «Ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц», ома Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕдзухдӕр ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй.

Цы хъуамӕ аразон, цӕмӕй тынг бирӕ адӕмы ’хсӕн уон?