«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»
Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, ӕппӕт дӕр ног кӕй сараздзӕн, уымӕй.
-
«Ног арв»: ӕппӕты райдианы Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ зӕххыл цы цард хъуамӕ уыдаид, ахӕм цард чи сараздзӕн, уыцы ног хицауад.
-
«Ног зӕхх»: Хуыцауы хицаудзинады фарс чи уыдзӕн ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕрдзӕн, ахӕм адӕм.
-
«Ӕппӕт дӕр у ног»: адӕм никуы ницӕмӕйуал схъӕрздзысты ӕмӕ сӕ ницыуал тыхсын кӕндзӕн; алы бон дӕр цинӕфсӕст уыдзысты, ӕмӕ сыл ӕвзӕрӕй цы ’рцыд, уыдӕттӕ сӕ зӕрдыл нал ӕрлӕудзысты.