НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Зӕхх «цӕугӕдон... аныхъуырдта»
Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ уыд, ӕмӕ-иу хицӕуттӕ Йегъовӕйы адӕмӕн баххуыс кодтой (Езд 6:1–12; Есф 8:10–13). Нӕ рӕстӕджы дӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ «залиаг калмӕй», ома Сайтан Хӕйрӕгӕй, цы «цӕугӕдон» рацӕуы, уый «зӕхх» аныхъуыры. «Зӕхх» амоны, ацы дунейы бартӕ кӕй къухы сты, уыдоны ’хсӕн ӕмбаргӕдӕр чи у, уыдонмӕ. «Цӕугӕдон» та амоны, нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕ (Рар 12:16). Йегъовӕ у, «чи нӕ ирвӕзын кӕны, уыцы Хуыцау», ӕмӕ хатт зӕххон хицӕутты ахӕм зондыл саразы, цӕмӕй-иу ын йӕ адӕмӕн баххуыс кӕной (Пс 68:20; Ӕм 21:1).
Кӕд дӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны бадыс кӕнӕ дын уырдӕм бахауынӕй тӕссаг у, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын дӕ уавӕр кӕй уыны (Рд 39:21–23; Пс 105:17–20). Дӕ зӕрдыл дар, фидар уырнындзинад дын кӕй ис, уый тыххӕй арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзынӕ, стӕй дӕ иузӕрдиондзинад ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауы (Фп 1:12–14; Рар 2:10).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «КОРЕЙЫ ӔФСЫМӔРТЫ АХӔСТОНӔЙ ССӔРИБАР КОДТОЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Бирӕ азты дӕргъы Хуссар Корейы мингай ӕфсымӕртӕ ахӕстӕтты цӕй тыххӕй бадтысты?
-
Тӕрхондоны цавӕр уынаффӕтӕ хаст ӕрцыд ӕмӕ уый куыд фӕахъаз, цӕмӕй ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты афонӕй раздӕр рауагътаиккой?
-
Алыхуызон бӕстӕты сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстӕтты чи бады, уыцы ’фсымӕртӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?
-
Ныртӕккӕ нын цы сӕрибардзинад ис, уымӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын?
-
Тӕрхондӕтты алы хатт дӕр кӕй фӕрцы рамбулӕм?